РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр радон хатт йæхимæ райста  æмбæстæгты. Республикæйы цæрджытæ йæм бахатыдысты алыгъуызон фарстытимæ, кæцытæ сæйраджыдæр хаудтой куыстæй сифтонг кæнынмæ, материалон æххуыс бакæнынмæ, цæрæнуат сæндидзын кæнынмæ æмæ æндæр проблемæтæм.

Æлборты Эдуард, Дудайты Светланæ, Гасситы Светланæ æмæ Хъæцмæзты Розæ Парламенты Сæрдармæ бахатыдысты сæ вазыгджын уавæр сын равзарыны тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ, сæ рæстæджы уыдон финансон фæрæзтæ бахастой Джиоты Аланы проспекты 29-æм кооперативон хæдзары арæзтадмæ. Хæдзар арæзт æрцыд фæндзæм уæладзыджы онг, фæлæ гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы куыстытæ урæд æрцыдысты. Уыдон фехъусын кодтой, зæгъгæ, сын раздæры хицауад ныфс бавæрдта, се ‘рдæг арæзт хæдзары ныхмæ сын ногарæзт хæдзæрттæ ис, уым сын цалдæр фатеры кæй рахицæн кæндзысты, уымæй.

«Дæргъвæтин азты дæргъы мах иу æмæ дыууæ хатты нæ бахатыдыстæм æппæт инстанцитæм дæр, фæлæ-иу нын иууылдæр загътой, зæгъгæ, уый уыд Советон Цæдисы рæстæджы æмæ, зæгъ, уын нæ бон баххуыс кæнын ницæмæй у. Мах ма домдтам РХИ-йы Хицауадæй, цæмæй нын нæ фарст Инвестицион программæмæ бахæссой, фæлæ нæ уавæ-ры ничи бацыд», – загъта Гасситы Светланæ.

Æлборты Эдуард банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг азты Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд бирæ хæдзæрттæ хъыгдардбаййафджытæн, бирæсывæллонджын æмæ æвзонг бинонтæн, фæлæ цæрæнуатон кооперативы уæнгтæй никæмæн рахицæн кодтой иунæг фатер дæр, кæд æмæ мах рады лæууыдыстæм советон рæстæгæй фæстæмæ, уæддæр. Йæ рады Гасситы Петр ныфс бавæрдта, зæгъгæ, ацы фарстыл æруынаффæ кæндзысты паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолиимæ æмæ сын уый фæстæ ратдзæн лæмбынæг дзуапп.

Парламенты Сæдармæ ма бахатыдысты горæты цæрджытæ Гæбæраты Эльбрус, Надирадзе Валентинæ æмæ Кобесты Зинаидæ, цæмæй сын баххуыс кæна сæ цæрæнуæттæ сæндидзын кæнынæн. Сæ ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн сæ къухты ис æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ æмæ документтæ, уыцы нымæцы Арæзтады министрады алыгъуызон къамисты хатдзæгтæ дæр. Раздæры хицауады рæстæджы сын ныфс æвæрдтой сæ хæдзæрттæ сæндидзын кæнынæй, фæлæ сын æппындæр ницы сарæзтой. Гасситы Петр сæм байхъуыста æмæ ноджы иу хатт зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, хæсты рæстæджы хъыгдард цы хæдзæрттæ баййæфтой æмæ абоны онг æндидзыд чи нæма æрцыдысты, уыдон цалцæг æрцæудзысты дыууæ азы æмгъуыдмæ Хуссар Ирыстоны хисæрмагонд æфтиæгты руаджы. Æмæ Парламенты къухдариуæгад та йæ рады, ацы фарсты фæдыл бакæндзæн алыварсон æххуыс.

Годжыцаты Тамарæ, Гæззаты Алан æмæ Дзæгъиаты Ульянæ та спикермæ бахатыдысты сæ хæдзæртты æмбæрзтытæ раивынæн сын баххуыс кæныны куырдиатимæ. Уыдон банысан кодтой, зæгъгæ, сæ хæдзæртты æмбæрзтытæ тынг бахъыгдард сты хæсты рæстæджы æмæ сæ уæдæй фæстæмæ къæвда рæстæджы тæдзы. Парламенты Сæрдар сын ныфс бавæрдта сæ фарст сын йæхи контролмæ кæй райсдзæн, уымæй, зæгъгæ, базонгæ уыдзынæн уавæримæ æмæ  сын баххуыс кæндзынæн.

Химæрайстмæ æрбацыд Сатихъары хъæуы цæрæг Мæргъиты Ноннæ. «Мах нæ хъæуы сарæзтам хæдзар. Райстам кредит æмæ балхæдтам æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ, уыцы нымæцы дуæрттæ, ламинат æмæ æндæр æрмæджытæ. Фæлæ нын ацы фæрæзтæ не сфаг сты хæдзары арæзтад кæронмæ фæуынæн. Уымæ гæсгæ дæ курæг дæн, кæд гæнæн ис, уæд нын баххуыс кæн цемент æмæ змис самал кæнынæн арæзтадон куыстытæ кæронмæ сæххæст кæныны тыххæй», – загъта уый.

Гасситы Петр ныфс бавæрдта, æввахс рæстæджы сæ кæй сифтонг кæндзæн, цы арæзтадон æрмæг сын нæ фаг кæны, уымæй.

Парламенты Сæрдармæ ма бахатыд горæт Цхинвалы цæрæг, Хетæгкаты Къостайы æхсæнады сæргълæууæг Тадтаты Юзæ ахæм куырдиатимæ, цæмæй йын рахицæн кæна æхцайы фæрæзтæ æвзонг фысджыты тыххæй чиныг рауадзынæн. Афтæ ма йæм уый бахатыд, цæмæй йын бакæна материалон æххуыс хос кæныны курс рацæуынæн хостæ самал кæныны тыххæй. «Æз рагæй хъизæмар кæнын синыстæджы æрхджыты коксартрозæй, уымæй дарддæр ма, 2008 азы хæсты рæстæджы асаст мæ рахис уæхск æмæ æвзарын рагъыстæджы тыхджын рыстытæ. Хъæуы мæ хос кæнын æмæ зынаргъ хостæ»,- загъта Тадтаты Юзæ.

Гасситы Петр æм бахатыд, цæмæй æрбавдиса, чиныг рауадзынæн  æмæ хос кæнынæн ын æнæмæнгхъæуæг чи сты, уыцы хыгъдтæ, æмæ йын уый фæстæ рахицæн æрцæудзæн æнæмæнгхъæуæг фæрæзтæ.

Æлборты Викæ æмæ Плиты Заринæ та Парламенты Сæрдармæ бахатыдысты куыстæй сифтонг кæныны проблемæимæ. Гасситы Петры ныхæстæм гæсгæ, уыдонæн сæ проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн æввахсдæр рæстæ-джы. Химæрайсты рæстæджы цалдæр æм-бæстагæн хос кæныны тыххæй баконд æрцыд материалон æххуыс. Уымæй дарддæр ма, бирæ æндæр куырдиæтты фæдыл спикер ныхас кода сæ хицæуттимæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.