Чи мæм хъуса абон, уыдон

Кæд тыхсой, мыййаг,

Уæд æрбадзурæд æмхуызон:

«Цæй, фæдзырдтай фаг!».

***

Зонут: хорз æвзæрыл барæг

Хорзмæ нæу æнгом.

Искæй æнтыстыл цъыфкалæг

Цъыф кæны йæ ном.

***

Ут кæстæрарæх! Кæстæртæ

Сты нæ цин, нæ рис, –

Хорз хъæбул – нæ дыккаг зæрдæ,

Галиу та – сæрниз!..

***

Ахъуыды кæнут уæхæдæг, –

Уый дæр раст куыд у:

Дзидзийы бæстæ – сывæдæг

Сабийæн – «дуду!».

***

Сты нæ сахары цæрджытæ

Ныр чысыл нымæц…

Ис гæнæн: нæ уынгты куыйтæ

Суой нæхи æмбæрц!

***

Уæуу, фыдгул сыхæгтæ махмæ

Тых хæссынц – хæстон!

Иннæ уæууаг та – сæ фарсмæ

Балæууы… ирон!!!

***

Курдиат дæтгæ у æрдзæй,

Ам та… Чи у æрдз?! –

Раскъæр чиныггонд тыхфыстæй,

Стæй дзы преми – къæрцц!

***

Ныр зыдцæст æдзух æндæдзы

Иумæйаг бынтыл…

Закъоны цæст та нæ хæцы

Уæллаг бынхортыл!..

***

Знон та фаллаг Иры адæм

Ансамблмæ – дугъ, –

Картлийы кафт æмæ зардæн

Уым – æмдзæгъд æдзух!..

***

Хъуамæ нын ысуид сæйраг маст

Ацы ‘взæр цайдагъ:

Не ‘взагмæ нæ тæргай ахаст

Сæфтмæ скъæры мах!

***

Дæлæ мæлдзгуытæн дæр иумæ

У сæ цардуаг хорз…

Сидын æз дывæрсыг Ирмæ:

Баиу нын – цæрдхос!

***

Фысымтæ! Мæ даргъ ныхасæн

Ам кæнын кæрон.

Авæрут мæм иу нуазæн,

Æмæ стæй – хæрзбон!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.