Фæззыгон рæсугъд бонтæй сæ иуы, 11-æм сентябры райгуырдис Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисткæ, уæздан æмæ рæсугъд сылгоймаг Гугкаты Эвелинæ. Ацы аз ыл сæххæст 85 азы æмæ йæм сæрмагондæй йæ юбилейы цытæн хæдзармæ арфæ кæнынмæ фæуазæг сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан, Хицауады сæрдар Джуссойты Константин, РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Мамиты Григори, паддзахадон драмон театры директор Гаглойты Артур, театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан æмæ журналисттæ.

Гугкаты Эвелинæйы мах баййæфтам, йæ гуырæнбонмæ йын кæй æрцæттæ кодтой, уыцы фынджы уæлхъус бадгæйæ. Цытджын уазджытæ юбилярæн арфæйы ныхæстимæ балæвар кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ дидинджытæ. Уымæн тынг æхсызгон уыдис, йæ гуырæнбоны йæ кæй æрхъуыды кодтой, уый æмæ йæхæдæг дæр арфæ ракодта йæ зынаргъ уазджытæн. Ирон æгъдаумæ гæсгæ Гаглойты Алан æртæ уæливых æмæ дзаггарзæй Хуыцауыл бафæдзæхста Гугкаты чызджы æмæ йын зæрдæбын арфæ ракодта йæ юбилейы цытæн. Нæ бæстæйы сæргълæууæг ма банысан кодта Гугкаты Эвелинæйы стыр хайбавæрд ирон культурон царды æмæ кæстæртæн фæзминаг артисткæ кæй у, уый æмæ йын йæ цæст бауарзта сæдæ азмæ æнæниз æмæ уæнгрогæй фæцæрын. Уый фæстæ юбилярæн раарфæ кодтой иннæ уазджытæ дæр æмæ се ‘хсæн сцырын хъæлдзæг ныхас. Гугкаты Эвелинæ йæ уазджыты зæрдыл æрлæууын кодта театры цардæй хъæлдзæг мысинæгтæ.

Гугкаты Эвелинæ у, Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры райрæзтмæ стыр хайбавæрд чи бахаста, ахæм артисткæ. Уымæн йæ лæггæдтæ бирæ сты ирон национ культурæйы раз. Эвелинæ театры архайдта 55 азæй фылдæры бæрц, йæ сценæйыл сæххæст кодта тынг бирæ цымыдисон ролтæ. Уыцы ролты сæйраг бынат ахсынц успаддзахы сылгоймæгты фæлгондзтæ. Гугкаты Эвелинæйыл бирæ ис дзурæн. Сценæмæкæсджытæ йæ бауарзтой йæ фыццаг къахдзæфтæй æмæ абон дæр стыр аргъ кæнынц йе сфæлдыстадон куыст æмæ профессионализмæн, йæ аивадон хайбавæрдæн. Артистæн уый у стыр амонды нысан æмæ дзы мах, Ирыстоны æмбæстæгтæ та стæм сæрыстыр.

Цхуырбаты Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.