Тырсыйаг абырӕг ӕмӕ Урс барӕг

Раджы кæддæр Хуссар Ирыстоны кӕмттӕй сӕ иу – Тырсыгомы царди иу абырæг, йӕ ном – Лоло. Иу хатт дыууӕ йæхи хуызæн фыдгæнæгимæ бабадт Мнайы хохы цъитийы бын, кæд истӕуыл фæхæст уаиккам, зæгъгæ.

Ком уыдис сабыр. Мигътæ лæсыдысты хæхты ‘рдæм. Мна-хохы цъуппыл та урс мигъ къуыбылæйттæ кодта. Уыцы рæстæджы тæссаг къахвæндагыл йæ фыды фос донмæ фæцæйскъæрдта æвзонг рæсугъд чызг Хорæ.

Сау къæй айнæгыл лæууыди Сау барæг æмæ фыдгæнджытæн къухæй амыдта къахвӕндагмӕ.

Лоло фæлæбурдта чызгмæ æмæ йæ ацахста. Чызгимæ æруагъта йæхи уырдыгмæ коммæ, фæндагмæ. Хъуыди ма йæ хырыз миты хъæпæнты ауайын æмæ дзæбæх фæндагмæ æрхæццæ уыдаид.

Фæлæ æвиппайды Мна-хохы цъуппæй урс мигъы тъыфыл ратахт, æмæ Лоло хохы тæккæ цъуппыл ауыдта æнусон миты ‘хсæн урс дзаумайы урс барæджы – йæ цæсгом мæстæй фыхти. Лоло дзы уайтагъд Уастырджийы базыдта.

Сау айнæгæй Сау барæг æвиппайды расхъиудта æмæ æд бæх комы бын амидæг. Зæхх банкъуыст, тыхдымгӕ сыстад æмæ сау айнæг рафæлдæхт фыдгæнджытыл…

Ныссабыр ком, урс мигътæ райдыдтой Мнайы хохы цъуп¬пыл къуыбылæйттæ кæнын, ӕмӕ митзæйы уæлæ лæугæйæ аззади Хорæ.

 

Залиаг калм

Иу комы Залиаг калм æрбадт, йӕ дзыхӕй калгæ судзгæ цыренæй зынг фестад уæлдæф, æмæ адæм мардысты æнудæй. Асаст адæмæн сæ уæнджы тых, мардысты, нал фæрæзтой змæлын.

Уæд Залиаг калм рауагъта йæ хилæгты æмæ сӕхи ныццавтой адæмыл; байдыдтой цъирын адæмы хъарм туг. Алы хилæг дæр бон дыууæ æнгуырстуаны цъырдта, иу дзы нуæзта йæхæдæг, иннæ уагъта бæлæгъы; сæдæ ахæм бæлæгъæй уади туг уæрæхдæр бæлæгъмæ, уымæй та ноджы уæрæхдæрмæ.  Уыцы уӕрӕхдӕр бæлæгъ лӕууыди Залиаг калмы дуармӕ: версты бæрц уыдаид йæ дæргъ, сæдæ сардзины – йæ уæрх. Уымæ сæдæ бæлæгъы арæзт уыдис æмæ-иу йæ уæлбылтæм байдзаг алы бон дӕр. Сихорыл-иу Залиаг калм бæлæгъы йæ бырынкъ фӕцавта æмæ-иу байдыдта нуазын сырх туг – ницуал-иу аззади бæлæгъы.

Афтæмæй уадысты бонтæ, ивгъуыдтой афонтæ. Чи зоны, цас туг банызта Залиаг калм. Фæлæ иу бон хурныгуылæнæй тыхдымгӕ радымдта, ныннæрыд арв, ныккалдта ӕнахуыр тыхджын къӕвда. Залиаг калмы цырен арт  ахуыссыд,  æмæ бауазал уæлдæф. Адæм сулæфыдысты, ногæй та сæ бацыди тых æмæ байдыдтой змæлын.

Залиаг калм адӕмы мастисыны тасӕй йӕ лӕгӕты ризгӕ куы кодта, уæд адæм та дыууæ дихы фесты. Иутæ загътой: «Цом, амарæм, нæ туг нын чи нуӕзта, уый, цалынмӕ та цырен цӕхӕр калын нӕ райдыдта, уӕдмӕ». Уæд загътой иннæтæ: «Мауал дзы тæрсут, тæссаг нал у. Йемæ ма цы хæцæм? Фæлтау æй ныууадзæм йæхи бар, æмæ нæ ныууадздзæн уый дæр».

Афтæ кæрæдзимæ фæбыцæу сты адæм. Цалынмӕ уыдон быцӕу кодтой, уӕдмӕ дымгӕ мигъты фӕйнӕрдӕм фӕхаста, къӕвда йӕ уарынӕй банцад, хур ныккаст зӕххмӕ ӕмӕ Залиаг калм ноджы тынгдæр уагъта йæ цырен. Ногæй та бæстæ зынг фестади…

 

ÆНАХУЫР ЛÆДЗÆГ

Иу ӕлдар сфӕнд кодта, йӕхимӕ хӕстӕгдӕрыл кӕй нымадта, уыцы уӕздан адӕмы ӕрхъуыдыдзинад ӕмӕ арӕхстдзинадӕй бафӕлварын. Ӕрӕмбырд сӕ кодта кӕрты ӕмӕ сын сӕ разы иу ӕнахуыр лӕдзӕг ӕрӕвӕрдта.

– Ацы лӕдзӕг мӕм ӕгӕр даргъ кӕсы, фӕлӕ ахӕм ӕнахуыр хъӕды мыггагӕй у, ӕмӕ йын фӕцыбырдӕр кӕнӕн ницы амалӕй ис. Уӕ хорзӕхӕй, исты ма йын ӕрхъуыды кӕнут,-загъта ӕлдар.

Æлдары адӕм сӕ сӕртӕ фӕхостой, сӕхи амардтой хъуыды кӕнынӕй, фӕлӕ никӕй бон бацис ӕнахуыр лӕдзӕг фӕцыбырдӕр кӕнынӕн исты амал ссарын. Æлдар тынг смӕсты ӕмӕ йӕ адӕмӕн райдыдта фидистӕ кӕнын. Уӕд ӕлдармӕ йӕ ӕххуырстытӕй иу мӕгуыр лӕг бадзырдта:

– Дӕ бӕрзонддзинад, кӕд мын бар ратдзынӕ, уӕд ӕз зонын иу мадзал.

Æлдар йӕ сӕр разыйы тылд куы бакодта, уӕд мӕгуыр лӕг уынгӕй ӕрбахаста, кӕрты цы лӕдзӕг уыдис, уымӕй бирӕ даргъдӕр лӕдзӕг ӕмӕ йын ӕй йӕ фарсмӕ ӕрӕвӕрдта.

– Кӕсыс, мӕ буц ӕлдар, дӕ лӕдзӕг куыд фӕцыбырдӕр…

 

Зонды авналӕнтӕ

*Цӕхх хӕринагыл куыд фидауы, нӕлгоймаг та йӕ хъуыддӕгтӕй афтӕ фидауы.

*Фӕндаг даргъ уа ӕви цыбыр, уӕддӕр фыццаг санчъехӕй райдайы ӕмӕ фӕстаг санчъехӕй фӕвӕййы.

*Искӕй хъыгыл фӕриссынӕн адӕймаджы зӕрдӕ дӕр фаг у, фӕлӕ искӕй циныл бацин кӕнынӕн зӕды зӕрдӕ хъӕуы.

*Бӕлвырдӕй цы зоныс, уый тыххӕй бафӕрсын дӕр пайда у – чизоны, цы нӕма зыдтай, уый дӕр базонай.

*Адӕймаг цас къуымыхдӕр у, уый бӕрц йӕхи хъалдӕрӕй ӕвдисы, цӕмӕй дыууӕты ӕхсӕн уӕддӕр разына.

*Сӕн чи нуазы, уый йын йӕ зиан нӕ зоны, чи йӕ нӕ нуазы, уый та – йӕ пайда.

Рагон къамтӕ: Ацы къам ист ӕрцыд Ирыстоны, 1897 азы. Къам систа францаг бӕлццон Жозеф де Бай. Къамисӕг кафт схуыдта «Симд», фӕлӕ  ӕввахсдӕр лӕууы «Тымбыл кафт»-мӕ.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

«ХЪÆБАТЫР» УАЗÆГ

Иу лӕгӕн йӕ ном хуындис Хъӕбатыр. Иу рӕстӕджы сфӕнд кодта сыхаг хъӕуы йӕ рагон хӕлары абӕрӕг кӕнын. Йӕ хӕлар ыл зӕрдиагӕй бацин кодта, фынг ын ӕрӕвӕрын кодта. Фӕбадтысты суанг изӕрдалынгтӕм, стӕй Хъӕбатырӕн йӕ фысым афтӕ зӕгъы:

– Цӕй, мӕнӕн хатырӕй фод, мӕ буц уазӕг, ардыгӕй райсоммӕ дӕр бӕргӕ фӕбадиккам, фӕлӕ ахсӕв ӕхсӕвгӕс дӕн ӕмӕ мын куыстмӕ ӕнӕцӕугӕ нӕй.

Æмӕ лӕг атагъд кодта йӕ куыстмӕ. Æнхъӕлдта, йӕ уазӕг дӕр йӕ хӕдзар кӕй бацагурдзӕн, фӕлӕ райсом сӕхимӕ куы рбацыд, уӕд кӕсы ӕмӕ уазӕг кӕрты йӕхи ӕхсы хихсӕны раз.

– Ам ма дӕ, цы, Хъӕбатыр?

Фысымы чысыл лӕппу кӕрты йӕ хъазын фӕуагъта ӕмӕ йӕ фыдмӕ дзуры:

– Баба, уымӕй цӕй хъӕбатыр ис, дысон иунӕгӕй тарст ӕмӕ гыццийы цур схуыссыд…

 

КУАДЗÆНЫ ХÆЙТТÆ

Иу райсом Зондаби сихор хӕрыныл ӕрбадт. Йӕ аходӕнӕй йӕ зӕрдӕ барухс: фынгыл – лывзӕ, ног ахст цыхтӕй уӕлибыхтӕ… Цӕй, мӕ сыхагмӕ дӕр бадзурон, иунӕгӕй ахӕм дзадджын фынгыл бадын аив нӕу, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕ сыхаг Æррабимӕ фӕдзырдта. Æрраби ахӕм дзадджын фынг фенгӕйӕ бабуц ӕмӕ фырцинӕй йӕ къухтӕ хӕрдмӕ сдардта:

– О, мӕнӕ мын Хуыцау мӕ куадзӕны хӕйттӕ куыд рарвыста!

Фынгмӕ бавналынмӕ нӕ тагъд кӕны, Хуыцаумӕ бузныджы ныхӕстӕ ӕрвиты. Цалынмӕ Æрраби Хуыцауӕн арфӕтӕ кодта, уӕдмӕ Зондаби сихор  бакодта, стӕй йӕ фынг сӕфснайдта ӕмӕ Æррабийӕн афтӕ зӕгъы:

– Гъемӕ, хорз, уӕдӕ, хӕргӕ кӕн, цалынмӕ дӕ куадзӕны хӕйттӕ нӕ ныууазал сты, уӕдмӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.