“Уӕрӕсе Хуссар Иры сабиты цӕстӕнгас”-ӕй – ахæм номимæ 8-æм июны Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы уыдис сывæллæтты нывты конкурс. Конкурс ауагъта уæрæсейаг минæварад «Россотрудничество». Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны цæрæг æмфыдыбæстæйонты уæрæсейаг сывæллæттæ, Цхинвалы нывгæнæн скъола æмæ Аивæдты лицейы ахуыргæнинæгтæ, æдæппæтæй 20 адæймаджы.

Мадзалы организатор – ӕхсӕнадон организаци “Уӕрӕсейаг ӕмбӕстӕгты цӕдис” «Россотрудничество»-йы минӕварады ӕмархайдӕй.

Конкурсы фӕлгӕтты сывӕллӕттӕ сныв кодтой бӕрзбӕлӕстӕ, Мӕскуыйаг Кремлы мӕсгуытӕ, уӕрӕсейаг ӕмӕ ирон тырысатӕ ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, матрешкӕтӕ. Нывты  ‘хсæн ацы хатт уыд хӕстон тематикӕ дæр, хайадисджытӕй сæ иу ацы темæ райста, фæлæ дзы хӕст æргом нæ равдыста. Афтæ ма нывты ‘хсæн уыд фенæн Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы дыууæ лидеры – Гаглойты Алан æмæ Владимир Путины. Конкурсы домæнтæм гæсгæ хъуамæ иу сахаты дæргъы алчидæр йæ куыст фæуыдаид.

«Цымыдисон уыд базонын, куыд уынынц сывӕллӕттӕ Уӕрӕсейы. Ӕнцон нӕу ӕвзарын хуыздӕр куыстытӕ. Мах фӕндыд рахицӕн кӕнын алкӕйдӕр, фӕлӕ равзӕрстам цыппар  куысты. Æртыккаг бынат адих кодтам дыууæ чызджы ‘хсæн”, – загъта жюрийы уӕнг, Россотрудничествойы минӕварады разамонӕг Сергей Скворцов.

Æмæ æцæг, нывтӕ иууылдӕр ахӕм аив уыдысты, ӕмӕ жюрийы уӕнгтӕн тынг зын уыд хуыздӕртæ равзарын.

Фыццаг бынат бацахста Джиоты Аннæ. Дыккаг бынатыл ацыд Бететы Аланæ. Ӕртыккаг бынат райстой Хъуылымбегты Майсарæ æмæ Хъуылымбегты Зæлинæ.

Хъуылымбегты Зæлинæ

Уыдон хорзӕхджын ӕрцыдысты грамотӕтæ ӕмӕ призтӕй, афтӕ ма уӕлахиздзауы дипломтӕ ӕмӕ зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕй.

ДРИАТЫ Лейлæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.