Усанеты дзуар

Усанеты кувæндон у тынг зындгонд дзуар, кувынц æм Медзыдагомы хъæуты цæрæг адæм. Ирыстоны цы бирæнымæц кувæндæттæ ис, уыдонæй алкæцы дæр хъæздыг æмæ цымыдисаг у йæхисæрмагонд историйæ, бæлвырддæр зæгъгæйæ, чи сæм куывта, чи сын табу кодта, уыцы куывддзау адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæй лæвæрдтой, ахæм цымыдисаг хабæрттæй.

Уыцы кувæндæттæй Усанет бирæ-бæрцæй хицæн кæны, æрмæст дзыхæйдзургæ сфæлдыстады фæрцы баззайæг хабæрттæй нæ, фæлæ цæстуынгæ æрмæджытæй. Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй кæддæр кувæндоны къуымтæ йедзаг уыдысты саджы сыкъатæй. Чи сæ рыййæфта, уыцы кардзыд адæмæй нырма дæр бирæтæ сты цардæгас. Уыцы сыкъаты нымæц азæй-азмæ къаддæр кодта, уымæн æмæ сæм рагæй нал бафтыд… Алы аз дæр, дам-иу йæ кувæн бон саг йæ-хæдæг æрцыд дзуармæ æмæ-иу æй уым аргæвстой. Иу хатт саг цыдæр аххосагæн ныффæстиат, фæлæ уæддæр дзуары размæ æрхæццæ, фырфæлладæй йе взаг раппæрста, афтæмæй. Уæд, дам, иу фыдахин лæг, цæмæн æрæгмæ цыдтæ, зæгъгæ, йæ кард фелвæста, саджы взаг дзы æрлыг кодта æмæ йæ цæхæры баппæрста. Уæдæй фæстæмæ кувæндонмæ саг никуыуал æрцыд…

Зондджын æххуырст

Иу сауджын архайдта йе ‘ххуырстæн фылдæр кусын кæныныл хæрдæй та цух куыд æййæфтаид… Иу райсом раджы хъуамæ хос кæрдынмæ ацыдаиккой. Сауджын йе ‘ххуырстæн дзуры:

– Цæй, аходæн ам бахæрæм, æфцæгмæ ма йæ цы хæссын кæнæм.

– Хорз, – загъта æххуырст æмæ аходæн хæрыныл æрбадтысты.

– Цæй, æххæст нæ сихоры хай дæр ам бахæрæм, уырдæм ма йæ цы хæссын кæнæм, стæй хуыздæр у, сихор хæрыны бæсты кусгæ куы бакæнæм…

– Хорз, – загъта та æххуырст æмæ ма æнæбары цыдæртæ ахордтой.

– Цæй, бавдæлæм æмæ æххæст æхсæвæр дæр бахæрæм, цæмæй ма нын изæры дæр исты антыса кусын…

– Хорз, – загъта та æххуырст. Æфсонæн мf фæйнæ комдзаджы акодтой, æндæр сæ бон нал уыд хæрын. Куы сыстадысты, уæд æххуырст йæ нымæты бызгъуыр айста æмæ фæраст уæлхæдзармæ.

– Кæдæм фæцæуыс? – фæрсы йæ сауджын.

– Куыд кæдæм, æххæст зæгъын, хуысгæ дæр скæнæм. Тæккæ хосгæрдæны æхсæвæры фæстæ бадын нал æмбæлы, – радзырдта йæм æххуырст, йæхæдæг йæ нымæт уæлхæдзар æрытыдта æмæ йыл æрхуыссыд.

Сауджын хæлиудзыхæй баззад.

БÆГÆНЫЙЫ ЗАРÆГ

Уæй, бæгæны, дам, бæгæны,

Уастырджийы фæлдисгæ бæгæны.

Уæлæ хохæй цъиу ратахти,

Дæлæ рæзбынмæ ныттахти.

Дыргъбыны бæласыл бабадти,

Хуымæллæджы мæцкъортæ бахордта,-

Уый йæ сæры бацыди,

Мæгуыр цъиу зæххмæ ахаудта,

Мæгуыр сугдзау æй ссардта.

Мæнæ, дам, диссаг-æмбисонд,-

Сатанамæ йæ бахаста;

Уый, дам, æй артмæ батавта.

Мæгуыр цъиу омынтæ байдыдта;

Хуымæллæджы мæцкъортæ фæуомдта.

Мæнæ, дам, диссаг-æмбисонд.

Уæлæ, дам, хохмæ арвыста

Æмæ сыгъзæрин Уастырджийæ

Зады нæмгуытæ æрхаста,

Уыдонæй бæгæны бантыдта;

Ой, бæгæны, дам, бæгæны.

Ой, бæгæны, сой бæгæны.

Сой бæгæны, амонды бæгæны

Уæдæй нырмæ, дам, базыдтам.

Бирæ фæцæра уыцы цъиу,

Уымæй фылдæр та – Сатана.

Сæрибары тохы нысан ирон æмбисæндты

*Кæвдæсарды тых дуртæ дæр халы

*Калмы йæ сæрæй хъæуы марын.

*Зæххыл нæй æнусмæ бардарæн.

*Дуг æрцæудзæн, паддзах амæлдзæн.

*Æвзæр кардæй фæрæт хуыздæр, æвзæр цардæй мæлæт хуыздæр.

*Фыдбонæй мæлæт бирæ хуыздæр у.

*Æфсондзæй чи суæгъд уа, уый фæстæмæ æфсондзы бынмæ нал бакомдзæн.

*Знаг дæм йæ хъул куы баууила, уæд æм тохси баууил.

*Фыс сабыр у, фæлæ куы смæсты вæййы, уæд сæрæй хæцы.

Уыци-уыцитæ æрдзы фæзындты тыххæй

Иу лæгæн – дыууадæс фырты (афæдз).

Нæ зæронды дысæй дыууадæс цъиуы ратахт (афæдз æмæ дыууадæс мæйы).

Куы урс, куы сау (сæрд æмæ зымæг).

Сау гал бацæуы æмæ сæ амары, урс гал бацæуы æмæ сæ райгас кæны (æхсæв æмæ бон).

Сыгъзæрин ацæуы æмæ æвзист æрбацæуы (хур æмæ мæй).

Нæ уæлхæдзар – цæхæры кæфой, йæ астæу – дзулы чъири (мæй æмæ стъалытæ).

Нæ цары – цæхæры кæфой (арв æмæ стъалытæ).

Нæ зæххыл лæууы, нæ – арвыл, афтæмæй пайда у адæмæн (мигъ).

Æнæкъах, æнæкъух, афтæмæй дуар бакæны (дымгæ).

Бæркадæн ахъаз, адæмæн æнкъарды хос (къæвда).

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.