РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр радон хатт йæхимæ райста республикæйы æмбæстæгты. Спикермæ цæрджытæ бахатыдысты алыгъуызон проблемæтимæ, фылдæр цæрæнуатон фарстыты фæдыл.

Нæ горæты Дмитриевы уынджы 40-æм хæдзары цæрæг сылгоймаг Парламенты Сæрдармæ бахатыд йæ хæдзар ын сæндидзын кæныны куырдиатимæ, кæцыйæн разианчындæуыд, 2008 азы гуырдзиаг агрессийы рæстæджы снарядтæ йыл кæй сæмбæлдысты, уый фæстиуæгæн.

«2008 азы нæ хæдзар тынг бахъыгдард снарядтæй. Уæдæй фæстæмæ мах нæхи тыхтæй фæлвæрдтам йæ сæндидзын кæныныл, фæлæ нæ бон не ссис. Уæ хорзæхæй, баххуыс нын кæнут, кæд цæрæнуат сæндидзын кæныны уæ бон нæу, уæд та арæзтадон æрмæджытæй. Курæг дæ дæн, гæнæнувæгæйæ, нын аскъуыддзаг кæн нæ проблемæ, уымæн æмæ нæ хæдзар рагæй фæстæмæ ис аварион уавæры æмæ къултæ кæлын райдыдтой», – загъта сылгоймаг. Гасситы Петр ын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, йын йæ куырдиатмæ æркæсдзысты радмæ гæсгæ, æмæ йæм бахатыд, цæмæй йæ номыл ныффысса куырдиат.

«Ноджы дæр уын уæ зæрдыл лæууын кæнын, зæгъгæ, Уæрæсе нал хицæн кæны финансон фæрæзтæ ныппырхгонд цæрæнуат сæндидзын кæныны тыххæй, уымæн æмæ уый размæйы къухдариуæгады рæстæджы æнæмбæрстгонд аххосæгтæм гæсгæ фехъусынчындæуыд, зæгъгæ, 2008 азы августы хæсты рæстæджы чи ныппырх, уыцы цæрæнуат æндидзыд æрцыд. Уыимæ пырх æмæ хъыгдардбаййафæг хæдзæрттæ æмæ фатертæ аразинаг нырма бирæ ис.  Ныр паддзахады сæргълæууæг бацархайдзæн цæрæнуат сæндидзын кæныны тыххæй паддзахадон бюджеты æмæ æндæр гуырæнтæй фæрæзтæ ссарыныл», – банысан кодта Гасситы Петр.

Консерваразæн заводы поселочы цæрæг Козаты Динарæ дæр бахатыд Парламенты Сæрдармæ цæрæнуатон проблемæимæ. «Хæсты рæстæджы æнæуый дæр кæлæдздзаг чи уыдысты, уыцы хæдзæрттæ хъыгдард баййæфтой. Снарядтæ æмæ срæмыгъдтытæй хæдзæртты къултæ аскъуыдысты æмæ кæлын райдыдтой. Æз иуаздзыд сывæллонимæ цæрын ахæм хæдзары. Ахæм хæдзæрттæ та нæ районы бирæ ис. Мах куырдиæттимæ бахатыдыстæм алы инстанцитæм – горæты администрацимæ, арæзтады министрадмæ æмæ афтæ дарддæр, фæлæ нын уал азы дæргъы нæ проблемæмæ йæ хъус ничи æрдардта», – загъта Козаты чызг.

Гасситы Петр ноджы иу хатт зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, хæсты рæс-тæджы цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты æмæ абоны онг æндидзыд чи не ‘рцыдысты, уыдон цалцæг æрцæудзысты Хуссар Ирыстонæн йæхи сæрмагонд æфтиæгты руаджы. «Республикæйы нырма бирæ ис, æндидзыд чи не ‘рцыд, ахæм цæрæнуат. Уый арæзт цæудзæн радмæ гæсгæ, æмæ сымах дæр бахъæудзæн иу цъус анхъæлмæ кæсын. Абон уын мæ бон баххуыс кæнын у цæрæн вагон  рахицæн кæнынæй, кæд æмæ уæ хæдзары цæрæн нæй, уæд, кæнæ та уын уæ хæдзары æмбæрзт сцалцæг кæндзыстæм. Кæд æмæ ахæм уынаффæйыл разы не стут, уæд банхъæлмæ кæсут уæ цæрæнуат сæндидзын кæнынмæ», – загъта Гасситы Петр.

Спиекр бахатыд цæрджытæм, цæ-мæй йæ номыл коллективон куырдиат ныффыссой, кæцыйы уый йæ рады арвитдзæн паддзахады сæргълæууæджы номыл. Гасситы Петр ма сын ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы сæм къамис кæй арвитдзæн, уымæй, цæмæй бынаты базонгæ уой, хæдзæрттæ цахæм уавæры сты, уыимæ æмæ дарддæр цы саразын хъæуы, уый тыххæй.

Æвзонг амалиуæггæнджытæ Коцты Андрей æмæ Джиоты Фидар спиекрмæ бахатыдысты сæ хъуыддаг байгом кæнынæн сын баххуыс кæныны куырдиатимæ. «Æрæджы мах фæндыд фермерон хæдзарад байгом кæнын, ныр та мах аскъуыддзаг кодтам дыргъгуысты къабазы архайын. Уырны нæ, уый пайда кæй уыдзæн цæрджытæн дæр, уымæн æмæ сын мах æлхæндзыстæм сæ дыргътæ, кæцыты среализаци кæнын уыдонæн сæ бон нæу, æмæ сæ уадздзыстæм продукци. Фæлæ нæ ифтонггæрзтæ æмæ æндæрты тыххæй мах бахъæудзæн бирæ æхцайы фæрæзтæ», – радзырдтой уыдон.

Ацы фарстæн дзуапп кæнгæйæ, Парламенты Сæрдар банысан кодта, зæгъгæ, чысыл амалиуæгадæн æххуысы тыххæй Парламент райста закъон ацы категорийæн льготон кредиттæ дæттыны тыххæй, æмæ кæд уыдон æрбавди-сой æнæмæнгхъæуæг проект, уæд райсдзысты кредит.

Республикæйы цæрæг Владимир Лепский спикеримæ ныхас кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, куыста уазæгдон «Ирыстон»-ы, цалынмæ йæ ныппырх кодтой, уæдмæ æмæ ныр баззад æгуыстæй. Уый бахатыд Гасситы Петрмæ, цæмæй йын баххуыс кæна куыстæй йæ сифтонг кæнынæн, уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, разы у алы куыстыл дæр. Уый ма бахатыд спикермæ, цæмæй йын баххуыс кæна ЭКО-мæ арвитынæн, загъта, зæгъгæ, йæ цардæмбалимæ рагæй лæууынц рады, фæлæ сæ абоны онг дæр нæма арвыстой.

Парламенты Сæрдар ын загъта, цæмæй йæ номыл куырдиат ныффысса, æмæ йын ныфс бавæрдта йæ куырдиæттæ æнæхъусдардæй кæй нæ баззайдзысты, уымæй.

Ноджы ма Цхинвалы иу цæрæг Дзадтиаты Риммæ спикермæ бахатыд  финансон æххуыс ын бакæныны тыххæй. «Раздæр мах мæ цардæмбалимæ куыддæрты цардыстæм, фæлæ ныр фæзиан æмæ мын иунæгæй зын у хæдзар дарын. Ис мын хæстæ рухс æмæ газæй, фæлæ мæм нæй фæрæзтæ сæ бафидынын тыххæй æмæ цы саразон, уый нал зонын», – бамбарын кодта уый.

Йæ рады Парламенты Сæрдар Дзадтиаты чызгæн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, йын гæнæн уæвгæйæ баххуыс кæндзæн. Ахæм куырдиатимæ ма йæм бахатыд Багаты Верæ дæр. Уый радзырдта, зæгъгæ, йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой фондз сывæллоны йæ цардæмбалы иунæг куыстмыздæй, æмæ ныр сæ бон нал у рухсы æхца бафидын, сæ хæс та схызт 40 мин соммæ. Багаты чызг бахатыд спикермæ, цæмæй йын материалон æххуыс бакæна, æмæ афтæмæй бафида йæ  рухсы хæстæ. Парламенты Сæрдар ын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, йын йæ хæсы иу хай бафиддзæн райсом, æмæ хæсы иннæ хай та, куыд гæнæн уа, афтæ.

 

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон

управлени

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.