Томайты Мæхæмæт уыд уырыссаг æфсады службæгæнæг. Фæлæ ирон адæмы ‘хсæн йæ ном баззад, куыд мæгуыр адæмы сæрыл тохгæнæг, сæ бартæ хъахъхъæнæг, афтæ. Мæхæмæтæй æмризæджы рызтысты чиновниктæ, уымæн æмæ сын никæй æфхæрд барста, иста сæ адæмы маст. 1850 азы Хуссар Ирыстоны цы «змæстытæ» уыд, уыдоны сæйраг аххосджыныл банымадтой Томайты Мæхæмæты. 1850 азы Томайты Мæхæмæт, Тасолтан, Ибахъ æмæ æндæртæ бахатыдысты паддзахы наместник Воронцовмæ, цæмæй сын бамбара сæ тохы нысан Мачабелты æлдæртты ныхмæ. Мæхæмæт домдта æрмæстдæр рæстдзинад, ома, мах алы хъуыддаджы дæр кæсæм æмæ кæсдзыстæм Уæрæсейы хицауады коммæ, фæлæ Мачабелтæ махмæ куы ницы бар дарынц, уæд нæ цæй тыххæй хъуамæ домой хъалон фидын?.. Уæрæсейы наместник æмбæрста, Мачабелты ныхмæ ирæтты растад раст кæй уыд, фæлæ йæ бон нæ уыд сæ раздзог Томайты Мæхæмæтæн ныххатыр кæнын. Уымæ, куыд уырыссаг æфсады прапорщик, афтæ æнхъæлмæ каст æфсæддон трибунал. Томайы фырт цалдæр æмбалимæ æмбæхст Дыгургомы. Ам фæцис æртæ мæйы бæрц, стæй, ахсынæй тæрсгæйæ, йæхи айста Цæцæнмæ. Цæцæны уæвгæйæ, Мæхæмæтмæ бахатыдысты, цæмæй райса пысылмон дин, фæлæ Томайы фырт не сразы йæ дин фæивыныл æмæ фæстæмæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Æмбæхст хъæды. Фæлæ зыдта, йæ фæдыл кæй зилынц, уый, цас хъуамæ ба-уыдаид йæ бон æмбæхстæй цæрын æмæ барвæндонæй радта йæхи.

Стæрхон ыл кодтой нырма Тифлисы, стæй та – Дзæуджыхъæуы. Тæрхондон æй банымадта хæххон адæмы растады сæйраг аххосджыныл. Мæхæмæт йæхи «аххосджыныл» банымадта уымæй, кæй тох кодта ирон адæмы бартыл, кæй сæ хъахъхъæдта тыхми æмæ æфхæрдæй. Тæрхондоны уынаффæмæ гæсгæ 1851 азы 27 октябры хаст æрцыд Тамбовы губернимæ.

Хур æмæ хæфс

(Аргъау)

Раджы кæддæр хурæн йæ лæппу амарди æмæ йæ тынтæ бамбæхста, зæхмæ хуры цъыртт нал уагъта. Иу бон хæфс йæхи рабæлццон кодта æмæ хурмæ сфардæг ис. Балæууыд йæ разы æмæ йын зæрдæтæ æвæры:

– О, хур, афтæ æнхъæлыс, æмæ дæуыл цы æрцыд, уый æндæр никæуыл æрцыд? Нæ зоныс, адæм иууылдæр гуыргæ æмæ мæлгæ сты. Ды уæд дæ фырты фæстæ дæ зæрдæмæ куыд ныккастæ, зæхмæ иу хуры цъыртт дæр куы нæуал уадзыс! Уагæр дын мæ лæппуйы хуызæн куы уыдаид, хъоппæгдзæст, йæ цыппар къабазæй дæр денджызы алырдæм ленк чи кæны, уæд, æвæццæгæн, дæхи æгас нал ныууагътаис.

Уæд хур фæхудт æмæ йын афтæ зæгъы:

– Кæд мæ лæппу уый хуызæн дæр нæ уыди, уæд æцæг дзæгъæлы куы мардтон мæхи хъизæмарæй абоны онг, – æмæ та уæдæй фæстæмæ кæсын байдыдта.

Иудзинады тых – ирон æмбисæндты

Арвæй ахæм дур не ‘рхаудзæн, адæм кæй не сфæразой

Æмвæнд, æмдзырд адæмæн хох дæр нæ лæууы

Адæм куынæ уой, уæд иу адæй-магæн фæцæрæн нæй

Фылдæр адæм чердыгæй уой, тых дæр уыцырдыгæй ис

Иу къухæй бирæ бакусæн нæй

Иу цæстæй сæдæйы цæст уынаг-дæр у

Иунæг чындзæхсæвы дæр мæ-гуыр у

Сыхаг – айдæн, хъæубæстæ – чи-ныг

Дæхи базонын дæ куы фæнда, уæд адæмы бафæрс

Иу мыдыбындз чыргъæд нæ дзаг кæны

Иу æхсидавæй арт нæй

Иунæг бæлас – халæтты бадæн

Урсаджы куыст кæнынимæ баст рагон зарджытæ

Ирон адæм, хæхбæсты цæргæйæ, бирæ фыдæбæттæ æвзæрстой, сæ цард уыд цуан кæнын æмæ фосдардæй. Уымæ гæсгæ нæ дзыхæйдзургæ сфæлдыстад хъæздыг у, куыд цуан кæнынимæ баст, афтæ урсаджы куыст кæнынимæ баст чи у, ахæм таурæгътæ æмæ зарджытæй дæр.

Хъуылæг

(царвцæгъдын)

цæгъдыны зарæг

Царв фестай, мыд фестай,

Галы сæрæй ыстырдæр,

Цæстысыгæй рæсугъддæр,

Пехуымпарæн- кувинаг.

Дæхæдæг рæстмæ куынæ фæуай, –

Æвзæр æфсинæн – худинаг.

Æндæр вариант

Сæ лæг хъуылæг цагъта,

Сæ ус къуымæл дыгъта,

Сæ лæппу цырагъ дардта,

Сæ чызг фæндыр цагъта,

Сæ чындз лæугæ кодта,

Хъуылæг, хъуылæг, гарачъи!

Дзыкка кæныны зарæг

Сой, сой, мæ дзыкка,

Кæд сой нæ кæныс,

Уæд дæ нæ сау гæды ныссæдзæд.

Равдыл, равдыл, мæ дзыкка,

Бабайы зынг бахуысса,

Мæнæн мæ ахсæны дон чи ракалдта,

А, дзыкка дын!

Æсоммæ мын æй нывæр!

«Нана, мæ дзыкка цы фæци?»

«Бæлон æмæ цъиусур æрбауадысты æмæ йæ ахордтой».

Æндæр вариант

Дзыккагæнæг Цыдæйон!

Сой скæна, къæвда, къæвда!

Сой нæ кæны нæ дзыкка!

Къæвда, къæвда, нæ дзыкка!

Нæ дзыкка равдыл, равдыл!

Æддейæ та къæвда кæны!

Равдыл, равдыл, нæ дзыкка!

Сой нын кæна нæ дзыкка!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.