Хорз сыхаг, иузæрдион адæймагæй зонынц нæ горæты Октябры уынджы цæрæг Джиоты Тузары. Алкæимæ дæр æй хæларæй цæрын фæнды, алы адæймагимæ дæр ссары иумиаг æвзаг. Уый кæд нæ горæты цæры, уæддæр райгуырд æмæ схъомыл Знауыры районы Терегуаны хъæуы. Уæды рæстæджы хъæууон фæллойгæнæджы царды уавæртæ уæззау уыдысты, алыгъуызон хъæууонхæдзарадон куыстыты ныййарджыты уæлхъус лæууыдысты кæстæртæ æмæ сын уымæй рог кодтой сæ къух. Æвзонг лæппу Тузар дæр скъоламæ цæуынхъом куы фæци, уæд ахуыры æмрæнхъ йæ хистæртæн уыд æх-хуысгæнæг хæдзарон змæлдтыты.

Скъоладзау уæвгæйæ, хъæууон куыстытæй иуварс нæ лæууыд, йæхи сыл нæ тигъ кодта, фæлæ уæддæр йæ зæрдæмæ арфдæр айста хъæды куыст. Йæ цæстыты раз-иу сыстадысты алыгъуызон æндæр æмæ æндæр хæдзарон мигæнæнтæ, дзаумæттæ æмæ сæ аразыныл фæлваргæ дæр кодта. Йæ цæсты тынг кадджын уыдысты, ахæм хорздзинæдтæ цы адæймæгты фæллойæ гуырдысты, уыцы арæхстджын къухты хицæуттæ. Ацы дæсныйад йæ зæрдæмæ афтæ арф айста, афтæ тынг æй бауарзта æмæ сфæнд кодта ацы куыстыл ныллæууын. Фæлæ æмбæрста, æрмæст хихъæппæрисæй афтæ тынг кæй нæ фæцалх уыдаид йæ равзæрст дæсныйадыл, хъуыдис æй фæлтæрд специалисты амынддзинæдтæй спайда кæнын. Уымæ гæсгæ Джиоты æвзонг лæппу скъолайы ахуыры азты фæстæ бацыд Кутаисы хъæды техникуммæ. Æртæ азы ахуыр кодта ам, теоретикон зонындзинæдты фæстæ та-иу æрбалæууыд уыдон практикон æгъдауæй бафидар кæныны рæстæг. Уымæ гæсгæ сæ практикон ахуыртæ та уыдысты Боржомы хъæды фæзуаты. Ахуыргæнджытæ ам фидæны специалисттæн цæстуарзонæй амыдтой бæлæсты мыггæгтæ, куыд хихджын, афтæ сыфтæрджын, стæй сæ хиæдтæ, сæ арæзт æмæ афтæ дарддæр. Фæстæдæр та-иу рахызтысты зындæр æмæ вазыгджындæр ахуыртæм, ома хъæдæрмæджы бакуыст тæрхджытыл. Джиоты Тузар лæмбынæг йæ хъус дардта йæ ахуыргæнджыты амынд-тытæм æмæ тагъд рæстæджы сси хуыздæр ахуыргæнинæгтæй иу.

Техникумы æртæ азы ахуыры фæстæ æрбаздæхт йæ уарзон горæтмæ æмæ кусын райдыдта хъæдкуыстгæнæн фабрикæйы йæ дæсныйадыл. Ам намысджынæй бафæллой кодта æртæ азæй фылдæр æмæ уый фæстæ та йæ фæллойадон архайд райдыдта горæты арæзтадон-цалцæггæнæн къанторæйы. Егъау уыд ацы куыстуат,  æдæппæт дзы фæллой кодтой 80 адæймаджы æмæ сæ алчи дæр йæ хæстæ æххæст кæнынмæ каст бæрнон цæстæй. Арæзтой æмæ цæттæ кодтой, уæды областы ахуыргæнæн уагдæттæ æмæ сывæллæтты рæвдауæндæтты бæстыхæйттæн рудзгуытæ æмæ дуæрттæ. Фæстæ нæ лæууыд ацы куыстуаты Джиойы фырт дæр, куыстуарзаг æмæ йæ хъуыддаджы арæхстджын кусæг кæддæриддæр рæстæгыл æмæ гъæдджынæй æххæст кодта, цы йын хæс кодтой, уыцы куыстытæ. Йæ иузæрдион æмæ раппæлинаг фæллойы тыххæй дзы бузныг уыдысты куыстуаты хистæртæ æмæ йе ‘мбæлттæ. Куыстмæ, бахæсгонд хъуыддагмæ бæрндзинады цæстæй кæй каст, уый зындгонд уыд куыстуаты разамонджытæн æмæ уæд æвзæрст æрцыд горæххæсткоммæ депутатæй, иста арфæйы ныхæстæ æмæ бузныджы гæххæттытæ. Джиойы фырт ма цалдæр азы акуыста, Модæты ательейы цы хъæдфадæн цех ис, уым дæр. Ныртæккæ кæд пенсийы ис, уæддæр фæлтæрд хъæдкуыстгæнæгмæ арæх бахатынц хицæн æмбæстæгтæ æмæ сын цыбыр æмгъуыдмæ сæххæст кæны сæ куырдиат.

Тузар йæхи амондджыныл нымайы бинонты царды дæр. Йе ‘мкъай Нателæимæ схъомыл кодтой æмæ царды раст фæндагыл бафтыдтой сæ дыууæ чызг æмæ иу фырты. Ис сын кæстæрты кæстæртæ æмæ сæ сты буц æмæ райгонд.

Гæззатты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.