Нузалы аргъуан æмæ фыццаг ирон нывгæнæг

Нузалы аргъуан ирон адæмы ‘хсæн зындгонд у, куыд Ос-Бæгъатыры ингæн, афтæ. Цæразоны сгуыхтдзинæдтæ стыр бынат бацахстой ирон адæмы царды. Фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, æнусты дæргъы бæстонæй никуы ничи раиртæста, ирон адæмæй фыццаг нывгæнæг чи уыд, уый. Ирон адæм фыццаг нывгæнæгыл нымайынц Хетæгкаты Къостайы, нывкæнынады бындурæвæрæгыл та – Тугъанты Махарбеджы. Æрмæст мах никуы дзырдтам ууыл, чи уыд фыццаг ирон нывгæнæг. Уый та уыд, Къоста æмæ Махарбегæй цалдæр æнусы раздæр чи цард, уый – Тлийы хъæуккаг Суанты Бола. Ос-Бæгъатыр Нузалы аргъуаны ныгæд кæй æрцыд, уый ивгъуыд æнусы цыппорæм азты сбæлвырд кодта зындгонд историк-этнограф Евгения Пчелина. Ос-Бæгъатыры Нузалы аргъуаны куы бавæрдтой, уæд хæстон фæтæджы ном сæнусон кæныны тыххæй Тлийы хъæуæй æрхуыдтой ныв-гæнæг Болайы, цæмæй аргъуаны къултыл сныв кодтаид сыгъдæг удты сурæттæ. Ацы нывгæнæджы тыххæй нæ баззад бæрæг-бæлвырд хабæрттæ. Фæлæ ис историон таурæгъ. Уыцы таурæгъмæ гæсгæ Зилахары цæрæг лæгæн уыд цыппар фырты: Цæллаг, Суан, Дауыр æмæ Малсæг.

Нузалы аргъуан æмæ фыццаг ирон нывгæнæг

Суан æртындæсæм  æнусы Зилахарæй алыгъд Тлимæ. Уыд диссаджы къухты хицау, æфсæйнагæй зæгъай, æрхуыйæ – уый къухæй цынæ рацыдаид, ахæм нæ уыд. Йæ æрмдæсныйадыл фæцайдагъ кодта йæ иунæг фырт Болайы дæр. Фæлæ Бола тырныдта ахорæнтæй ныв кæнынмæ. Кæрдæджытæ, дидинджытæ æмæ кусæрт-таджы тугæй арæзта алыгъуызон ахорæнтæ. Болайæн æнгом бастдзинæдтæ уыд динамонджытимæ, уыдон æй хуыдтой алы рæттæм, аргъуанты къултыл ныв кæнынмæ. Йæ конд нывтæ сты Гуырдзыстоны аргъуанты дæр. Йæ хъысмæт æй ахаста нырма Туркмæ, стæй та – Иерусалиммæ. Фæлæ нæ фыццаг нывгæнæг никуы æрфидар, фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ, Тлийы хъæумæ. Уым ссардта йæ мæлæт дæр, ныгæд дæр уым æрцыд. Йæ конд нывты бын фыста æртæ хуызы: Бола Тлиаг, Суаны фырт  æмæ Бола Туаллаг.

Хъæды бардуаг ирон адæммæ

Ирон адæммæ цы бардуæгтæ ис, уыдонæй иу у Хъæдæрс, у хъæдты бардуаг. Раджы заманы цуанæттæ сæхи Æфсатийыл куыд фæдзæхстой, афтæ хъæддзаутæ та сæхи фæдзæхстой Хъæдæрсыл. Цæмæй-иу бахаудаиккой, хуыздæр хъæд кæм ис, ахæм ранмæ. Цæмæй сыл хъæд калгæйæ кæнæ ласгæйæ фыдбылыз ма æрцæуа, йæ галы къах макæмæн асæтта. Хъæддзаутæм афтæ каст, цыма Хъæдæрс лæууы алы бæласы аууон дæр, хизы сæ фыдбылызæй. Хъæдæрсæй афтæ æфсæрмы кодтой, ахæм табуйаг сын уыд æмæ сæ фæстæ хъæд æнæфснайдæй ницæй тыххæй ныууагътаиккой, кæй-иу ракалдтой, уыцы бæласы къалиутæ дæр-иу раластой æмæ бафснайдтой хъæдмæ дард бынаты.

Зæххы хæйттæ    венгриаг ирæттæн

Кæддæр  Венгрийы цæрæг ирон лæг Бадила æрцыд Ирыстонмæ. Йе ‘мбал  уыд Акъо. Дыгургоммæ куы æрбахæццæ сты, уæд уазджыты иу хæдзармæ бахуыдтой дзуары куывдмæ. Фæндагыл Акъо бадти бæхыл, Бадила та – хæргæфсыл. Бадила æмæ Акъо куывддон адæмы дардмæ куы федтой, уæд Бадила Акъойæн загъта: «Ды мæ хæргæфсыл сбад, æз та – дæ бæхыл. Хæргæфс дæ рæвдздæр бахæццæ кæндзæн». Акъо сразы. Куывдмæ куы бахæстæг сты, уæд сын адæм сыстадысты. Бадила бæхыл кæй бадти, уымæ гæсгæ раздæр уымæн загътой æгасцуай æмæ йæ фынгмæ бахуыдтой. Акъойæн хабар йæ зæрдæмæ нæ фæцыди, фæлæ ницы загъта, æрмæст бахъуыр-хъуыр кодта. Уымæ гæсгæ Акъойы байзæддаджы абон дæр хонынц Хъуырхъуыратæ. Бæх æмæ хæргæфсы хабар куы базыдтой дыгур, уæд Акъойæн зæххы хай радтой, Бадилайæн нæ раттой хай.

Дыгур уæды заман Доныфарсимæ фыдæх хастой, уымæн æмæ сын-иу сæ фос аскъæрдтой. Дыгур Бадилайы сæ фосæн хъахъхъæнæгæй баххуырстой. Уæды онг топп нæма зыдтой, хæцыдысты фатæй. Бадиламæ та уыди хъыримаг. Доныфарсы фæсивæд иуахæмы дыгурон лæппуйы куы адавтой, уæд сæ Бадила хъыримагæй багæрах ласта. Давджытæн сæ сæр сæ кой сси, цы фæуыдаиккой, уый нал зыдтой: афтæ фенхъæлдтой, арв æмæ хæхтæ растадысты сæ ныхмæ.

Уыцы хабары фæстæ дыгур Бадилайæн дæр радтой зæххы хай.

Цъыбыртты сыгъд

Ирон адæмы æхсæн рагæй фæстæмæ ис ахæм ныхас: Цъыбыртты сыгъд бацис, Цъыбыртты сыгъд баисты… Бирæтæм афтæ кæсы, цыма Цъыбырттæ хауынц ирон мыггæгтæм, афтæмæй та Цъыбырттæ сты ирон адæмæн бынтон æцæгæлон адæмыхатт, куыд Царциатæ, афтæ. Кæддæр Царциатæ æмæ Цъыбыртты ‘хсæн хъаугъа рауад зæххы тыххæй. Сæ бафидауын кæныны охыл  сæвзæрстой лæгтæ. Цъыбырттæй: Гæнгæл, Уæнгæл æмæ Æртхутæг. Царциатæй: Сайдвæстаг æмæ Зæрдæсырх. Иу ныхасмæ куынæ æрцыдысты, уæд-иу æхсæвыгон Царциатæ бахъавыдысты æмæ Цъыбырттыл арт бандзæрстой. Уый тыххæй Хуыцау рахæтыд Царциатыл æмæ сæ быныскъуыд скодта. Уæдæй фæстæмæ баззад ирон адæмы æхсæн «Царциаты диссаг» æмæ «Цъыбыртты сыгъд».

Куырысы бæстæ

Ногбоны æхсæв-иу кæлæнгæнджытæ, ус-бирæгътæ æмæ фæстæмæзæвæтджынтæ  кæм æрæмбырд сты, ахæм бæстæ. Уым-иу æрцæттæ  кодтой афæдзваг алыгъуызон хæрам æмæ фыдбылызы хъуыддæгтæ, низтæ æмæ алы диссæгтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.