РХИ-йы культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центр кусы ирон адæмон традицитæ æмæ æгъдæуттæ сæндидзын кæныныл. Ацы Центры кусджытæ сæ директор Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй æрвылаз дæр ауадзынц цалдæргай фестиваль-конкурстæ. Æгæрыстæмæй, Адæмон сфæлдыстады республикон центр архайдта пандемийы рæстæджы дæр сæ авналæнтæ сæ куыд амыдтой, афтæ.

Ивгъуыд аз ауагътой 6-æм республикон фотоконкурс «Южная Осетия – 2021». 21-æм декабры Адæмон сфæлдыстады центр нæ горæты Анахарсисы номыл национ библиотекæйы фоейы схорзæхджын кодта фотоконкурс «Хуссар Ирыстон – 2021»-йы уæлахиздзауты.

Ныр дæр та Адæмон сфæлдыстады центр культурæйы министрадимæ иумæ сорганизаци кæндзæн 7-æм республикон фотоконкурс «Хуссар Ирыстон -2022». Конкурс уагъд æрцæудзæн 10-æм августы Анахарсисы номыл республикон национ библиотекæйы. Центры директор Гуыцмæзты Эльзæйы ныхæстæм гæсгæ куырдиæттæ ист цæудзысты 2022 азы 1-æм августмæ. «Конкурсы нысан у республикæйы цæрджыты сфæлдыстадон рæзт æмæ сын æххуыс кæнын. Конкурсы хайад райсын сæ бон у къамтæ исын чи уарзы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр кармæ æмæ кæм цæры, уымæ æнæкæсгæйæ. Конкурс уагъд цæудзæн дыууæ номи-нацийæ – «Пейзаж» æмæ «Хуссарирыстойнæгтæ», зæгъгæ, – банысан кодта центры директор.

Нывтæ хъуамæ уой оригиналон бæрцы, фæлæ А4 форматæй къаддæр ма хъуамæ уой. Бар нæй Интернетæй райсгæ ныв æрбавдисынæн. Автор æмæ организаторы ‘хсæн гæнæн ис уæлæмхас сразыдзинад саразын, кæцымæ гæсгæ бæрæг уыдзысты куыстытæй спайда кæныны уавæртæ. Къамтимæ хъуамæ уа конкурсы хайадисæджы анкетæ. Афтæ ма хайадисæг хъуамæ йæ алы куыстæн дæр бацæттæ кæна табличкæ куысты ном, кæд æй систа æмæ авторы бæрæггæнæнты тыххæй. «Хайадисæг конкурсы организатортæн бар дæтты йæ куыстытæй спайда кæныны тыххæй, кæцытæ баст сты куыд конкурс ауадзынимæ, афтæ уый фæстæ уагъдцæуæг мадзæлтты – фоторавдыстыты, информацион буклетты, фотоальбомты», – радзырдта Гуыцмæзты Эльзæ.

Конкурсы уæлахиздзауты куыстытæ  æвæрд æрцæудзысты фоторавдысты, кæцы уагъд æрцæудзæн 26-æм августы Хетæгкаты Къостайы цырты цур. Фотоконкурс «Хуссар Ирыстон – 2022»-йы уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцæудзысты зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ æхцайы призтæй.

Лæмбынæг информаци райсыны тыххæй æрбацæуын хъæуы Адæмон сфæлдыстады республикон центрмæ: Харебаты Исахъы уынг 51,  Сывæллæтты республикон библиотекæйы бæстыхаймæ.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.