Цхинвалы районы раззагдӕр хӕдзарадты нымӕцмӕ хауы фермерон хӕдзарад «Тъбет» дӕр. Уымӕн арӕхстджын разамынд кӕнынц бынӕттон ӕвзонг лӕппутӕ Цхуырбаты Иван ӕмӕ Гаглойты Алан. Куыстыл зӕрдийӕ куы уай, куынӕ тӕрсай зындзинӕдтӕй, ӕдзухдӕр хуыздӕр фӕстиуджытӕ равдисынмӕ куы тырнай, уӕд дын ӕнӕмӕнг уыдзӕн раппӕлинаг бӕрӕггӕнӕнтӕ. Уыцы хъуыддаджы та зӕрдӕ нӕ худы ацы хӕдзарады разамонджытыл, уыдон ивгъуыд азты ӕнтыстытӕ нал банымайынц фагыл, фӕлӕ ӕдзухдӕр се скаст вӕййы ноджы ӕнтысгӕ куыстмӕ. Уымӕ гӕсгӕ ӕрвылаз дӕр фӕззӕджы бӕркадӕй барухс вӕййы ацы куыстуарзаг адӕймӕгты зӕрдӕ. Хӕдзарад, аивгъуыйгӕ азтимӕ абаргӕйӕ, фӕфылдӕр кодта йӕ зӕххыты фӕзуат ӕмӕ йӕм абоны онг ис 60 гектары. Уыцы фӕзуаты иу хай бахуым кодтой фӕззӕджы, иннӕмӕ та рагацау бавнӕлдтой уалдзӕджы ӕмӕ сын ныртӕккӕ иууылдӕр у хуымгонд.

Хӕдзарад фӕззӕджы хорз боныгъӕдтӕй спайда кодта ӕмӕ йын цыбыр ӕмгъуыдмӕ бантыст 8 гектары фӕззыгӕнд мӕнӕу байтауын. Ӕфсирон культурӕты тауыны куыстытӕм афоныл ӕрӕвнӕлдтой уалдзӕджы райдианы ӕмӕ цъой байтыдтой 25 гектары, хъӕбӕрхор та 5 гектары Цъойы культурӕ кӕрдынӕн куы сбӕзза, уӕд ӕй холлагӕн ӕркӕрддзысты ӕмӕ бафснайдзысты сӕ фосӕн. Уымӕй дарддӕр ма цъой ноджыдӕр байтаудзысты 10 гектары тауинагӕн ӕмӕ 15 гектары та хъӕбӕрхор. Кӕд сӕм минералон хъацӕнтӕ нӕ бахастой, уӕддӕр сӕ ныфс ис, ацы фӕзуӕттӕй хъӕздыг тыллӕг кӕй райсдзысты. Уый та уымӕн, ӕмӕ сӕ бирӕазон куысты фӕстиуджытӕй куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ӕфсирон культурӕтӕ рӕстӕгыл ӕмӕ цыбыр ӕмгъуыдмæ тыд куы ӕрцӕуой, уӕд сӕ ӕркӕнӕн ис зӕрдӕйы фӕндиаг тыллӕг. Хуым кӕныны куысты хайад райстой Цхуырбаты Иван йӕхӕдӕг ӕмӕ Гаглойты Юри, тауыны куыстытӕ та фӕззӕгӕй нырмӕ ӕххӕст кӕны ӕвзонг куыстуарзаг лӕппу Гаглойты Ирбег.

Раздӕры азтимӕ абаргӕйӕ фӕфылдӕр се стурты нымӕц дӕр ӕмӕ абоны бонмӕ сты 50, уыцы нымӕцы хъуццытӕ та сты 15. Уыдон райдыдтой цот кӕнын ӕмӕ уал сӕм ноггуырд родтӕ ис 12. Куыддӕр фестырдӕр уой, цъӕх кӕрдӕгыл хизын райдайой, афтӕ дуцгӕ хъуццыты продукци уӕй кæнын райдайдзысты нӕ горӕты ӕмбӕстӕгтӕн.

Хӕдзарад йӕ фосӕн кӕддӕриддӕр бафснайы фаг холлӕгтӕ, афтӕ уыд ацы сезоны дӕр. Уӕлдай дзы чи баззайы, уыдон та ауæй кӕнынц республикӕйы хицӕн ӕмбӕстӕгтӕн, афтӕ ма хӕдзарадтӕн дӕр. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, хӕдзарад тыхсы, сӕ разы иуӕй-иу цӕлхдуртӕ кӕй ис, уый тыххӕй. Цӕвиттон, 2008-ӕм азы августы хӕст сын тынг разиан кодта, сӕ кусӕн техникӕйӕ ӕртӕ иуӕджы кусынӕн нал сбӕззыдысты ӕмӕ хъуыды кӕнынц сӕ баххӕст кӕныныл. Баззад ма сӕм иу хуымгӕнӕн трактор, холлӕгты тыхтӕттӕ прессгӕнӕн ӕмӕ кӕрдӕн агрегаттӕ, фӕлӕ сӕм нӕй ӕфснайӕн комбайн. Уый йедтӕмӕ ма се ркӕнгӕ тыллӕг кӕм ӕмӕ кӕмӕн ауӕй кӕной, ууыл дӕр тынг тыхсынц. Фӕлӕ сӕ ныфс ис, нӕ Хицауад сын алыварсон ӕххуыс кӕй бакӕндзӕн, зӕхкусӕг та фезмӕлыны фыдӕй ницы ныууадздзӕн.

Хӕдзарады ацы дыууӕ разамонӕджы ӕрмӕст сӕхиуыл нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ ма ӕндӕртыл дӕр, зӕхх ӕмӕ фосдарды куыстыл йӕхи чи нӕ тигъ кӕны, уыдоныл дӕр. Архайынц раздӕр азты коллективон хӕдзарадтӕ куыд уӕвынад кодтой, ахӕм хуызы цӕмӕй сырӕза сӕ хӕдзарад. Иудзырдӕй, хӕдзарадмӕ бирӕ хорз фӕндтӕ ис дарддӕры ӕнтысгӕ куысты тыххӕй ӕмӕ сын ӕххӕст кӕнӕнт сӕхи фӕндиаг.

 

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.