Дзаттиаты Руслан, ХИЗИИ-йы археологи æмæ рагон историйы хайады сæргълæууæг, историон зонæдты доктор.

– Советон Цæдисы кæй райгуырдтæн, уымæ гæсгæ Уæрæсейы нымайын ме ‘цæг Райгуырæн бæстæйыл. Дыууæ бæстæйы нæ хицæн кодтой нæ фыдæлтæ раджы дæр. Уый бæрæг у, йæ сæрвæлтау знаджы ныхмæ иумæ кæй тох кодтой, уымæй дæр. Дыууæ бæстæйы раджы сарæзтой бастдзинæдтæ æмæ сын фæхицæн кæнæн нæй. Ирон адæм æнустæм сты Уæрæсеимæ.

Плиты Серго, ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг.

– Уæрæсейы æз нымайын Райгуырæн бæстæйыл. Уымæн æмæ ирон адæм 1774 азы Уæрæсейы скондмæ куы бацыдысты, уæдæй фæстæмæ æнæ Уæрæсейæ ирон адæмы фидæн æмæ сомбон нæ уынын. Ахæм æмбарынад ис, зæгъгæ, хорз дын кæм у, уый у дæ Райгуырæн бæстæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн ахæсгæ нысаниуæг ис. Æцæгæй та Райгуырæн бæстæ баст у мадæлон æвзаджы равзæрдимæ, нацийы хатты фæзындимæ æмæ уыдон уыйбæрц арф сты æмæ сын хуымæтæг ныхæстæй нæй зæгъæн. Æнæ Уæрæсейæ раджы дæр Ирыстон йæ къахыл нæ лæууыдис æмæ абон дæр, æнæ уымæй, гæнæн ис, æмæ йæ уæраг фæцуда.

Чертхъоты Жаннæ, нæ горæты цæрæг.

– 2015 азы 18 марты  Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæн арæзт æрцыд Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Бадзырд. Уыцы бон Бадзырдыл сæ къухтæ æрфыстой УФ-йы Президент Владимир Путин æмæ Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Тыбылты Леонид. Уый уыд тынг ахсджиаг хъуыддаг. Интеграци англисагау нысан кæны æнæхъæндзинад æмæ мæ уырны, ацы бадзырдты руаджы кæй феввахсдæр стæм æмæ ноджы кæй æввахсдæр кæндзыстæм Уæрæсемæ, уый. Бадзырды руаджы Хуссар Ирыстоны æдасдзинадæн ис фидар гаранти, науæд нæ сыхæгтæ тынг тугмондаг сты. Мах Уæрæсейы нымайæм нæ дыккаг Райгуырæн бæстæйыл æмæ кæд нæ сывæллæттæ скъолатæм цæуынхъом сты, сабыр арвы бын цæрæм, уæд уыцы хæрзиуджытæ иууылдæр сты Уæрæсейы фæрцы.

Сланты Алымбег, Къохаты хъæуы цæрæг.

– Уæрæсе мæнæн у Райгуырæн бæстæ, уымæн æмæ адæймаг кæм схъомыл вæййы, уый фæхоны йæ фыды хæдзар. Уый у нæ иумæйаг хæдзар. Æнæ Уæрæсейæ махæн а-зæххыл уæвæн нæй.

Цæриаты Элизæ, Ленингоры районы Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнæг.

– Уæрæсе мæнæн у мæ дыккаг Райгуырæн бæстæ.  Уый Хуссар Ирыстоны фарсмæ æрбалæууыд, знаг нæ æгъатырæй куы куынæг кодта, уæд. Уый нæ нæ къахыл слæууын кодта æмæ нын абоны онг дæр æххуыс кæны размæ цæуынæн. Фæлæ мах нæхæдæг дæр хъуамæ архайæм, цæмæй иумæйаг тыхтæй кусæм нæ республикæ йæ къахыл слæууын кæныныл. Мах стæм зондджын æмæ хъæбатыр хæстонты фæдонтæ æмæ нын алцыдæр бантысдзæн сара-зын, цæмæй нæм знаджы къух макуыуал æрбахæсса. Нæ Республикæйы рæсугъд сомбон æз уынын æрмæстдæр Уæрæсеимæ.

Гæбæраты Валери, ХИПУ-йы 1-æм курсы инженерон-экономикон факультеты студент. 

– Хуссар Ирыстонæн Уæрæсе у йæ сæйраг экономикон партнер, йæ сæйраг хъахъхъæнæг æмæ æмцæдисон. Кæй зæгъын æй хъæуы, мæ Райгуырæн бæстæйыл дæр æй нымайын (райгуырдтæн Цæгат Ирыстон-Аланийы Октябрскы хъæуы), уымæн æмæ адæймаг кæм райгуыры æмæ схъомыл вæййы, уый йын вæййы мадау зынаргъ æмæ адджын.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.