Ирæттæ номдзыд уырыссаг инæлæртты цæстæнгасæй

Стыр уырыссаг нывгæнæг Васили Верещагины æфсымæр, паддзахы рæстæджы Уæрæсейы æфсады номдзыд инæлар Александр Верещагин уырыссаг-туркаг хæсты йæхи цæстæй цы федта æмæ йæ зæрдыл цы бадардта, æппæт уыдæттæй иууыл тынгдæр дис кодта ирон бæхджын дивизийы хæстонтыл. Дис сын кодта æрмæст сæ хъæбатырдзинад æмæ хæстон арæхстдзинадыл нæ, фæлæ сæ уæздандзинад æмæ фидауцыл. Фæстæдæр Верещагин уæлмонц æнкъарæнтимæ фыста:

«Æз уыдтæн ирон дивизионы. Цæй диссаджы бакастджын æмæ бæдæйнаг адæм сты ирæттæ, раст сæ цыма иууылдæр æвзаргæ ракодтой. Фыццаграды мæ цæстныдзæвæны бахауд сæ уæнгтыконд æмæ æмæ сæ фердæхт. Алы иронæн дæр уыд князы фезмæлд æмæ къахайст, мидисджын ныхасыуаг, хиуылхæцындзинад, æгъдау æмæ уæздандзинад».

Ирæттæ уыцы хæсты стыр сгуыхтдзинæдты фæд кæй ныууагътой, ууыл дзурæг у Дунайы æфсады Сæйрагкомандæгæнæг 1877 азы 24 сентябры Кавказы наместникмæ кæй арвыста, уыцы тел дæр:

«ПАДДЗАХЫ барлæвæрдæй Дæумæ фыссын куырдиат, цæмæй рарвитай, цас гæнæн ис, уый бæрц ирæттæ сæхи бæхтимæ. Ирæттæ сты хъæбатыр адæм, ахæмтæ стæм сты, рарвит мын фылдæр ирæттæ. Курын дæ, гæнæн уæвгæйæ тагъддæр. Ирæттæ сæхи афтæ равдыстой æмæ домдзынæн уыдонæн Георгийы тырыса раттын».     

Уырыссаг-туркаг хæсты (1877-1878 азтæ) хайад райста 2000 ирон бархионы. Уыдонæй бирæтæ тохы быдыры фæмард сты хъæбатырæй, фæлæ-иу сæ бæсты  арвыстой æндæр ирæтты, тас чи нæ зыдта, ахæм хæстонты. 200 йæ фылдæр ироны хорзæхджын æрцыдысты Георгийы дзуарæй.

 

Ахуыргонд «фыййау»

Ахуыргонд «фыййау»

 

Уый уыд дыууынæм æнусы райдайæны. Иу ирон хъæумæ кусынмæ арвыстой дыууæ чызг-ахуыргæнæджы. Хъæуы кæрон бричкæйæ куы рхызтысты, уæд, дарддæр сын кæдæм цæугæ уыд, уый æнæзонгæйæ ахуыргæнджытæй сæ иу афарста, чысыл фалдæр фыстæ чи хызта, уыцы фыййауы, уæ хъæуы скъола цы ран ис, зæгъгæ.

– Кæй фæрсыс, фыййау дын цы хъуамæ бацамона, бакæс-ма йын йæ ныхрæбынты чъизитæм, – былысчъилæй загъта иннæ чызг. Фыййау æй ма бамбара, уый тыххæй æви йæ йæхи равдисын фæндыд, уый бæрæг нæ уыд, фæлæ чызг уыцы ныхæстæ загъта англисагау.

Фыййау сыгъдæг англисаг æвзагыл дзуапп радта чызгæн:

– Хатт фыййауы ныхрæбынтæй лакæй сæрст ныхтæ чъизидæр вæййынц.

Фыййау йæ ныхæстæ сфæлхатт кодта немыцаг æмæ францусаг æвзæгтыл дæр.

Чызджытæ джихæй баззадысты. Фæстæдæр базыдтой, уый хуымæтæджы фыййау кæй нæ уыд, фæлæ уæды рæстæджы Уæрæсейы паддзахы æфсады номдзыд инæлар, авд фæсарæйнаг æвзаджы чи зыдта, уыцы ахуыргонд лæг, дипломат  Фидараты Афæхъо.

 

Исгæ сæргæхц æмæ æнæном лæппу

Нæ рагфыдæлтæ Нартæн сæ равзæрдæй фæстæмæ сæ сæры кæхцытæ исгæ уыдысты. Сæ сæргæхцтæ-иу систой, ныдастой-иу сæ æмæ-иу сæ афтæмæй фæстæмæ æркодтой. Афтæ уыд, цалынмæ Уырызмæг йе нæном лæппуимæ Терк-турчы бæстæм нæ афтыд æмæ йын уым æнахуыр тыхдымгæ йæ сæргæхц нæ систа æмæ ахаста, уæдмæ.

«Æгъуыстаг куыд фæдæн, – загъта Уырызмæджы æнæном лæппу, – мæ хистæр æнæ сæры кæхцæй зайдзæн!»

Сæры кæхцы тыгъд быдыры тулгæ-тулын рацахста, Уырызмæджы сæрыл æй æркодта æмæ загъта:

«Амæй фæстæмæ Нартæн сæ сæры кæхцытæ исгæ мауал уæнт!»

 

Рохгонд ирон дзырдтæ

 

Игауун – æнкъард цæстæнгас

Индоет – Индийы рагон ирон ном

Исбайлæгъ – байрæзын, схъомыл уæвын

Йади – исты дзаума искæмæ авæрын

Йаййы сыф – къомсийы сыф

Йенцекк – схæссынмæ, схъомыл кæнынмæ райсгæ сывæллон

Йехæврагъ – тыхджын ихуард

Кантæ – бæхфæлдисыны рæстæджы афтæ хуыдтой мæрдон удты

Капкай – Кавказы рагон ном

Кезу – рад

Кереке – хæцæнгарз

Керотæ – сæрыхъуынтæ

Кесена – мæсыгуат

Костæл – далыс, афæдздзыд фыс

Къæлæлдар – сырдты бадæн хох

Къобор – тыхджын, нуарджын

Къоти – хæф, цъæй

Къулгард – гыццыл кард

 

 

Ирон æмбисæндтæ ныййарджытæ æмæ зæнæджы тыххæй

*Мады гуыбынмæ ’нхъæлмæ кастæуы

*Цагъды уæлдай – цотгæнаг

*Хуыцау Уырызмæгæн зæрондæй цы лæвар ракодта, ахæм лæвар дын ракæнæд!

*Тугсывæр дæ ахæссæд!

*Иу мадæй куыдзы хъæвдынтæ дæр вæййынц, фæлæ кæрæдзи фæхæрынц

*Уæ чызг дзыккакъах фæуæд, йæ фæстæ лæппутæ куыд гуыра!

*Алолай, алолай! Сау болат æмæ цъæх болатæй дæ авдæн у, уæйыджы райгъаг гæрзытæй – дæ авдæнбостæ!

*Сывæллоны хæцæнгарз кæуын у

*Сывæллон мады риуыл рæзы

*Мады арм мæрдтæй дæр рæвдауы

*Хъуджы къах род нæ мары

*Саг йæ роды зæвæтæй нæ цæвы

*Майрæмыкуадзæн – зæнæджы кадæн

 

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

 

КЪÆРНЫХ КУЫД РАБÆРÆГ

Иу мæгуыр лæгæн йæ мыдычыргъæд адавдæуыд. Лæг бавдæлд æмæ йæ хъаст хъæуыхицаумæ бахаста. Хъæуыхицау фæхъуыды кодта, давæджы куыд сбæрæг кæна, ууыл æмæ хинвæнд скодта: адæмы æрæмбырд кодта æмæ сæм дзуры:

– Нырыонг нæм давды хабар никуы æрцыд. Ныр нæм фæзынд давæг æмæ ма йæм бакæсут, йæ худыл бындзытæ куыд нымбырд сты.

Адæмы хсæн иу лæг йæ сæрæй йæ худ фелвæста æмæ йæм лыстæггай ракæс-бакæс кæнын райдыдта.

 

ДЗУРАГ УСЫ ХЪАСТ

Иу ус йæ лæгæй ахицæны фæнд скодта. Тæрхонгæнæг æй фæрсы, дæ лæгæй цæмæн хицæн кæныс, зæгъгæ.

– Нæ мæм дзуры æмæ уымæн. Афæдзы дæргъы мæм иу ныхас дæр не скодта.

– Хорз лæг, дæ ус рæстытæ дзуры, – фæрсы тæрхонгæнæг лæджы:

– Иттæг раст, дæ рын бахæрон, рæстытæ дзуры, – йæ сæр разыйы тылд бакодта лæг. – Афæдзы дæргъы йæм иу дзырд дæр не скодтон, уымæн æмæ æдзух йæхæдæг дзуры, мæнæн ныхасы бар нæ дæтты…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.