Æртæ æнусы минæвар

Ирыстоны бирæ уыд, æнæхъæн æнус нæ, фæлæ æнус æмæ æрдæгæй фылдæр чи батыдта, ахæм рагон цæрджытæ. Зæгъæм, Ерманы хъæуккаг Хъороты Агор фæцард 156 азы, уымæй дæс азы (166 азы) фылдæр фæцард Хъобаны хъæуккаг Хуыдиты Илас. Иласæй ма иу аз фылдæр чи фæцард, уый та уыди Куырттаты комы Фиагдоны хъæуккаг Мырзаганты Гигойы фырт Гисо. Райгуырд иу æнусы фæстаг æмбисы, дыккаг æнус батыдта æнæхъæнæй æмæ ма æртындæс азы та æртыккаг æнусы ацард… Йæ мæлæты боны онг йæ байзæттаг иууыл иумæ цал баисты, уый тыххæй ницы бæрæг-бæлвырд зонæнтæ ис, фæлæ йæ цот æмæ уыдон цотæй бирæтæ фæцардысты сæдæ азæй фылдæр.

Кæддæр Гисойæн йæ фырты фырт, Цæгат Ирыстоны телеуынынады ныхас кæнгæйæ, лæмбынæг фæдзырдта, йæ дадайы цардæй йæ зæрдыл кæй бадардта, уыцы хабæртты тæххæй:

«Мæ фыды фыд Гисо фæцард 167 азы. Мæ зæрдыл дзы цы бадардтон, уыдæттæй мæм иууыл цымыдисондæр цы фæкаст, уый уыди 1912 азы. Иу бон æхсæвыцъæхæй мах райхъал стæм Гисойы кæуынмæ. Куы йæм бацыдыстæм æмæ йæ куы бафарстам, цы ‘рцыд, уымæй, уæд нын загъта: «Федтон æбуалгъы хабар. Тагъд райдайдзæн, ныры онг кæй нæ фендæуыд, ахæм хæст: æфсымæр йæ къух исдзæн æфсымæрмæ, фырт – йæ фыдмæ. Уыцы хæсты фæстиуæгæн Уæрæсейы фæивдзæн хицауад. Уый фæстæ адæм сæхимæ æххæстæй нæма æрцæудзысты, афтæ уыдзæн, уыцы хæс-тæй фылдæр адæм кæм амæла, ахæм стыр хæст. Æртыккаг хæст уыдзæн, арв æмæ зæхх дæр кæм судзой, ахæм æвирхъау хæст. Зæххы къорийыл ма баззайдзæн æрмæстдæр дыууæ паддзахады, фæлæ стæй уыцы дыууæйæ кæцы баззайдзæн, уый нал федтон…».

Рагон хъабахъ æмæ Чехойты дугъ

Раджы заманы-иу марды тыххæй æрмæст дугътæ нæ уагътой, фæлæ æхстой мысанмæ дæр. Даргъ хъил-иу ныссагътой, хъилыл-иу бæрзонд ран бафидар кодтой, мысанмæ æхсджытæ кæй хъуамæ сцæф кодтаиккой, ахæм  нымæты гæппæл кæнæ тæнæг фæйнæджы лыггаг. Хъабахъ-иу ныссагътой мардæвæрæн бон  кæнæ йæ номыл дугъ куы уагътой, уыцы бон. Дугъуадзæн бон хъабахъ хъуамæ сагъд уыдаид хъæуы кæрон æмæ йæм барджытæй чи куыд хæстæг кодтаид, афтæ йæ æхстаид. Иу хатт Чехойтæм дæр уыд ахæм дугъ. Барджытæй раздæр чи æрбахæццæ, уый афтæ зæрдиагæй ныхъавыд хъабахъыл конд мысайнагмæ, æмæ дзы йæ бæх айрох. Бæх йæхи хъабахъы хъилыл скъуырдта æмæ афæлдæхт æд барæг. Йæ фæстæ цæуæг барæджы бæх та фæкалд уыдоныл æмæ афæлдæхт уый дæр – афтæ дугъæттæ иууылдæр  ныккалдысты кæрæдзийыл æмæ сæ раздæр чи æрбахæццæ кæнæ фæстаг чи уыд, уый бæрæг дзы нал уыд. Уæдæй фæстæмæ æмбисондæн баззад, Чехойты дугъау схæццæ сты, зæгъгæ…

Зыдта алы сырды æвзаг дæр

Гуцъунатæн Сечеры æфцæгыл уыдис хор тыд æмæ йæм кæрдынмæ, æфснайынмæ цыдысты. Уæд сын иу бон фæндагыл лæппу куы райгуырид. Хуымтæм куы бахæццæ сты, уæд ноггуырд сывæллоны тулдз бæласы бын ныууагътой, сæхæдæг сæ хуымтæ æфснайыныл схæцыдысты, нæлгоймæгтæ кæрдгæ кодтой, сылгоймæгтæ – ссивгæ. Сихорафон мад йæ сывæллонмæ куы суади,  уæд кæсы, æмæ уыны æнахуыр диссаг: сывæллоныл калм стыхст æмæ сывæллон калмы сæр дæйы дзидзийы бæсты. Мад фæдис ныхъæр кодта æмæ йæ хъæрмæ калм пыхсыты алæст. Уыцы рæстæджы сæ цурты фæцæйцыд Хъарадзаутæй иу лæг. Сывæллоны хабар куы базыдта, уæд æй йæхицæн æркуырдта. Гуцъунатæ ахъуыды кодтой, уæддæр нын нæ фервæздзæн, зæгъгæ, æмæ йын сразы сты. Лæппу схъомыл, рауад дзы диссаджы цуанон æмæ зыдта æрмæст калмы æвзаг нæ, фæлæ алы сырды æвзаг дæр.

Ирон фынгæгъдауы  фæткойтæй:

*Цины хъуыддаджы дæр æмæ кæнды дæр цалынмæ хистæр сбада, уæдмæ лæуу, хистæр куы сыста, уæд ды дæр сыст;

*Цалынмæ хистæр сыста кæнæ дын сыстынæн бар радта, уæдмæ бад, фынгæй ма ацу;

*Хистæр кæнæ дæ фысым фынгмæ куы хона, уæд æнæ ракæ-бакæйæ дæ бынат бацахс;

*Кæд иу фынгыл фæбадтæ, уæд дыккаг хатт мауал æрбад, уый æнæгъдаудзинад у;

*Хистæр лæугæйæ куы ракува æмæ лæугæйæ куы бануаза, уæд ды дæр лæугæйæ ракув æмæ лæугæйæ бануаз; хистæр бадгæйæ куы ракува, уæд ды дæр бадгæйæ ракув;

*Дæ бынатæй фест-фест ма кæн, фынгмæ дæ чъылдым ма здах;

*Æддæмæ де ‘ргом ма дар, фынджы сæрты искæимæ ма ныхас кæн;

*Гаджидау рауадзыны бар дæм куы ‘рхауа, уæд слæуу æмæ ракув, фæлæ хистæры гаджидæуттæ фæлхатт ма кæн;

*Рæгъ дæм куы ‘рхæццæ уа  кæнæ дын ныхасы бар куы радтæуа, уæд цыбыр ныхас кæн, дæ къухтæ ма тил, искæимæ амонæджы хъæлæсæй ма дзур;

*Сидгæйæ де ‘ргом кæмæ сидыс (кæстæртæм), уый ‘рдæм сараз, хистæры гаджидаумæ æфтуантæ ма кæн, ивгæ дæр æй ма кæн;

*Хистæр куы дзура кæнæ гаджидау куы уадза, уæд æм æдзæмæй хъус, оммен, Хуыцау, загъдæуы, æрмæстдæр кувгæйæ, арфæ кæнгæйæ, оммен нæ чындæуы.

*Нуазæн дæ къухмæ куы райсай, уæд ын цалынмæ йе ‘гъдау бакæнай, уæдмæ йæ дæ къухæй ма суæгъд кæн, галиу къухмæ йæ ма ис; фынджы æмвæзæй бындæр æй ма ‘руадз;

*Бадты уынаффæ кæнын дæумæ нæ хауы æмæ хистæртæм дæ дзых ма дар, дзырдæппарæн сæм ма кæн;

*Бадты хистæры æвастæй искæмæн арфæйы нуазæн ма æрвит, ма дæтт, уый æнæгъдаудзинад у;

*Искæмæн æмбæлæггаг ма дæтт, нозтæй йæ ивар ма кæн, уыцы митæ дæумæ нæ хауынц;

*Хистæр нæ уæвгæйæ, бадты адæмæн уайдзæфтæ ма кæн, уый хистæрты хъуыддаг у;

*Исчи бирæ нуазы, зыдхæрд кæны, уый тыххæй йæм лаз ма хæсс, кæд аив нæу, уæддæр;

Хъæлдзæг хабæрттæ

Æртынæм азты æмбисы газет «Пролетарий Осетии»-йы (ныры «Северная Осетия») уацхæссæг интервью иста иу хохаг лæгæй. Журналист йæ къухмæ фыссæнгæрзтæ райста æмæ дзуры хохагмæ:

– Как твоя фамилия, имя?

– Пиши Дзугаев, – дзуапп радта зæронд лæг.

– И всё же, как тебя звать?

– Пиши.

– Что писать?

– Пиши Дзугаев.

Афтæ йæ бафарста цалдæр хатты, фæлæ йын зæронд лæг лæвæрдта уыцы иугъуызон дзуапп. Уацхæссæг ныффæллад æмæ йæ къух ауыгъта, ныууагъта хохаджы йæ адыл. Иу ныхасæй, уац газеты рацыд, лæгæн йæ ном цы хуынд, æнæ уый банысан кæнгæйæ. Афтæмæй уацхæссæг уæддæр нæ базыдта, кæимæ ныхас кодта, уыцы лæгæн йæ ном кæй хуынд Пиши, йæ мыггаг та – Дзугатæй…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.