Хуссар Ирыстоны рагондзинадыл дзурæг хабæрттæй

Хуссар Ирыстон ирон адæмы фыдæлты зæхх кæй у, Ирыстон тынг рагæй кæй хуыйны, ууыл чи нæ сæтты,  уыцы Гуырдзыстоны æлдариуæгады минæвæрттæй Скæсæн Гуырдзыстоны Уæрæсеимæ баиу кæныны ныхмæ чи уыд, уыдон 1810 азы бацархайдтой, уыцы баиудзинад бакъуылымпы кæнын æмæ хуссайраг ирæтты сæхирдæм раздахыныл. Уыцы фæнд сæ къухы бафтын кæныны нысанæн Леуахигоммæ барвыстой Иракли II фырты фырт Леоны, кæцы йæ царды кæронмæ уыд уыцы баиудзинады ныхмæ. Ацы цауы тыххæй Теймураз Багратиони куыд фыссы, уымæ гæсгæ «Леон Рацъыл ахызт Леуахигомы хæхтæм, цæмæй уым цæрæг ирæтты растын кæна уырыссæгты ныхмæ. Уым Леон æрæмбырд кодта ирæтты æмæ бацыд Цхинвалы цурмæ». Ацы факт цæуыл дзурæг хъуамæ уыдаид, уый ныртæккæ зын раиртасæн у, фæлæ афтæ кæй уыдаид, уый тыххæй ма ис æндæр историон гуырæнтæ дæр. Зæгъæм, уыцы цауты тыххæй Баграт Батонишвили та фыссы афтæ: «…уæд паддзахы  (Ираклийы) фырт Александр йæ хæрæфырт Леоны арвыста Ирыстонмæ, цæмæй уым ирæтты сыстын кæна уырыссæгты ныхмæ хæстмæ». Æмæ ма ноджы иу историон бæлвырдгæнæн: Давид Багратиони (1767-1817) та ацы хабары тыххæй зæгъы, Имереты паддзах Соломон «йæ хæрæфырт Леоны арвыста, ирæттæ кæм æрæмбырд сты, уырдæм – Ирыстонмæ».

 

Рыныбардуаджы куывд

Уыцы хабар раджы уыд. Ныртæккæ Джызæлы хъæу кæм ис, уыцы бынаты æмбисæхсæв Теджыхъæуы куывддзаутæ Хъæдгæронæй сæхимæ фæцæйцыдысты. Иу афон сæ сæрмæ арв бонау ныррухс, фæсивæдæй чидæр фæхъæр кодта, уæлæ зæд фæтæхы, зæгъгæ. Хæрдмæ куы скастысты, уæд федтой, зæд Джызæлдоны иннæ фарс хъæды рдæм куыд фæцæйтахт, уый. Нозтджын фæсивæдæй чидæр йæ хъримаг хæрдмæ фæцарæзта æмæ гæрах анæрыд. Зæд кæдæм тахт, уым æрбадт, фæлæ дыккаг бон Теджыхъæуæй кæуын æмæ æрдиаг хъуысын райдыдта. Сывæллæттыл цавæрдæр рын сыстад, сæ уæттæ нал исынц, цалдæр дзы мæлгæ дæр акодта. Адæм сæ хуыцауы цæф бамбæрстой. Гуццаты дзуары лæг сын загъта: «Рыны бардуаджы уæхимæ фæхъыг кодтат æмæ йæ разы уæхи сраст кæнут, науæд уæ хъуыддаг хорз нæ уыдзæн. Хъæусæфт фæуыдзыстут».

Бацамыдта сын, зæгъгæ, уæ хъом кæм хизынц, уырдæм ацæут æмæ уæ размæ цы гал рацæуа, уый нывондагæн аргæвдут. Хъæубæсты размæ рацыд диссаджы рæсугъд гал. Араст сæ разæй æмæ хъæуы астæу æрхуыссыд. Рынчын сывæллæттæ уайтагъд сæ хуыссæнуæттæй стын райдыдтой æмæ сæхи къахæй цыдысты галы цурмæ. Гал цы бон аргæвстой, уыцы бонæй рынæн йæ кой фесæфт, æмæ уæдæй фæстæмæ æрвылаз дæр уыцы бынаты скæнынц хъæугуывд, аргæвдынц, рагацау кæй снывонд кæнынц, ахæм гал æмæ сæхи Рыны бардуагæн бафæдзæхсынц.

 

 

Жорж Дюмезиль ирæтты тыххæй

«Аланты фæдонтæ стыр цардфæразондзинад равдисгæйæ бахъахъхъæдтой, йæ равзæрд æнцон бамбарын кæнæн кæмæн у, уыцы æвзаг. Уым ирдæй зынынц скифаг æвзаджы хийæдтæ… Уый фæрцы æмбæрстгонд у,  чидæриддæр индоевропæйаг фарстатæ иртæста, уыдонæн – лингвисттæ, историктæ, социологтæ, фольклористтæ æмæ æндæртæн  XIX æнусы фæудæй фæстæмæ ирæттæм  ахæм стыр цымыдисдзинад цæмæн уыд, уый».

***

«Растæндæр ирæттæм, æмæ, кæй зæгъынæй хъæуы, сæйраджы та сæ  рагфыдæлтæм ныбиноныг сты нарты эпос æмæ йæ хъайтартæ. Зонын æй, ацы зæгъинаг рæгъмæ куы рахæссон, уæд мæм кæй фæхъыг уыдзысты мæ черкесаг æмæ абхазаг хæлæрттæ, фæлæ рæстдзинад зынаргъдæр у хæлардзинадæй: нарты эпосæн  йæ бындур у – ирон. Сæхимæ йæ райстой иуæй-иу сыхаг адæмттæ дæр, бахастой йæм сæхирдыгон ивындзинæдтæ, цыдæртæ дзы аппæрстой, цæмæйдæрты йæ фæхъæздыгдæр кодтой, фæлæ  æрмæстдæр хæрзæгъдауон æууæлтæй…

Æрæджы уый тыххæй карз æфхæрд райстон Гадагатляйæ (адыгаг ахуыргонд). Фæлæ мæ хæлары æрхæсгæ цæвиттонтæ мæн не ркодтой мæ хъуыды аивынмæ».

 

Зарæгимæ баст æмбисæндтæ

*Зарæг хъырнæгæй фидауы

*Ирон зарæг æнæ хъырнæгæй бæгънæг у

*Æвзæр зарæгæн хуыздæр хъырнæг хъæуы

*Хъæрæй зарæг хъæрæй хъырнын нæ уарзы

*Рæйдæ, Уæрæйдæ æмæ Рирæ æфсымæртæ сты

*Хорз зарæгæн æгомыг дæр бахъырндзæн

*Фиййауы уадындз хизæнуаты фæндыр у

*Зарæг зæрдæйыл куынæ æмбæла, уæд æнæхъуаджы хъæр у

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

КУСАРТГÆНДЖЫТÆ

Иу сыхбæсты, æрмæстдæр цæттæввонг цæл-минас чи уарзта, уыцы лæгтæ сфæнд кодтой, хъæугуывд скæнæм, зæгъгæ. Гал афæлдæхтой, хъуамæ йæ аргæвдой, фæлæ… Знæт гал йæхи тоны, рæдувы, фæлæ йæ не ргæвдынц, ныхъус сты, афтæмæй галы тыххæй уромынц. Цæмæ ма кæсут, цæуылнæ йæ æрæгæвдут, зæгъгæ, афарста сæ иууыл зивæггæнагдæр.

– Кард нæм нæй, кард, – бахъуыр-хъуыр кодтой галæргæвдджытæ.

Лæг ацыд кард агурынмæ æмæ фесæфт, æргæвдджытæн сæ бон нал у знæт галы уромын.

– Цы фæдæ? – хъæр кæнынц, кардагурæг чи ацыд, уымæ.

– Мæнæ дæн, ссардон æй, уæлхæдзары уыд.

– Гъомæ йæ рахæсс, цы боны хорзмæ ма кæсыс? – хъæр æм кæнынц æргæвдджытæ.

– Уæд та йын йæхи уæлхæдзармæ схæссиккат… – æрæджиау сæм æрдзырдта кардагурæг.

 

ЦАЛ АЗДЗЫД УЫД…

Иу хъæуы зиан уыд. Марды кæртмæ рахастой æмæ йыл хъарджытæ кæнынц. Мæрддзыгой адæмæй иу лæг аивæй йæ фарсмæлæууæджы фæрсы:

– Цымæ цал аздзыд уыд?

– Йæ цыппарыссæдз азы йæхирдыгæй раджы фесты…

– Цавæр цыппарыссæдз азы у, æз дæ кусæрттагæй фæрсын, – сбуцтæ йыл кодта лæг.

 

Рагон къамтæ дзурынц:

Ацы къам систæуыд 100 азы размæ Лондоны конференцийы рæстæджы. Раззаг рæнхъы астæуæй лæууы Турчы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Къуындыхаты Бечырби (йæ туркаг ном Бекир Сами Кундух). Ацы къам сисынæй дыууæ азы фæстæдæр та Бечырби уыд Советон Цæдисы. Уыцы балцы рæстæджы йемæ æрхаста нæ фыццаг поэт Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ. Æмæ йæ фæрцы ирон адæм базыдтой, уæдыонг адæмон зарджытæ кæй æнхъæлдтой, уыцы уацмысты авторы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.