Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ барасткæнинæгтæ бахæссыны фæдыл хъæлæс кæныны. Паддзахады сæргълæууæг схъæлæс кодта Дзауы резиденцийы, уырдæм æм бацыдысты цæугæ фадыгон æвзарæн къамисы уæнгтæ.

Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, Уæрæсейы Федерацийы алы æмбæстаджы хæс у йæ хъуыды зæгъа, уымæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы Сæйраг закъонмæ барасткæнингтæ бахæссын фадат ратдзæн бирæ проблемæтæ скъуыддзаг кæнынæн.

«Куыд Уæрæсейы æмбæстаг, афтæ æз æнæмæнг хъуамæ схъæлæс кодтаин Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ барасткæнæингтæ бахæссыны фæдыл. Банысан кæнын мæ фæнды, барасткæнинæгтæ, кæцытæ хаст цæуынц Уæрæсейы Федерацийы Конституцимæ сты æнæмæнгхъæуæг æрмæст Уæрæсейæн нæ, фæлæ Хуссар Ирыстонæн дæр», – загъта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, ивындзинæдтæ бандавдзысты куыд Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтыл, афтæ æнæхъæн дунейы ахаст Уæрæсемæ.

«Ацы ивындзинæдтæ здæхт сты Уæрæсейы æмбæстæгты интерестæ хъахъхъæнынмæ, афтæ ма баст сты цæрджыты социалон хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинад сифтонг кæныныл. Уымæй уæлдай ма, уыдон бандавдзысты мидæггагон закъæтты æддагон закъæттæй фæтыхджындæр кæныныл, кæцы баххуыс кæндзæн Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы ‘хсæн цы фарстытæ сæвзæрынц, уыдон скъуыддзаг кæнынæн», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Банысан кæнын хъæуы, Мæскуымæ визиты фæстæ, цыран Хуссариырстойнаг паддзахады сæргълæууæг хайад райста Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн мадзæлтты, Бибылты Анатоли ис дыууæкъуырион хи изоляйцийы Дзауы резиденцийы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.