Тугисыны рагон æгъдау

Рагзамантæй фæстæмæ ирон адæмы нымæц къаддæрæй къаддæр кæй кодта, уый æрмæст алыгъуызон æддагон знæгтимæ хæстыты аххос нæу. Нæ рагфыдæлтæ-ирæттæ кæрæдзи къаддæр нæ цагътой, чи-иу сæм ныббырста, уыцы æддагон тыхгæнджытæй. Иу лæг амарыны тыххæй тугисын дæр-иу расайдта, туджджыны мыггаджы æнæхъæнæй сыскъуынын, хатт та – дыууæ мыггаджы скуынæг дæр. Искæй къухæй-иу йæ мæлæт чи ссардта, уый бинонтæ æмæ мыггаг сæ туг исынæн фыццаг рады агуырдтой туджджынæн йæхи, кæд-иу йæхæдæг не ‘фтыд сæ къухы, уæд ын тугмæ агуырдтой йе ‘фсымæры, æфсымæр ын куынæ уыдаид, уæд та йæ дыккаг хæдзæрттæй кæнæ йæ мыггагæй искæй. Фæлæ-иу туг бафидæг мыггаг сæхæдæг дæр систы тугагур, сæ мардмæ-иу сæхæдæг дæр æрдомдтой туг. Афтæмæй-иу тугисын расайдта тугкалæн хæст дыууæ мыггаджы ‘хсæн, хатт та æнæхъæн комбæсты хсæн дæр.

Туджджынты-иу бафидауын кодтой комбæсты уынаффæйы лæгтæ, фæ-лæ уый алы хатт къухы не фтыдис. Æфсæрмæй-иу ныссабыр сты тугисджытæ, фæлæ та-иу уæддæр ацыдысты сæ масты фæдыл. Чи фæтуджджын уыдаид, ахæм адæймагæн удæгасæй баззайынæн уыдис æрмæстдæр иунæг фæрæз. Йæхи-иу баппæрста, кæй амардта, уый мадмæ æмæ-иу йæ разы ныззоныгуыл кодта. Кæд-иу мады зæрдæ æрфæлмæн, ныххатыр-иу ын код-та æмæ йын йæ дзидзи йæ дзыхы атъыста, уæд уый нысан кодта, йæ мард фырты бæсты дзы йæхицæн лæппу кæй загъта, æмæ уæд ахæм туджджынæн марæн нал уыд.

Афтæ цæмæн фæдзурæм?…

Ирон æвзаг хъæздыг кæй у, уый æндæр адæмты ахуыргæндтæ раджы бафидар кодтой. Фæлæ йыл нæхицæй бирæтæ кæй уæлæхох кæнынц, сæ сæрмæ йæ кæй нæ хæссынц, уый ахоссæй нæм абон бирæ ис ахæм ирæттæ, иронау кæй нæ зонынц, уымæй, сæхиуыл æрхудыны бæсты кæмдæр сæрыстыр чи сты… Бирæтæн сæ бон хуымæтæджы хъуыдыйад дæр æнæрæдыдæй зæгъын кæнæ ныффыссын нал у… Вазыгджын, арф мидис кæм ис, уыцы рагон дзырдбастыты кой ма чи кæны…

«Сæ хæдзар сындзæхгæд скодтой»

Æдзух адæймаджы къах кæуыл ныдзæвы, адæймаджы змæлд чи æнкъары уыцы зæххыл, хъæууынгыл иу цъус рæстæг дæр змæлæг нал ис, зæгъгæ, уæд уайтагъд сындзы бын фæвæййы. Уымæ гæсгæ-иу сæ уæзæгæй, сæ хæдзарæй æндæр ранмæ цæрынмæ цы бинонтæ фæцыдысты, уыдонæй дзырдтой: «Сæ хæдзар сындзæхгæд скодтой». Исты æнамонддзинады аххосæй-иу бинонтæ куы аскъуыдысты, хæдзар-иу куы федзæрæг, уæд-иу ахæм хæдзарæй та дзырдтой: «Хæдзар сындзæхгæд æрцыд».

«Искæй цæхæрадонмæ дуртæ æппарын»

Раджы заманы нæ фыдæлтæн хæхбæсты хуымгæнд зæхх кæй нæ фаг кодта, уымæ гæсгæ æнæкуыст нæ уагътой иу кусынæн бæзгæ гæппæл дæр. Хæхбæсты та зæхх дурджын у æмæ сæ хуымтæ алы уалдзæг дæр æхсæдгæ кодтой, ома, сæ дуртæ сын уыгътой. Иуæй-иу æнæуаг адæймæгтæ та, кæм-иу сæ хуымы дуртæ ауæдзмæ хæссынмæ зивæг кодтой, кæм та-иу сæ искæмæн смаст кæныны нысанæн æппæрстой, сæ фарсмæ чи уыд, уыцы зæххы хæйттæм. Уый та алчи дæр нымадта стыр æфхæрдыл.

Мæгуыр лæджы хæзнадон

Иу лæг æмæ ус тынг мæгуырæй цардысты. Лæг æлдармæ æххуырсты ныллæууыди хъомгæсæй. Алы бон дæр-иу сихор куы бакодта, уæд-иу йæ кæрдзыны згъæлæнтæ доны ныккалдта. Иу кæсаг æм фæцахуыр æмæ-иу сæ уый ахордта. Лæг йæ мæгуыр цардæй куы сфæлмæцыд, уæд иу бон загъта:

– Цом-ма, уыцы кæсаджы абæрæг кæнон, мæ къæбæртæй йæ куы схастон.

– Де ‘мгъуыд куы фæуа, уæд мæм фæзын, – загъта йын кæсаг.

Лæг æм йе ‘мгъуыд фæуыны фæстæ куы фæзынд, уæд ын кæсаг загъта:

– Мæргъты æвзаг базондзынæ…

Лæг дисгæнгæ аздæхт фæстæмæ. Иу бæласы бын цырты раз æрбадт. Уыцы рæстæджы дыууæ дзерайы бæласыл абадтысты æмæ дзы иу иннæмæн дзуры:

– Цæй, ацы лæгæн йæ цæстытæ скъахæм.

– Нæ, æрцахсдзæн нæ æмæ нæ амар-дзæн.

Лæг сын се ‘взаг бамбæрста æмæ дзе-райы ацахста. Иннæ дзера дзуры:

– Æз дын нæ загътон… Уый нын не ‘взаг куы ‘мбарид, уæд цырт аппарид, йæ быны æрхуы аг дунейы хæзнайæ йедзагæй ссарид æмæ дæ ауадзид.

Лæг сæ æмбæрста æмæ дзерайы ауагъ-та. Цырт аппæрста æмæ, æцæгдæр, йæ быны æрхуы аг алы диссæгтæй йедзаг. Лæг бацин кодта, фæлæ сæ цæуыл аластаид, бирæ уыдысты… Йæ сыхагæй бæх ракуырд-та, сугтæ, дам, ыл æрбаласон. Йæ усы дæр йемæ акæнид, фæлæ тарсти, зыдта, йæ ус йæ дзыхы кæй ницы урæдта… Æрцахста рувас æмæ кæсаг, рувасы æнгуырыл æр-цауыгъта, кæсаджы та къæппæджы бакодта. Бахаста сæ хæдзармæ æмæ йæ усы ракодта хæзна ласынмæ. Цæрынтæ райдыдтой, сæ цард сарæзтой. Усы дондзаутæ къахын райдыдтой, цы хабар у, зæгъгæ… Ус дæр йæхи нæ баурæдта æмæ сын радзырдта хæзнаты хабар. Æлдар сæ йæхимæ æрба-кæнын кодта æмæ сæ æркуырдта, цы ссардтой, уыдон.

– Мæ ус æрра у, ма йæм хъусут, – дзуры лæг. – Никуы ницы ссардтам…

– Куыд ницы ссардтам? – фæкъæпп æм кодта ус. Нæ къæппæг кæсаг куы ‘рцахста, не ‘нгуыр та – рувас, уыцы бон цырты бын хæзнайæ йедзаг аг не скъахтам?..

Æлдар уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ ахъуыды кодта, ай æцæг æрра куы у, зæгъ-гæ, æмæ сæ ауагъта.

Авд æфсымæры 

хо Къуыллæда

Авд æфсымæры хо нæ мой кодта.

Мой та ахæм мой агуырдта:

Райсомæй изæрмæ чи куса, бонмæ барæг чи уа.

Уæд æлдары фырт загъта:

– Уæдæ æз фæцæуон.

Ивылд доны æрбацæуæн нæ уыди,

Иннæрдыгæй та фидар уыд, –

Чызг йæ авд æфсымæримæ царди уыцы фидары.

«Хуыцæутты Хуыцау, чъылдымырдыгæй мæм

 Усгур куыд сæмбæла,

Доны комкоммæ чи ‘рбацæуа, ахæм барæг!»

Чызг цыллæ æлвыста, уый йæм касти.

Барæг комкоммæ сарæзта йæ ных,

Ивæн нæ бацагуырдта.

Чызг йæхинымæры загъта:

«Цæй тынг дæ бауарзтон, уæртæ барæг!»

Авд æфсымæрæн сæ бæхтæ кæвдæсыл

Авд æфсæн рæхысæй баст уыдысты

Æмæ хор хордтой, –

Сæхæдæг уыцы рæстæджы сихорыл бадтысты.

Къуыллæда барæгæн загъта:

– Дæхи сын ма базонын кæн – æгасæй нал ацæудзынæ.

Уæд барæг чызгмæ афтæ бадзуры:

– Уый ма уадз, фæлæ мæм дæхи тагъддæр раппар.

Раппæрста чызг йæхи фидарæй,

Æмæ йæ барæг зæхмæ не ‘руагъта.

Фæстæмæ уыцы доны аскъæрдта чызгимæ.

Фæндагыл ын лæппу дзуры:

– Къуыллæда, æз дын дæ зарджытæ хъуыстон

Æмæ дæм уымæн æрбацыдтæн,

Фæлæ мæнæн хæдзар куынæ ис, уæд цæмæн рацыдтæ?

Уæд ын Къуыллæда афтæ куы зæгъы:

– Кæд дын хæдзар нæй, уæд быдыры цæрдзыстæм.

… Æмæ йæ акодта æлдары галуанмæ…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.