Ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ. Фыддуджы райдиан. Цытæ цыдис нæ цæстыты раз, цæмæн уыдыстæм æвдисæн, уыдонмæ азты сæрты акæсгæйæ адæймаг æнæбадисгæнгæ нæ фæвӕййы, куыд сфæрæзтам уыйбæрц зынтæ. Уыдон та æрмæст знаджы ‘рдыгæй не ‘взæрстам. Хæст, уæззау дуг æвæткдзинад хæссы йемæ, закъон бирæбæрцæй нал фæкусы æмæ уæд сæ сæртæ сдарынц, сæхи «за-къæттæ» чи æвæрынц, ахæмтæ, цы сæ фæнды, уый фæаразынц, аразын æй кæнынц æндæртæн дæр. Уымæн æвдисæн мæнæ ацы хабæрттæ дæр.

АБОН ДÆР МА ÆНХЪÆЛМÆ КÆСЫНЦ

Мытъыл хорз, хъæлдзæг зæрдæйы равгимæ цыдис йæ æввахс хиуоны цины фынгмæ. Йæ чызджы чындзы æрвыста… Кафæг, зарæг лæппуйæн йæ цæстытыл уад, фынджы фарс-мæ йæ æввахс хиуæтты, зонгæты фарсмæ куыд баддзæн, куыд кувдзæн, йæ амонд чи ссардта, уымӕн.

Уæдæ ма йæ йæ нæргæ хъæлæс дæр æндæр цæмæн хъæуы! Хом æйчытæ дæр цалдæр уымæн нæ ныххуыпп ласта! Цæмæй йæ куывд, йӕ зард, йæ хъæлæс дардыл хъуысой, адæм æм æрыхъусой. Цæмæй хъазты фенын кæна йæ арæхстдзинад. Стыр сценæмæ нæ баи-вæрзт, фæлæ, цин дын фенон, ахæм цины хъуыддӕгтӕ адæмы йæхимæ куыд æркæсын кæны!

Æмæ дын мæнæ, гъе… Чындзæхсæвмæ цæугæйæ, уынджы йæ фарсмæ иу рог машинæ цæхгæр фæурæдта. Шофыры фарсмæ чи бадт, уый йе стыр хъуынджын сæр радардта, йæ æнæдаст цæсгомыл дзых фегом æмæ йæм радзырдта:

– Æфсымæр, сбад æмæ дæ бадавæм, кæдæм цæуыс, уырдæм.

– Нæ, бузныг, бирæ цæуын мæ нал хъæуы, къахæй бауайдзынæн, – бакодта лӕппу.

– Сбад цæй, æфсымæр, æмæ дæ феввахс кæнæм.

«Æфсымæр» уæд алкæйы дæр хуыдтой фæсивæд, æгæрыстæмæй кæрæдзимæ хорз цæстæй чи нæ кастысты, уыдон дæр. Фæлæ адон… «Цы мыл ныиттæг сты, цæмæн сæ фæнды мæнæн «алæггад» кæнын? Чизоны мæ зонынц æмæ сæ, æцæгæйдæр, алæггад кæнын фæнды? Фæлæ уæдта сӕ хъуыдыйы æндæр исты ис? Рæстæг æвзæр у… «Æмæ та сын «нæ» загъта.

– Дæ хорзæхæй, ирон нæ дæ, фæнды нæ феввахсдæр дæ кæнæм…

 «Цы уа уый уæт, – аскъуыддзаг кодта Мытъыл æмæ фæстаг гом дуарыл бабырыд машинæйы.

– Афтæ, гъе! – бакодта, кæй фæрсмæ бабадт, уыцы косасæр.

– Дард нæ цæуын, мæнæ ацы уынджы фалæ-мæ куы фæзилай, уæд уым цалдæр хæдзары дæлдæр, – афӕдзӕхста ма сӕ Мытъыл.

Машинæ лидзы уынджы кæронмæ æмæ Мытъыл кæдæм цæуы, уырдæм нæ, фæлæ иннæрдæм ныззылд, цæлхытæ фæдисы хъыр-рыст ныккодтой.

– Бауромут мын, æз иннæрдæм цæуын!

– Мах та ацырдæм цæуæм æмæ ды дæр хъуамæ немæ рацæуай, – бардзырды хуызы загъта хъуынджын лæг.

– Бауром мын шофыр, æз дæлæрдæм цæуын, чындзæхсæвмæ, мæ хион чындзы цӕуы, уым хъуамæ уон… – стыхст Мытъыл.

– Ницы кæны, мах дæр дæ хуым кæнынмæ нæ кæнæм, – æдыхстæй дзуры уыцы лæг. Шофыр ницы дзуры, йӕ ныхасыл дыууӕ нӕ зӕгъы.

Машинӕ ма горӕты уынгты цалдӕр зылды фӕкодта ӕмӕ йӕ иу хӕдзары размӕ бами-дӕг кодтой.

– Рахиз мидӕмӕ ӕмӕ фӕйнӕ баназӕм, – загъта хъуынджын лӕг ӕмӕ йын хӕдзармӕ ацамыдта.

Шофыр та машинæйы багажникæй арахъ-хъыты асыкк сласта æмæ йæ фæхæссы мидæмæ.

Хæдзарӕн йӕхимӕ нæ бахызтысты. Кæр-ты, фæйнæджытыл æвæрд фынджы фарсмæ бадтысты æртæйæ.

– Мæнæ уын иу уазæг æрбакодтон. Абадын æй кæнут уæ фарсмæ. – Абадын æй кодтой. Мытъыл сыл йæ цæст ахаста. Никæйы дзы зо-ны. Æрфасртой йæ, чи дæ, цы дæ, зæгъгæ, – йæхи сын бацамыдта уый дӕр.

– Уæдæ ме ‘рвад дæ! Æрбад-ма мæ фарсмæ, – барджынæй загъта фынджы фарсмæ бадджы-тæй сæ иу – уæйгуытæконд лæг.

– Æз… æз чындзæхсæвмæ хъуамæ ацæуон, æнхъæлмæ мæм кæсынц, уæ хорзæхæй, куы нæ ауадзиккат.

– Æрбад ма, чындзæхсæвмæ дæр ацæу-дзынæ. Мæнæ уал фæйнæ аназæм, – бакодта та уыцы лæг æмæ йын йæ фарсмæ бандонмæ ацамыдта.

Мытъыл æвæндонæй æрбадт. Кæсы фынг-мæ. Цыхты цалдæр лыггаджы, цæхджын джит-ритæ æмæ дзулæй дарддæр дзы йæ цæст хæринагæй ницæуыл схæцыд. Рæгъ чи кодта, уый фарсмæ зæххыл – арахъхъы афтид æвг-тæ. Уайтагъд сæ нæ анымадтаис – бирæ уыдысты. Уыдон уыдысты сæ «куысты фæсти-уæг» æмæ ма Мытъылимæ цы арахъхъы æвгтæ æрбаластой, уыдон дæр афтидæй сæ фарсмæ сæ бынат кæй ссардзысты, ууыл чи хъуамæ фæдызæрдыг уа!

Мытъылыл нозтджын лæппутæ «ацин» код-той. Фыццаг агуывзæ уал-йе ‘рбауайæггаг. Йæ фæзындмæ цы куывдтытæ акодтой, уыдоныл дæр сразы уæвын хъуыд. Уымæн анызта дык-каг агуывзæ. Æртыккаг агуывзæ та фæстаг хатт цы куывд акодтой, уый тыххæй…

– Зоныс, цæмæн дæ æрбакодтон нæ бадтмæ, – дзуры Мытъылмæ, чи йæ сбадын кодта машинæйы, уый. – Уымæн æмæ æз зонын дæу, ды дæр зыдтай мæн, фæлæ мæ ферох кодтай. Иу рæстæджы ахуыр кодтам нæ университеты.

Бацамыдта Мытъылæн йæхи. Уый дæр æй æрхъуыды кодта, фæлæ йыл уæдæй фæстæ-мæ никуыуал сæмбæлд, стæй зачъетæ дæр рауагъта æмæ ацу, хæйрæг фест æмæ йæ ба-зон. Уыимæ ма йын фысымы фыд дæр зонгæ уыдис, ныр сæрæгас нал у.

Æхсызгон уыд Мытъылæн, бынтон æцæгæ-лон ранмæ кæй нæ бахауд, фæлæ йæ цæсты-тыл уад чындзæхсæвы фынг, æгæрыстæмæй йæ разы цы фынг уыдис, уымæ кæсгæйæ дæр. Æмæ та лæгъстæгæнгæ дзуры:

– Цæй æз ацæуон, чындзæхсæв чи кæны, уыдон мын æввахс хиуæттæ сты, лæггад мыл æмбæлы, афонмæ мæ агурынц…

– Цытæ дзурыс, цы! Кæдæй уæдмæ дыл нал фембæлдтæн æмæ фæйнæ ма баназæм! – цæхгæр «нæ» загъта йе ‘взонгады æмбал. – афтæ цæугæйæ дын нал у нæ, мæ хæлар.

Мытъыл хъуыды кӕны, куыд аивӕрза арды-гӕй, ууыл. Æмæ мæнæ æрбалæууыд уыцы амондджын уысм.

– Нæ разы «закъускъæ» ницы ис æмæ афтæмæй нæ уазæджы фынджы фарсмæ куыд бадын кæнæм. Æз – ныртæккæ! – Сыстад йæ бынатæй æмæ цух-мухтæгæнгæ уынджы, йæ машинæйы ‘рдæм араст.

– Мауал ацу!..

– Цæй, уый дæр нæхи лæппу… – дзырдтой йæ фæстæ.

Уый уæддæр йæхион акодта…

Мытъыл уавæрæн уадид саргъ кодта. Хорз фадат ын фæзынд ардыгæй алидзынæн æмæ фысыммæ  бадзырдта:

– Кæд гæнæн ис… хи хъуыдыйы мæ фæн-ды…

– Табуафси, – йæ къух ын чи сарæзта, ахæм дзуапп райста Мытъыл.

Уый сыстад араст къахӕвæрæны ‘рдæм, арст йæ иувæрсты каудуары ‘рдæм æмæ феттæдуар. Уынджы фæкæс-фæкæсгæнгæ иучысыл ауад, стæй æввахсдæр фæзилæны, кæд æй уыцырдæм цæуын нæ хъуыд, уæддæр дзы баныгъуылд.

Мытъыл сæрибарæй сулæфыд æмæ рог тындзыдта чындзæхсæвмæ. Фæлæ уæддæр нырма йе уонджы мигъ бадт – макуы та йыл ам-бæла, цы машинæ йæ бамидæг кодта æцæ-гæлон хæдзары, уый.

ДАУЫТ – ФИДАУЫНГÆНÆГ

Чи нæ зыдта Гæбæраты Дауыты! Æнæ фæ-худгæ йæм чи лæууыди! Номдзыд артист уы-дис. Иу ахæмы дзы истон интервью. Мæ фарст, «зын у зындгонд уæвын?»-æн мын дзуапп радта, кæй дзы ис хорздзинæдтæ æмæ æв-зæрдзинæдтæ дæр. Æмæ мын иу ахæм хабар радзырдта.

«Иу бон дын театрæй рацыдтæн æмæ мæ фæндаг мæ хæдзары ‘рдæм скодтон. Иучысыл куы ауадтæн, уæд кæсын æмæ «Виллис» машинæ мæ акомкоммæ фæурæдта. Шофыры фарсмæ æфсæддон дарæсы цы лæг бадтис, уый дуар фегом кодта æмæ мæм æрбадзырд-та, сбад æмæ дæ феввахсдæр кæнæм, зæгъгæ. Æз ын не сразы дæн, зæгъын бузныг, къахæй ацæудзынæн, фæлæ машинæйы фæстаг дуар дæр куы фегом æмæ мæм уырдыгæй дæр куы радзырдтой, сбад, зæгъгæ, уæд сразы дæн æмæ бабадтæн, фæстейæ цы дыууæ лæппуйы бадтысты, уыдоны фарсмæ.

Машинæйы бадджытæ мæ афӕрстытæ кодтой, куыддæ дæн, цы хабæрттæ мæм ис, ме ‘нæниздзинад куыд у, стæй мæ æппæлынтæ систой. Чи йæ зоны, цас мæ феппæлыдысты, фæлæ уæдмæ æрхæццæ стæм мæ хæдзары цурмæ – фæндаг цыбыр уыд – æмæ шофырмæ бадзырдтон, цæмæй машинæ фæурома. Загъ-тон сын бузныг сæ лæггады тыххæй. Фæлæ цæй уромгæ æмæ цæй цыдæр!

– Æгæр раджы нæ дзурыс бузныг, Дауыт, ныккæс-ма æуым фæстæмæ, æндæра дзы дæ цæст ницæуыл схæца?

Æз ныккастæн бадæны æнцойгæнæны фæс-тæмæ æмæ дзы цалдæр целлофанæй пакеты суыдтон, сæ иуæй дзы лопъо гогыз зынд. Сæ фарсмæ – пластмассæй гарз.

– Уыцы гогызты хæрын нæ хъæуы? Сæны нуазын нæ хъæуы? – уыцы фарстатæ та мæм шофыр радта.

Æцæгæлон фынджы фарсмæ бадынмæ æмхиц нæ дæн, стæй мæнæй бирæ æвзонг-дæртæ уыдысты æмæ ме ‘нæразыдзинад цæхгæр загътон. Цæмæй сæхæдæг абадой æмæ мæн та мæ хæдзармæ фæхæццæ кæной.

– Цæй, Дауыт, ды дæр абад немæ. Дæхуызæн кувæг мах цырагъы рухсæй дæр никуы ссар-дзыстæм…

Куыд, цы, фæлæ цалынмæ мах хъуырдухæн кодтам, уæдмæ мæ хæдзар дард фæстейæ баззадис. Бамбал дæн æвæндонæй семæ, уæдæ æндæр цы акодтаин. Рахызтыстæм машинæйæ. Дыууæмæ дзы уыд автоматтæ. Мæнмæ цæмæдæр гæсгæ афтæ фæкаст, цыма мæн, ацæргæ лæджы ахсынмæ уы-дысты, сæ хæс сæххæст кодтой æмæ ныр æрбаздæхтысты.

Фынджы фарсмæ бадджытæ 8-9 бæрц баис-ты. Мæн æрбадын кодтой кувæджы бынаты. Фынгыл гогызы фыдæй дарддæр – физонæг. Æндæр алыгъуызон хæринæгтæ. Адæм уæд цы мæгуыр, æххормаг цард кодтой, уымæ гæсгæ йæ банымайæн уыдис паддзахы фын-гыл. Кæм сын уыдысты, цæй охыл æвæрд æрцыд, уыдæттæм бæргæ бацымыдис кодтон, фæлæ сæ ацу æмæ бафæрс.

Кувæджы хæстæ райдыдтон æххæст кæнын, уæдæ цы. Райдианы мын мæ куывдтытæм хъуыстой, фæлæ цæл-минас йæ цыды хай куыд кодта, афтæ хъæлæба кæнын райдыдтой. Фæстагмæ фæкъордтæ-дихтæ сты æмæ алы къорд йæхи ныхас кодта. Иутæ дзы хъазæн ны-хас кодтой æмæ сæ тыхджын къæл-къæл хатæ-ны нæрыдис, æндæртæ быцæуыл схæцы-дысты æмæ сæ къухтæ тилгæ кæрæдзийæн бæлвырд кодтой сæ рæстдзинад.

Фынджы астæу кæрæдзийы ныхмæ чи бад-тысты, дыууæ ахæм лæппуйы сæ бынæттæй фæгæппытæ кодтой æмæ сæ уачъитæ кæрæ-дзимæ байвæзтой. Хъуыддаг цыд хылмæ. Куыд сæ æрсабыр кодтаин, уымæн ницы зыдтон, фæлæ мæ сæры февзæрыд дыууæ хылгæ-нæджы цæрæнбонæн иумæ ракувын. Æмæ сыстадтæн, райстон агуывзæ мæ къух-мæ. Тыххæйты æрсабыр кодтон цæлгæн-джыты. Райдыдтон кувын. Хорз ныхасæй цы-дæриддæр ис, уыдон дзырдта æвзаг. Æмæ куыд æнхъæлыс, æрсабыр сты хылгæн-джытæ. Хатыртæ дæр ма мæ ракуырдтой. Фæ-лæ, зæгъæм, не ‘рсабыр сты, уæд мæхæдæг дæр, чи йæ зоны, цахæм фыдбылызы ныххау-даин! Æмæ мын уый «бакуыстаид» мæ «зынд-гонддзинад».

Ахæм минасы бахауд  Дауыт.

Зындгонд актеры номимæ ма баст у, адæмыл чи айхъуыст, иу ахæм худæг хабар дæр, кæд ын худæг рахонæн ис, уæд. Хотыхджын абыр-джытæ ивддзагæй бацыдысты Дауыты хæ-дзармæ. Дауыт сæ куы ауыдта, уæд сæм дзуры, маргæ нæ, хæсгæ кæнут, зӕгъгӕ. Абырджытæ Дауыт – артисты куы ауыдтой, уæд «мах дæумæ нæ цыдыстæм», зæгъгæ, хатыркургӕ æрба-тары сты.

ДЫУУÆ ЦИНЫ

Ахæм æнгæс хабар ма æрцыд горæтгæрон Тулдзы къохы. Ардæм хæстæг хъæуы цæрæг йе стуртæ агурынмæ рацыд. Æваст йæ хъустыл ауад, чидæр æм кæй дзуры. Фæкаст æмæ Тулдзы къохы бæлæсты бын иу æхсæз – аст адæймаджы минас кæнынц сæхицæн, сæ хъæлдзæг хъæлæба хъуысы.

– Ацы лæг, æввахсдæр ма нæм рацу! – уый сæ иуы хъæлæс ауад йæ хъустыл.

– Дæумæ дзурæм, æрцу-ма ардæм! – ра-дзырдта йæм æндæр.

Дыккаг хонæджы хъæлæс нал уыд. Уый уыд бардзырд æмæ лæг исдуг цы акодтаид, уый нал зыдта. «Чи сты, тыхæй мæ цæмæн хонынц сæ бадтмæ?» Кæмдæр тасы æнкъарæнтæ дæр бакъуырæгау кодтой зæрдæмӕ.

– Рацу, рацу, æфсæрмы ма кæн, – райхъуыс-тысты та йæм минасгæнджытæй сæ иуы ны-хæстæ.

Лæг æвæндонæй йæ фæндаг азылдта æмæ сæм хæстæг бацыд, салам сын радта.

– Æрбад ма мæнæ нæ фарсмæ, – йæхи базмæлын кодта дӕлæрдыгæй бадæг æрыгон лæппу, кæд кæй бадын кодта, уый æрыгон нал уыдис, уæддæр.

– Цы бон æй уыд, æрбадт уый дæр сæ фарс-мæ. Къæбæр нæма айста, афтæмæй йын «йæ-хиуæттæ» адардтой фæд-фæдыл. Лæг бæргæ «нæ» – тæ кодта, фæлæ йæ ныхас кæмæ хъуыстис!

Минасгæнджытæ иу цалдæрæй дарддæр æфсæддон дарæсы уыдысты. Иуæн дзы йæ ав-томат йæ фарсмæ уыд зæххыл æппæрстæй. Фосагур нозтмæ æмхиц кæй нæ уыд æмæ сын лæгъзтæгæнæгау кæй дзырдта, цæмæй йæ ныууадзой, уый автоматы хицау не сфæрæзта æмæ йæм бартхъирæн кодта:

– Нуазгæ кæн, æндæра дыл автомат суа-дздзынæн!

– Лæг дæр æрныгъуылд, райдыдта кæсын сæ коммæ.

– Дæуæй дæр цæй хæлар ис, æгас фермæйы фосæй мын иу хъуг нæ фæхай кодтай, уый-иу лæппу бадзырдта, йæхи рагæй чи нал ныд-даста, ахæм лæппумæ.

– Фæлæуу-ма, уыцы фос æрмæст мæн уыдысты, уыдис ма сын æндæр хицæуттæ дæр…

Фосагурæг сын хъуыста сæ ныхæстæм æмæ сындзытыл бадæгау кодта, сæ цурæй куы аивæрзид, уый йæ тынг фæнды, фæлæ куыд? Æмæ та сфæлвæрдта:

– Куы мæ ауадзиккат. Мæ фос æдтейæ баззайдзысты…

– О, фæлæ… Мæ фос…

– Фос дæр хъуамæ сæ скъæт зоной…

Фæбадт фосагурæг кæронмæ, уæдæ цы. Баизæр. Фæхицæн сæ ис æмæ рог сулæфыд. Фæлæ йын æгæр адардтой. Цудтытæгæнгæ рахызт фæндагмæ, кæсы æмæ дæлæ йе стуртæ кæрæдзийы фæдыл салдæттау арæгъ сты, афтæмæй ссæуынц. Раст, цыма, сæ хи-цауы агурæг рараст сты, уыйау.

Афтæ лæгыл æрцыд иу рæстæджы дыууæ цины, йæ «лæггадгæнджытæй» дæр фервæзт æмæ йæ фосимæ кæрæдзийыл дæр сæмбæл-дысты.

БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.