ФУТБОЛ

Национ футболон къорды фæстаг туртæ æнтыстджын рауадысты Дзæуджыхъæуы командæ «Алани»-йæн. Уымæн йæ къухы бафтыд 3-аг уæлахиз фæдфæдыл. 8-æм туры фæлгæтты дзæуджыхъæуккæгтæ уазæгуаты хъазыдысты Омскы «Иртыш»-имæ. 16-æм минутыл алайнæгты размæбырсæг Гуырцъыты Батразæн бантыст ныхмæлæууæг кулдуары хызы пурти смидæг кæнын. Ирыстоны сæйраг футболон командæ дарддæр дæр хъазыд бæрæг хуыздæр. Фæлæ сын пурти бакъуырынæн цы уавæртæ уыдис, уыдонæй ма спайда кодтой æрмæстдæр 85-æм минутыл. Хыгъд 2:0 скодта Ислам Машуков. Радон туры Национ футболон къорды фæлгæтты «Алани» фыццаг хатт хъуамæ ахъазыдаид Дзæуджыхъæуы йæхи фæзуаты, фæлæ йæ ныхмæлæууæг командæ Брянскы «Динамо»-йы хъазджыты стыр хай Covid-19 рынчын кæй разындысты, уый аххосæй хъазт уыцы бон уагъд нал æрцæудзæн.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Наро-Фоминскы уагъд цæуы, уæгъдибар хъæбысхæстæй 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы богалты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат. Ерысты хайад райсдзысты цхинвайлаг богалтæ Зассеты Арсæмæг æмæ Бестауты Андрей. Зассеты Арсæмæг ерыс кæндзæн 97 кг уæзы категорийы, Бестауты Андрей та  майдантыл тох кæндзæн 125 кг уæзы категорийы. Ерысты программæмæ гæсгæ ацы дыууæ уæзы категориты тохтæ райдайдзысты 13 сентябры. Спорстменты тренер у Коцты Тамерлан.

БОКС

WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ дунейы раздæры чемпион Гасситы Мурат план кæны радон тох фæззæджы ауадзын. Уый тыххæй хъусын кæны йæ тренер Сланты Витали.

«УФ-йы Боксы федерацийы генералон нымæрдар Умар Кремлев план кæны тох ноябры ауадзын. Гæнæн ис æмæ октябры дæр рауайа. Ныртæккæ Мурат цæттæ у 60 проценты, тохмæ та цæттæ уыдзæн 90 проценты. Уымæн æмæ рингмæ рагæй нал рахызт, стæй зын у цалдæр травмæ æмæ операцийы фæстæ хорз спортивон формæмæ рахизын. Фæлæ Мурат йæ формæ æрцахсдзæн цадæггай. Уый фæстæ дыууææртæ тохы акæнгæйæ, йæ раздæры æмвæзадмæ рахиздзæн», – банысан кодта Сланты Витали.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.