Сæ тæмæны сты «Южный сад»-ы тыллæг æфнайæн куыстытæ.

Дыргъдоны цы тыллæг æрзадис, уымæй фæхай кодтой Цхинвалы æмæ Дзауы скъола интернатæн, зæрæдты хæдзар «Аудындзинад», реабилитацион центр «Ныфс», «Ленингоры сывæллæтты хæдзар», скъолатæ æмæ скъолайы агъоммæ уагдæттæн, Мыхуыры хæдзары кусджытæн.  

Агрофирмæйы директор Бекъойты Леван ахæм хæрзаудæн акци аразы ныр цыппæрæм аз.

Куыд зонæм, афтæмæй дыргъдон саразынæн Инвестпрограммæййы фæлгæтты Кæсæг-Балхъайраг инвесторæн хицæн æрцыд 100 милуан сомы. Дыргъдон райдианы арæзт æрцыд 45 гектары фæзуатыл, фарон азæй йæ фæуæрæхдæр кодтой. Талатæ æрластой Италийæ фыццаг аз ныссагътой 60 мин талайы бæрц. Уыдон æртæ азмæ дæттын райдыдтой хъæздыг тыллæг. Фæткъуыты сорттæ иууылдæр сты хæрзгъæд æмæ нæ климатон уавæрты хорз чи зайы, ахæмтæ. Дыргъдонæн ис йæхи сæрмагонд техникæ. Йæ рæстæджы дыргъдоны сæр арæзт æрцыд егъау бассейн, цæмæй дыргъдоны донхæр хъуаг ма баййæфтаид. Ихуардтытæ æмæ тыхдымгæтæй тæссаг арæх кæй вæййы, уый нысанæн та дыргъдоны сæрмæ айвæзтой сæрмагонд хызтæ.

Дыргъдоны æппынæдзух кусы 60 адæймаджы бæрц, уыдон æхсæн специалисттæ. Уыдон сæрмагондæй æрвыст æрцыдысты ахуыр кæнынмæ Уæрæсейы Федерацимæ æмæ сахуыр кодтой агрономы дæсныйад. Кæд æмæ исты фарстатæ фæзыны, уæд та Цæгат Ирыстон-Аланийæ фæлтæрд агрономтæ æрхонынц. Уыдон бынаты кусджытæн ауадзынц инструктажтæ, куыд хуыздæр æмæ цафон хъæуы дыргътæм бахæссын хъацæнтæ, уый тыххæй.

Иууыл æнтыстджындæр инвестици

Бæлæстæм хорз кæй зилынц, уый бæрæг у иу гектарæй 50 тоннæйы бæрц тыллæг кæй æркæнынц, уымæй. Дыргъдоны директор куыд  зæгъы, афтæмæй бæлæстæй искæцы куы фæрынчын вæййы, уæд ивд æрцæуы æндæрæй. Тала садзыны рæстæджы та агрономты амындмæ гæсгæ кусджытæ скъахынц йæ зиллаг 90 сантиметры æмæ йæ арф та 40-50 см. кæмæн у, ахæм уæрм. Тала дзы куы нывæрынц, уæд æй байдзаг кæнынц 40 килограммы компостæй, хæццæ йæм кæнынц 100 граммы суперфосфат æмæ 100 граммы та калийы хъацæнтæ. Фыццаг рæстæджы талайыл арæх хъæуы сæрмагонд хъацæнтимæ дон кæнын, фæлæ стæй тала куы фæфидар уа, уæд æй дон афтæ арæх нал хъæуы. «Гъе афтæ сфидар кæнæм мах фæткъуыйы бын æмæ стæй хорз тыллæг уымæн фæдæтты. Бирæтæй фехъусын, сымахмæ дам, хорз тыллæг уымæн æрзайы æмæ сæ арæх пырх кæнут алыгъуызон, адæймаджы организмæн зианхæссæг химикаттæй. Химикаттæй дæр дыргъ пырх цæуы, фæлæ уый уымæн у, цæмæй бæлæстыл уырынгонтæ ма фæзына. Стандарт æй та никуы ахызтыстæм. Æмæ алчи дæр афтæ куы зила йæ дыргътæм, уæд райсдзæн хъæздыг тыллæг», – зæгъы Бекъойты Леван.

Ныртæккæ «Южный сад»-ы тонынц сæрдыгон сорт дыргътæ – «Голден», «Гала», «Нестер». Фæстæдæр та бавналдзысты æндæртæм. Ивгъуыд аз дыргъ тонынмæ фæхуыдтой 100 адæймаджы бæрц. Уыдонæн боны мидæг фыстой 1500 сомы. Ныр кусджытæ фылдæр сты æмæ сæ куыстмызд дæр боны мидæг у 1700 сомы. Æппынæдзух дзы чи кусы, уыдон мызд та у 30 мин сомы.

«Южный сад»-ы сæргълæууæг ма куыд зæгъы, афтæмæй тыллæджы иу æмбис кæд хæрзаудæн хъуыддагæн лæвæрд æрцæуы, уæддæр йæ фылдæр хай ласт æрцæуы Уæрæсейы Федерацимæ таможнæйыл. Дыргътæ аласыны тыххæй йæ рæстæджы арæзт æрцыд æмбæлон гæххæттытæ æмæ бадзырдтæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.