Бирæ ис Цхинвалы районы хуымзӕххытӕ. Уыдон раздæр, советон дуджы, куыст цыдысты æмæ сæ хъæууон фæллойгæнæг иста алыгъуызон хъæууонхæдзарадон продукттæ. Ныр уыцы рӕстӕджытӕ фӕстийӕ аззадысты, баззадысты нын ӕхцон мысинагӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уӕддӕр хӕдзардзин зӕхкусӕгӕн йӕ ныфс нӕ сӕтты, ӕууӕнды сомбоны хуыздӕр цардыл. Фӕлӕ уыдон нырма сты фидӕны нывӕзтытӕ. Ныр та уал зӕхкусӕг æнцойад нӕ зоны, тыхсы техникӕйы хъуагдзинады аххосӕй.

Ӕрмӕст Къостайыхъӕуы цалдӕр фермерон хӕдзарады ис, ӕрвылаз дӕр байтауынц ӕфсирон культурӕтӕ, сӕхи тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзты фӕрцы сӕм бахӕссынц минералон хъацӕнтӕ ӕмӕ сӕ тыллӕгӕрзад вӕййы зӕрдӕйы фӕндиаг. Цӕвиттон, Хъабанты Хъазбеджы фермерон хӕдзарад уал а-фӕззӕджы фӕззыгӕнд мӕнӕу байтыдта 6 га, фылдӕр та ныр  байтаудзӕн хъӕбӕрхоры культурӕ. Уымӕн ын мӕр у хуымгонд, ис ӕм фаг тауинаг дӕр ӕмӕ ныр ӕнхъӕлмӕ кӕсы, тауӕн техникӕ йӕ къухы кӕд бафтдзӕн, уымӕ.

Раззагоныл нымад у ацы хъӕуы «Билурта»-йы хӕдзарад дӕр, кӕд бынтон ӕрӕджы райдыдта йӕ архайд, уӕддӕр цӕуы раззагдӕрты рӕнхъыты. Ацы хӕдзарад ӕрвылаз дӕр байтауы ӕфсирон культурӕтӕ ӕмӕ йӕ тыллӕгӕрзадӕй барухс кӕны зӕхкусӕджы зӕрдӕ. Цӕмӕй знаггадӕй хуымтӕ хызт уой, уый тыххӕй хуымзӕххы фӕзуат ӕрӕмбонд кодтой. Мӕр афӕлдӕхтой а-фӕззӕджы ӕмӕ йӕ ныр та хъуамӕ таугӕ бакӕной, уый тыххӕй ӕн-хъӕлмӕ кӕсынц техникӕмӕ, фӕлӕ… Уыцы бон дӕр хӕдзарады разамонӕг Цхуырбайы фырт тыхстгъуыз уыд, «Агросервис»-ы Уелиты хайады механизатор ӕм хъуамӕ фӕзындаид ӕмӕ…

Нӕ республикӕ цухдзинад ӕййафы алыгъуызон хъӕууонхӕдзарадон техникӕйӕ, сӕ иутӕ сты бынтон зӕронд, сӕ кусыны рӕстӕг кӕй аивгъуыдта, уымӕ гӕсгӕ арӕх хӕлынц, ивӕн хӕйттӕ ссарӕн та сын нӕ вӕййы, кӕнӕ та сӕ балхӕнынц зынаргъӕй. Зӕгъӕм, хӕлдӕй лӕууы «Тъбет»-ы фермерон хӕдзарады техникӕйы иу иуæг, йӕ сцалцӕг кӕнынӕн та дзӕвгар ӕхцайы фӕрӕзтӕ хъӕуы. Хъӕууонхӕдзарадон техникӕ кадавар у, фылдӕр сты хӕдзарадтӕ   ӕмӕ сыл не ‘ххӕссынц, фӕхъӕуы сӕ рады лӕууын. Уавӕр зоны Хъӕууон хӕдзарады министрад дӕр, фӕлӕ ахæм уавæрæй рахизынӕн амал нӕма зыны.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.