Бæрæг куыд у, афтæмæй РХИ-йы Парламентмæ нæ республикæйы æмбæстæгтæ арæх бахатынц алыгъуызон проблемæты тыххæй. Цæрджыты куырдиæттæ æнæхъусдардæй нæ баззайынц æмæ гæнæн уæвгæйæ скъуыддзаг æрцæуынц.

15-æм ноябры та РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан радон хатт йæхимæ райста нæ республикæйы æмбæстæгты. Цæрджыты фарстытæ, сæйраджыдæр баст уыдысты сæ хæдзæртты æмбæрзтытæ сын раивын, хъæумæ дон бауадзын, уынгты асфальт скæнын, афтæ ма сæ куыстæй сифтонг кæнынимæ. Знауыры районы Бехъмары хъæуы цæрæг Козаты Раяйы ныхæстæм гæсгæ сæ хъæуы цæрджытæ зындзинæдтæ æвзарынц, дон сæм кæй нæй, уый тыххæй. «Мах уый размæ та бахатыдыстæм районы администрацимæ, æрбацыдысты нæм районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады минæвæрттæ, ныфс нын бавæрдтой дон рауадзынæй, фæлæ проблемæ уæддæр абоны онг дæр скъуыддзаг не ‘рцыд. Курæг дæ  стæм, цæмæй нын аскъуыддзаг кæнай нæ проблемæ», – загъта уый.

Тадтаты Алан телефоны фæдзырдта Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Хуыбиаты Сосланмæ æм йын бамбарын кодта Бехъмары хъæуы цæрджыты проблемæйы тыххæй. Районы сæргълæууæг ныфс бавæрдта Парламенты Сæрдарæн, зæгъгæ, æввахс рæстæджы райдайдзысты хъæумæ дон рауадзыны фæдыл куыстытæ.

Дзауы поселочы цæрæг Джиоты Эльзæйы та тыхсын кæны паддзахадон унитарон куыстуат «Водоканал» ын йæ фырт Багаты Русланæн куыстмызд кæй нæ бафыста, уыцы фарст. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый нæ кусы æхсæз мæйы, йæ рынчын мадмæ кæй зилы, уымæ гæсгæ. «Цалынмæ мын кусыны уавæр нæй, уæдмæ мæ фырт Багаты Руслан кусынмæ бацыд «Водоканал»-мæ. Куыста Харебаты Исахъы æмæ Гаглойты Хазбийы уынгты арæзтады. Бафыстой йын æхцаты иу хай – 17 мины, фæлæ йын дыккаг уынджы бакæнгæ куысты тыххæй ницы бафыстой кæд цалдæр мæйы рацыд, уæддæр. Ницыуал зонын кæмæ ма бахатон, курæг дæ дæн, цæмæй мын æркæсай мæ проблемæмæ», – загъта Джиоты Эльзæ. Спикер ын ныфс бавæрдта ацы проблемæйы фæдыл боны фæудмæ базоныны тыххæй.

Афганистаны хæстон архайдтыты ветераны идæдз Кокойты Мананæ та закъондæттæг органы сæргълæууæгмæ бахатыд йæ цардæмбалы йын социалон льготæтæ исджыты хыгъдæй цæмæн систой, уыцы фарсты тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый размæ иста социалон льготæтæ. «Мæ цардæмбал Коцты Алан уыд афгайнаг хæстон æмæ лæууыд хыгъды, фæлæ йæ цардæй куы ахицæн, уæд æй рацух кодтой æппæт льготæтæй дæр. Æз куыд йæ идæдз, афтæ социалон льготæтæ нал исын, кæд æмæ æндæртæ исынц, уæддæр. Мæ цардæмбалæн ис 12 хицауадон хорзæхы, фæлæ уый дæр ницæмæ дарынц. Курæг дæ дæн, цæмæй мын аскъуыддзаг кæнай мæ проблемæ. Ивгъуыд азы онг æз истон социальон льготæтæ», – радзырдта йæ проблемæйы тыххæй Кокойты Мананæ. Тадтаты Алан банысан кодта, зæгъгæ, алцыдæр сараздзæн ацы фарст аскъуыддзаг кæыны тыххæй æмæ йæм бахатыд, цæмæй ныууадза æмбæлон куырдиат.

Ногхъæуы цæрæг Цæбиты Мария та спиекрмæ бахатыд йæ хæдзары æмбæрзт ын раивыны тыххæй фарстимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ хæдзары æмбæрзт тæдзы 2008 азæй фæстæмæ. «2009 азæй фæстæмæ бахатыдтæн алы æмæ алы инстанцитæм, баныфс-иу мын æвæрдтой хæдзары æмбæрзт раивынæй, фæлæ абоны онг дæр арæзт нæма æрцыд. Курæг дæ дæн, цæмæй мын баххуыс кæнай мæ фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй», – загъта уый.

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан банысан кодта, зæгъгæ, 2017 азæй реализаци цæуы  2008 азы августы хæсты рæстæджы хъыгдард чи баййæфта, уыцы хæдзæртты æмбæрзтытæ раивыны фæдыл программæ. «Сымах зонут, хæдзæртты æмбæрзтытæ раивыны фæдыл стыр куыст кæй цæуы, уый тыххæй. Ныртæккæ ивд цæуынц 2017 азы куырдиаттæ чи ныффыста, уыдоны хæдзæртты æмбæрзтытæ, фæлæ фидæн аз мах бацархайдзыстæм дæ хæдзары æмбæрзт раивыныл», – банысан кодта Тадтаты Алан.

Парламенты Сæрдармæ химæрайстмæ æрбацыдысты «Маслопром»-ы фæзилæны цæрджытæ. «Мах дæм ныффыстам коллективон куырдиат. Нæ уынджы дæргъ у æдæппæтæй 160 метры, æппæт коммуникацитæ дæр ивд æрцыдысты. Ацы уынджы сты Сæйраг архивон управлени æмæ реабилитацион центр «Ныфс», фæлæ йыл машинæйыл ацæуыныл дзырд дæр нæ цæуы, къахæй ацæуын дæр ыл у проблемон», – загъта цæрджытæй сæ иу Дзанайты Ингæ. Тадтаты Алан ныфс бавæрдта ацы фарсты тыххæй республикæйы къухдариуæгадимæ баныхас кæныны тыххæй, æмæ гæнæн уæвгæйæ «Маслопром»-ы фæзилæны хæрзарæзтады проблемæ аскъуыддзаг кæнын, куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр.

Горæт Цхинвалы цæрæг Хуыбецты Зураб та спиекрмæ бахатыд йæ хæдзар ын сæндидзын кæныны куырдиатимæ. Уый размæ йæхæдæг райдыдта арæзтадон куыстытæ, фæлæ сæ йæ бон нæ бацис кæронмæ фæуын. Тадтаты Алан ын загъта, цæмæй æмбæлон куырдиат ныууадза æмæ йын ныфс бавæрдта арæзтадон æрмæджытæй баххуыс кæныны тыххæй.

Цалдæр сахаты дæргъы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан йæхимæ райста 20 адæймаджы бæрц.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.