ТУРИЗМ  –  ПАЙДАЙЫ   ГУЫРÆН

Советон дуджы туризм Цæгат Ирыстоны размæдзыд къабаз уыд, стæй канд махмæ нæ. Уæд алы адæймаджы бон дæр уыд афæдз иу хатт уæддæр баулæфын, дард балцы ацæуын. Фæлæ канд фæрæзтыл нæ цæуы дзырд. Нæуæдзæм азты цæмæдæр гæсгæ фæсарæйнаг туристты фæндаг æхгæд æрцыд бирæ регионтæм, уыдонимæ нæ республикæмæ дæр. Ссæдз азы дæргъы махмæ фæсарæнтæй туристтæ нал цыдысты. Ныр республикæйы Хицауады архайды фæрцы 2018 азы Уæрæсейы разамынд уынаффæ рахаста Цæгат Ирыстоны уыцы номхыгъдæй сисыны тыххæй. Ныр кæй фæнды, уыцы фæсарæйнаг æмбæстæгтæн сæ бон у æнæкъуылымпыйæ нæ республикæ бабæрæг кæнын.

Уый нымайгæйæ, республикæйы разамынд ноджы тынгдæр се ʻргом аздæхтой туризмы къабазы рæзтмæ. Уыцы нысанæн æрæджы Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд Цæгат Кавказы федералон зылды æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы иумæйаг форум “Æмæхсæнад”. Республикæйы разамындæй дарддæр ма дзы архайдтой, туризмы къабазы чи кусы, уыцы адæймæгтæ – хицаудзинады, бизнесы минæвæрттæ, æмбæстагон активисттæ.

Æхсæнадон палатæйы секретарь Ва-лерий Фадеев йæ раныхасы куыд бафиппайдта, афтæмæй форум Цæгат Ирыстоны хуымæтæджы уагъд не ‘рцыд. “Республикæйы ис æппæт гæнæнтæ дæр, цæмæй суа Цæгат Кавказы туризмы центр. Ирыстоны ис тынг рæсугъд æрдз, историон æмæ архитектурон цыртдзæвæнтæ, æвæджиауы суæрттæ… Йæ рæстæджы ардæм цыд бирæ туристтæ, æмæ уыцы хъуыддаг хъæуы сног кæнын. Цæмæй уый къухы бафта, уый тыххæй Уæрæсейы Æхсæнадон палатæ сараздзæн æппæт дæр”, – загъта федералон чиновник.

Куыд зонæм, афтæмæй проект “Мамысон”-ы арæзтад республикæйы райдыдта цалдæр хатты, бирæ куыстытæ дзы æрцыд конд дæр, ис дзы æппæт инфраструктурæ дæр, фæлæ та-иу фæрæзты аххосæй бамынæг. Ныр та фæсарæйнаг туристтæн фæндаг куы байгом ардæм, уæд æм ногæй раздæхтысты. Уый фæдыл уыд йæ ныхас республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн дæр. Уый, форумы архайджытæн арфæ ракæнгæйæ, сæйраг æргом аздæхта “Мамысон” æмæ “Хæххон Дыгургом”-ы арæзтадмæ: “Ацы дыууæ проекты цæмæй кæронмæ ахæццæ уой, уый тыххæй хъæуы иу цасдæр уæлæмхас фæрæзтæ. Уыцы хъуыддаджы нын ныфс бавæрдта Уæрæсейы Федерацийы Хицауад. Хæххон лыжæтыл бырæн комплекс “Мамысон” куы скуса, уæд нæм цæуын райдайдзæн тынг бирæ адæм. Ахсджиаг проект у “Хæххон Дыгургом” дæр. Ныри-дæгæн дзы арæзт цæуы фысымуæттæ, фæлæ йæ кæронмæ ахæццæ кæнынæн нырма бирæ хъæуы. Нæ фæндонмæ гæсгæ адон хъуамæ суой федералон программæйы архайæг. Цæмæй туристты æргом тынгдæр раздахæм, уый тыххæй хъæуы бирæ кусын, рекламæ кæнын, саразын сæрмагонд бренд “РЦИ-Алани”. Гуырысхойаг нæу, Ирыстон кæй суыдзæн турист-тæн уарзондæр бынат, раздæр куыд уыд, афтæ. Проектты арæзтад ма республи-кæйæн ратдзæн, æппынкъаддæр, 3 мин уæлæмхас куысты бынæттæ”.

Туристты нымæц фылдæр кæнынæн ахъаз кæй уыдзæн уæлдæфон транспорт, уый нымайгæйæ, ныридæгæн ацы азы 1 майæ фæстæмæ аэропорт “Дзæуджыхъæу”-ы фæзынд ног рейс Ростовмæ. Уымæй уæлдай ноггонд цæуынц рагон туристон маршруттæ хæхтæм, амалхъомтæй та бирæтæ сæхимæ райстой историон цыртдзæвæнтæ цалцæг кæныны хæс.

Туризм, ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнын, культурæ æмæ царды æндæр къабæзтæ ног, бæрзонддæр æмвæзадмæ сисыны тыххæй тыхджындæр æмæ фидардæр кæнын хъæуы республикæйы экономикон хъомыс. Уымæн та хорз ахъаз уыдзæн туризмы рæзт…

                                                                            Нæ  уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.