Цард цæуы æмæ фарн йемæ хæссы… Иу афон ивы иннæмæй. Семæ ивæм мах дæр. Ныр нæ уыйбæрц нал фæнды, нæхи хъарм стухгæйæ, телевизоры раз бадын. Фыццаг хуры тынтæ æркастысты æмæ нæ æлвасынц уынгмæ. Фæлæ даргъ зымæджы фæстæ нæ организм слæмæгъ вæййы, витаминтæй фæцух вæййы æмæ нæ тыхтæ фæкъаддæр вæййынц царды хорздзинæдтыл цин кæнынæн. Иууыл арæхдæр æууæлтæм хауынц: тагъд фæллайындзинад, нæ зæрдæйы равг арæх раив-баив кæны, тынг арæх рынчын кæнæм алыгъуызон вирусон инфекцитæй. Цæмæй уалдзæгыл хорзæй сæмбæлæм, уый тыххæй, куыд æмбæлы, афтæ хъæуы организм баццæтæ кæнын.

Уымæн, фыццаджыдæр, хъæуы нæ зæрдæйы уаг фæпозитивондæр кæнын. Бæрæг куыд у, афтæ нæ хъуыды у материалон. Тох кæнын нæ бахъæудзæн парадоксалон фæзындимæ, æрдз хъал кæнынмæ куы фæвæййы, уæд адæймаг та иннæрдæм, карзæй фæхаты царды тыхты дефицит.

Уалдзыгон уонгуагъды аххосаг

Иу афон иннæмæй куы фæивы, уæд адæймаг æвзары стресс, кæцы баст у буары биоритмты хæлдимæ, кæцы йæхирады æркæны буары органты æмæ системæты хæлдмæ. Уый аххосæгтæм хауы нæ цардыуаг дæр, цас дарддæр стæм æрдзмæ, уыйас æвзæрдæр у,  нæхи цыппар къулы ‘хсæн бакодтам, кæм ис плас-тикон рудзгуытæ æмæ афтæ дарддæр. Нæ нын фаг кæны кислород, цъус змæлæм æмæ уымæн къаддæр нысаниуæг нæй. Адæттæм ма бафтауæм уæззау, сой хæринаг, хуры дефицит, ома, витамин Д æмæ бирæ æндæр витаминтæ.

Ацы афон карзæй æвзарæм: тыхты лæ-мæгъдзинад, апати, хандра, неврозтæ, депресси дæр. Æмæ ма уыимæ сытынг вæй-йынц хроникон низтæ. Уымæ гæсгæ уалдзæджы райдиан тынг бандавы, зæрдæ-дадзинты низтæ кæмæн ис, уыдон, гипо-гипертониктæ, ревматизм кæмæн ис, уыргты, игæры, улæфæнты ахсæны низтæ кæмæн ис, уыдон дæр.

Куыд бацæттæ кæнын хъæуы организм уалдзæгмæ

Фылдæр хъæуы сыгъдæг уæлдæфмæ цæуын. Куыстæй хæдзармæ цæуыны фæндаг нымад нæ цæуы, паркмæ уæддæр ацæут, хъæдмæ ацæуын та – ноджы хуыздæр. Цæуын хъæуы райсом раджы, уымæн æмæ уæд вæййы хуры тынты бирæ витамин D, кæцы ахъаз у кальци организмы баззайын кæнынæн.

 Хорз уаид витаминты курс рацæуын дæр, фæлæ рох кæнын нæ хъæуы, уыдон алкæмæн дæр дохтыр индивидуалонæй кæй хъуамæ рафысса.

Нæ цардыл анализ скæнын

Серьезонæй ахъуыды кæнын хъæуы, уæ царды уын алцыдæр йæ раны ис æви нæ. Чизоны уæ зæрдæмæ нæ цæуы уæ куыст, уæ алыварс цы адæм ис, уе ‘мбæлттæ…

Кæд нæ, уæд уалдзæг тынг хорз рæстæг у,  уæ царды исты фæивынæн.

Æмæ нæ хъæуы рох кæнын, уалдзæг кæй у иууыл рæсугъддæр рæстæг – цард куы райгас вæййы.

Хорз уалдзæгтæ уыл цæуæд!

Æрмæгыл бакуыста

ТЪЕХТЫ Аллæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.