Ивгъуыд къуыри нæ республикæйы районтæй алкæцыйы дæр уыд зынгсивæрзты цаутæ. Уый та катайы æппары адæмы. Дзырд дæр ыл нæй, æнæнхъæлæджы нæ сарæх сты афтæ… Кæйдæрты фыдаудæн кæнæ æнæрхъуыды митæй кæдмæ тыхсдзысты адæм, кæдмæ улæфдзыстæм фæздæг?..

Зынгхуыссынгæнджыты хайадмæ уыцы-иу рæстæджы æрбадзырдтой Прис, Сатихъар, Къусрет æмæ Бадаты хъæутæй. Пресс-службæйы информацимæ гæсгæ ма уыцы бон зынгсивæрзт уыд Дзарцъемы полигоны æмæ ЦАРЗ-ы микрорайоны дæр.

Присы хъæуы адæм кодтой уалдзыгон æфснайæн куыстытæ сæ цæхæрадæтты, брæттæ æмæ хус сыфтæртыл арт бафтыдтой. Арт судзгæ-судзгæ ахызт æмæ схæцыд мæнгагъуыст. Зынгхуыссынгæнджыты фæрцы арт нал ахызт цæрæн хæдзармæ, кæцы хæрзæввахс уыд, арт кæм гуылф кодта, уымæ. Ацы зынгсивæрзтыты аххосджын сты адæм сæхæдæг, уымæн æмæ зынгсивæрзты фæткойтæм кæсынц куыдфæндыйы цæстæй.

Улæфты бонты дæр та уыд 70 зынгсивæрзты. Уыдонæн дæр сæ аххосаг уыд адæмы уæлæнгай  кæнæ фыдаудæн ахаст.

10-æм марты боны дыккаг хайы та Цхинвалы цæгат хай райдыдта судзын. Уадид горæт фæздæджы бын фæцис, фæздæг æмæ цавæрдæр æнуд тæфæй стыхстысты Мæскуыйаг, БАМ æмæ Цæгаттаг микрорайоны цæрджытæ. Куыд рабæрæг, афтæмæй ныр та ссыгъд, горæтмæ хæстæг хъæбæр æвзарæнтæн цы брондон ис, уый. Уæлвæткон уавæрты министрады структурæтæ æххуысмæ фæ-дзырдтой æндæр ведомствотæм дæр. Æппæт уæвæг техникæйы тыхтæ, нымæцæй 10 машинæ кæд архайдтой, уæддæр зынг ахуыссын кæнын сæ къухы нæма бафтыд. Артыл калынц сыджыт, цæмæй ма цæуа дарддæр æмæ ахуыссой зынгсивæрзты гуырæнтæ. Фæлæ та арты пиллон æнæнхъæлæджы скæлы æндæр ранæй. «Мæскуыйаг микрорайоны цæрын, знон фæссихор уæлдæфы сыстад цавæрдæр æнуд тæф. Изæрæй та бынтондæр сулæфæн нал уыд. Рудзгуытæ сæхгæдтам, фæлæ уæддæр хæдзæрттæм дæр бакалд тæф», – зæгъы Бестауты Ацæмæз.

Уæлвæткон уавæрты министрады пресс-службæ куыд зæгъы, афтæмæй фæстаг къуыри, æнæ иу уысм æрлæугæйæ, кусынц æхсæвæйбонæй. Дысон дæр та хицæн æмæ хицæн ра-йонтæм уыд 23 фæдисы цауы.

Ацы æвирхъау цауты аххосаг сбæрæг кæныны нысанæн 11-æм марты райсомæй Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта экстренон æмбырд. Хайад дзы райстой Хицауады уæнгтæ æмæ горæт æмæ районты сæргълæуджытæ.

«Цалынмæ рабадтмæ не ‘рбацыдтæн, уæдмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан, Уæлвæткон уавæрты министры хæдивæг Бестауты Ацæмæзимæ иумæ уыдыстæм, Хеитмæ хæстæг цы брондон ис, уым. Ам арт хуыссын кæныныл архайынц цалдæр структурæйы техникæ. Кæмдæрты сын бантысы арт слокализаци кæнын, фæлæ та æнæнхъæлæджы фæзыны æндæр ран. Мах иууылдæр æрцыдыстæм иу хъуыдымæ, фæстаг дыууæ къуырийы цы зынгсивæрзтытæ æрцæуы, уыдоны аххосджын у адæймаг. Уæззау техникæ иууылдæр архайынц полигонмæ сыджыт ласыныл æмæ йæ калынц артыл. По-лигонæн къахт æрцыд йæ алфæмблай, цæмæй зынгсивæрзты фæзуат дарддæр ма ахиза. Йæ алфæмблай цы бæстыхæйттæ ис, зæгъæм, паддзахадон ансамбль «Симд»-ы агъуыст, уыдонæн зынгсивæрзтæй тас нæу», – загъта Хицауады Сæрдар.

«Уалдзæджы æрбалæудимæ адæм сæ цæхæрадæттæм бавналынц æфснайынмæ æмæ сыл арт бандзарынц, уый та стыр зиан хæссы адæмæн. Иу æмæ сæ дыууæ хатты нæ бафæдзæх-стам. Фæлæ, уæддæр азæй-азмæ фæлхатт цæуы уыцы иу ныв. Цыма кæрæдзимæ быцæу кæнынц, чи фылдæр сыфтæртæ басудздзæн… Уыцы фæздæг зиан хæссы, фыццаджыдæр, сывæллæттæн æмæ кардзыд адæмæн. Сыфтæрты фæздæджы ис бирæ канцерагенон буарадтæ, кæцытæ стыр зиан хæссынц астмæйæ æмæ аллергийæ рынчын адæмæн. Уыцы фæздæджы ма вæййы, ракы низы райрæзтæн ахъаз чи кæны, ахæм буарадтæ дæр», – дзырдта Æнæнхъæлæджы цауты министры хæдивæг Бестауты Ацæмæз.

Пухаты Эрик хæслæвæрдтæ радта министрадтæ æмæ ведомствоты сæргълæуджытæн, цæмæй сæ бæрны цы техникон иуæгтæ ис, уыдон бацæттæ кæ-ной æмæ сæрбахъуыды рæстæджы цæттæ уой æххуысмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.