Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Хъæууон хæдзарад у нæ национ экономикæйы приоритетон фадгуытæй сæ иу, йæ хæлцадон æдасдзинады гарант. Агросæудæджерадон фадыджы модернизаци æмæ йæ инвестицион химæздахыны бæрзондкæнынад у бæстæйы къухдариуæгады сæйраг хæстæй сæ иу. Æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æппæт нысангонд плæнтты æнтыстджын æххæсткæнынады бындур у бæрзонд компетентондзинад, хъуыддагыл æнувыддзинад æмæ нæ аграриты, фосдарджыты нысанмæтырнындзинад.

Стыр бузынг уын уæ удуæлдай куысты тыххæй. Ныфс мæ ис, сы-мах дарддæр дæр æппæт тыхтæй кæй архайдзыстут РХИ-йы агро-сæудæджерадон комплексы стыр потенциал байгом кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, уды æвидигæ тых æмæ ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн! Сабырад, хæрзиуджытæ æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Хъæууон хæдзарады цытджын кусджытæ, ацы фадыджы ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Ацы бæрæгбон иу кæны, зæххыл чи цæры æмæ йыл кусы, æппæт уыдоны, хъæуты, зæхкусæг-фермерон хæдзарадты чи архайы, хæлцады продукттæ аразыныл, фæлхасгæнджыты хъæууонхæдзарадон продукцийæ ифтонггæнгæйæ.

Хъæууон хæдзарады рæзт у Хицауады приоритетон хæс. Фæстаг азты хъæуты фæхуыздæр ис фæндагон инфраструктурæ, донифтонгад æмæ электроифтонгад, арæзт æрцыдысты социалон объекттæ, аграрон фадыджы проекттæн æххуыс цæуы, хъæууонхæдзарадон кондадтæн арæзт цæуынц алыгъуызон преференцитæ.

Республикæйы  хъæууонхæдзарадон кондадты стабилон рæзты бындур сты куыстуарзондзинад, фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ. Бузныг уын уæ зын, фæлæ хъæугæ æмæ уæздан куысты тыххæй.

Мæ цæст уын уарзы куысты бæрзонд фæстиуджытæ, æппæт плæнтты æххæсткæнынад, сомбоны æнувыддзинад, æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.