РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло ауагъта сæудæджерадон комплексы размæцыдимæ баст æмбырд. Ныхас цыд, куыстуæтты алыхуызон рахæцæнтæ размæ ракæныныл æмæ ацы къабазæн æххуысы мадзæлттыл.

Республикæйы Сæргълæууæг куыд бафиппайдта, афтæмæй сæйрагдæр у, йæ куыст кæмæн нæ фæцудыдта, уыцы заводтæ æмæ кусæн бынæттæ бахъахъхъæнын. «Ног куысты бынæттæ аразынмæ дæр хъуамæ уæлдай æргом аздахæм. Дунейы геополитикон уавæр нымайгæйæ, хъуамæ сæудæджерады рæзтыл бакусæм. Ныгуылæйнаг бæстæтæ гæрæнтæ кæй æвæрынц, уый тæссаг дæр у, фæлæ нын фадат дæтты хи продукци уадзынæн. Фарстатæм хъæуы лæмбынæг æркæсын», – загъта Сергей Меняйло.

Уый бафæдзæхста профилон министрæн, цæмæй федералон хицауадимæ бæстонæй куса, цыдæриддæр рæзты программæтæ ис, уыдоны хъуамæ Цæгат Ирыстон дæр архайа.

Дзæуджыхъæуы Адæмон аивадон промыслæты рæзты центрæн хуыздæр цы хуызы ис бах-хуыс кæнын, ууыл дæр бæстон ныхас рауад. Республикæйы разамонæг куыд бацамыдта, афтæмæй хъуамæ æппæт гæнæнтæй дæр спайда кæной. Бацархайой æрмдæсныты куыстытæн арæхдæр равдыстытæ аразыныл. Уæдæ сын федералон гранттæ дæр хорз фæахъаз уаиккой.

 

ÆДАСДЗИНАДЫЛ  ХЪУЫДЫ  КÆНГÆЙÆ

Ныртæккæ Уæрæсе ахæм уавæры ис æмæ алы регион дæр архайы хи бахъахъахъхъæныны уæлæмхасæн мадзæлттæ аразыныл. Нæ бæстæйы тынг бирæ ис æфсæддон æмæ пъæлицæйы дæсныйадыл ахуыр кæныны уæлдæр ахуырадон уагдæттæ, фæлæ нæ разамындмæ уый фаг нал кæсы. Цæмæй нæ бæстæ абон дæр æмæ фидæны дæр тыхджын æмæ ныфсджын уа, уый тыххæй гом цæуынц пъæлицæйы куысты æмæ æфсæддон ахуыры уæлæмхасæн курсытæ æмæ кълæстæ. Ахæм æфсæддон курсытæ ныртæккæ æнтыстджынæй кусынц ЦИПУ æмæ Хæххон-металлургион институты бындурыл, цæттæ кæнынц фидæны æфсæддонтæ. Уыдонæн уый фæстæ сæ бон сæрибарæй фæлварæнтæ раттын у уæлдæр ахуырмæ.

Ныр та, пъæлицæйы куыстыл кæм ахуыр кæной, ахæм  уæлæмхасæн кълæстæ байгом сты республикæйы æртæ скъолайы: Камбилеевкæйы, Луковскаяйы станицæйы æмæ Беслæны 8-æм скъолайы.

Ацы кълæсты чи ахуыр кæна, уыдон, иумæйаг предметтæй дарддæр, райсдзысты хорз физикон цæттæдзинад, дисциплинæ æмæ патриотизмы æнкъарæнтæ. Зонгæ сæ кæндзысты Ирыстоны æрдзимæ, не ʻгъдæуттæ, нæ культурæимæ, ирон адæмы, стæй Уæрæсейы историимæ. Уымæн та ис стыр нысаниуæг.

Пъæлицæйы кълæсты ахуырмæ бацæуæн ис 8-æм къласæй уæлæмæ барвæндонæй. Ахуыр-тæ цæудзысты 2-3 азы.

Уымæй дарддæр, сентябрæй республикæйы ацæудзысты адæмæн фыццаградон æххуыс ба-кæныны æмæ сын æдас уагахаст æмбарын кæныны фæдыл лæвар курсытæ. Уыдон рацæуыны бар уыдзæн 14 азæй 35 азы онг. Ацы курсыты сахуыр кæнынмæ ныридæгæн куырдиæттæ балæвæрдтой 1500 адæймаджы. Нæ бæстæйы абоны уавæр нымайгæйæ, бафиппайын хъæуы уый, æмæ пъæлицæ æмæ æфсæддон ахуыры æмрæнхъ тынг ахсджиаг сты ахæм курсытæ дæр.

                                                                                   Нæ  уацх.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.