“Дзыллон информацийы фæрæзтæ – куыд сабырдзинады æмæ кæрæдзи æмбарынады бындур” – ахæм темæйыл Цæгат Ирыстоны уыд фæсивæдон медиафорум. Ахуырадон проект æххæст кодтой Уæрæсейы Президенты грантты Фонды фæрæзтæй. Архайдтой дзы зындгонд журналисттæ, политологтæ, ахуыргæнджытæ æмæ Цæгат Кавказы æмæ Паддзахад Аланийы университетты журналистикæйы факультетты студенттæ. Форумы программæйы уыдысты пресс-конференцитæ, семинартæ, сфæлдыстадон лабораторитæ.

Дзырдæн аргъ кæнын æмæ информаци бæлвырд кæнын. Хæлардзинад тауын æмæ адæммæ рæстдзинад хæццæ кæнын. Журналистикæ æрмæст дæсныйад нæу, фæлæ зæрдæйы ахаст. Ууыл æппынæдзух хъуыды кæнын у тынг ахсджиаг. Ныртæккæйы парахат информацийы дуджы алы цаумæ дæр хъæуы тынг лæмбынæг цæстдарын. Уыдæттæ æмæ æндæр ахæм фарстытыл дзырд цыдис форумы.

Фидæны æмæ зындгонд журналистты диалог арæзт æрцыд, Цæгат Кавказы фæсивæдон медиафорум “Дзыллон информацийы фæрæзтæ – куыд сабырдзинады æмæ кæрæдзи æмбарынады бындур” æххæст кæнгæйæ.

Ахуырадон проект æрæмбырд кодта Цæгат Кавказы æппæт регионты æмæ Хуссар Ирыстоны æрыгон журналистты. Ахæм хуызы æмархайд кæрæдзийæн дæтты хорз фадæттæ. Фыццаджыдæр кусынц фæлтæрддзинадыл. Стæй уæд фидардæр кæнынц фидæны журналистты бастдзинæдтæ.

Форумы программæ рауад мидисджын. Студентты базонгæ кодтой Цæгат Ирыстоны историимæ. Лекцитæй иу ауагътой Цæгат Ирыстоны универститеты рагон Аланийы музейы. Конференцийы архайджытæ та æрцыдысты иу хъуыдымæ, медиафорумы арæнтæ фæуæрæхдæр кæнын  æмæ йæ алы аз дæр уадзыны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.