26 октябры уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны æхсæзæм сæвзæрст Парламенты æвдæм сессийы дыккаг рабадт. Рабадт ауагъта Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Уый, æруынаффæ йыл кæнынмæ, раразмæ кодта Парламенты Сæрдары хæдивæджы æмæ хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдары равзарыны фарст. Раздæр уыцы дыууæ бæрны æххæст кодта Тасойты Димитр, фæлæ фæстаг сессийы рæстæджы йæ депутатон мандат ист æрцыд. Уыимæ иумæ, банысан æрцыд, зæгъгæ, хуыздæр у дыууæ фарсты баиу кæнын æмæ сусæг хъæлæсæппæрстæй РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæджы æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдары  равзарын.

«Сæрдыгон сессийы фæстаг рабадты æз бахатыдтæн Парламенты партитæм, цæмæй сæ кандидатурæтæ æрбавдисой ацы бынатмæ», – загъта уый. Уый фæстæ бахатыд партиты сæрдæрттæм, цæмæй зæгъой сæ кандидатты нæмттæ.

Адæмон партийы сæрдар Плиты Александр банысан кодта, зæгъгæ, РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæджы æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдары  бынатмæ Харебаты Сергейы кандидатурæйы тыххæй фехъусын чындæуыд дзыллон информацийы фæрæзты. Плиты Александр бахатыд, цæмæй рахæцой ацы кандидатурæйы фарс. Парламенты иннæ партитæ сæ кандидатурæ-тæ кæй нæ раразмæ кодтой, уый тыххæй Парламенты Сæрдар Гасситы Петр фæндон бахаста уыцы дыууæ фарсты дæр хъæлæсæппæрсты бюллетенмæ бахæссыны тыххæй.

Рабадты рæстæджы депутат Диакъонты Амиран банысан кодта, зæгъгæ, Харебаты Сергей у Уацамонгæйы ордены кавалер. «Уый бирæ азты фæкуыста Хуссар Ирыстоны æдасдзинады органты системæйы æмæ зоны уыцы куыст. Афтæ мæм кæсы, æмæ йæ куы снысан кæнæм, уæд уымæй хъахъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл Парламенты куыст фæхуыздæр уыдзæн æмæ сидын йæ кандидатурæйы фарс рахæцынмæ», – банысан кодта Диакъонты Амиран.

Ацы фарсты тыххæй раныхас кодтой депутат Коцты Олеся, Коцты Жаннæ æмæ Къадзты Филипп.

Дарддæр парламентаритæ сусæг хъæлæсæппæрстæй равзæрстой РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæдивæгæй æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдарæй  Харебаты Сергейы.

Хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæ фехъусын кæныны фæстæ раныхас кодта Парламенты Сæрдары ног æвзæрст хæдивæг Харебаты Сергей æмæ бузныг загъта æмбырды адæмæн, кæй йыл баууæндыдысты, уый тыххæй.

«Бузныг уе ‘ууæнчы тыххæй. Парламенты иудзинад кæй ис æмæ иумæ кусын нæ бон кæй у, уый абон мах равдыстам. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр иугæндзонæй кæй кусдзыстæм Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн», – банысан кодта РХИ-йы Парламенты Сæрдары ног хæдивæг.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Жаннæ æруынаффæ йыл кæнынмæ раразмæ кодта  «РХИ-йы Закъоны 29-æм уацмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. Коцты Жаннæ куыд банысан кодта, афтæмæй ацы закъоны проект РХИ-йы Парламент райста 2008 азы 29 июлы æмæ уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Националон банк йе ‘фтиæгты 50 проценты хъуамæ ахынца бюджетмæ. Фæстæдæр уыцы закъонмæ бахастæуыд ивындзинæдтæ, уымæ гæсгæ Паддзахадон бюджетмæ хынцыд цы фæрæзтæ цыдысты, уыдоны процент фæкъаддæр 50 процентæй 20 процентмæ.  Ацы нормæ баст æрцыд ууыл, æмæ РХИ-йы Националон банкæн бæлвырд рæстæгмæ йæ бон нæ уыд банысангонд процент бафидын. Фæс-таг æртæ азы фæстиуджытæм гæсгæ, банк у æфтиагджын. «Уый тыххæй растыл нымайын «Националон банкы тыххæй РХИ-йы закъоны 29-æм уацы 1-аг пунктмæ ивындзинæдтæ бахæссын. Уый фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты æфтиагон хай фæфылдæр уыдзæн фидæн азты. Ацы закъоны проекты райст æмæ сæххæст кæнынæн нæ хъæуы уæлæмхас хæрдзтæ», – загъта Коцты Жаннæ. Ацы закъоны проектæн ис æмбæлон документтæ æмæ йыл æруынаффæ кæныны фæстæ, нымад æрцыд хорзыл профилон комитетты æмæ Парламенты Президиумы рабадтыты.

Ацы фарсты тыххæй раныхас кодтой Гасситы Петр, Коцты Олеся, Къозонты Алан æмæ Плиты Александр.

Уыцы комитет ма раразмæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Националон банджы сæрдар Зассеты Феликсæн радон улæфт радтыны тыххæй  фарст. Ацы фарстыл дæр депутаттæ сразы сты æмхъæлæсæй.

Боны фæткы иннæ фарст хауд «2017 азæн РХИ-йы Паддзахадон бюджеты тыххæй» Хуссар Ирыстоны Закъонмæ  ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проектмæ. Уый дæр раразмæ кодта уыцы комиет. Ацы фарсты тыххæй раныхас кодта Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ бамбарын кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты æфтиагон хай хъуамæ фæфылдæр уа 69.439,5 мин сомы. Уыцы ивындзинæдтæ сæрмагондæй хауынц 2017 азы 8 мæйы æфтиæгты бахынцгæ-йæ. Ивындзинæдтимæ депутатты куы ба-зонгæ кодта, уый фæстæ дзуапп радта ацы закъоны проектмæ хауæг депутатты фарстатæн.

Ацы закъоны проекты тыххæй раныхас кодтой депутаттæ  Гасситы Петр, Коц-ты Олеся, Джиоты Инал, Къозонты Алан, Плиты Александр, Тасойты Барис, Тедеты Руслан.

Банысан  ма æрцыд, зæгъгæ уыцы закъоны проектæн ис æмбæлон документтæ æмæ хорзыл нымад æрцыд профилон комитеты æмæ Парламенты Президиумы рабадтыты. Закъоны проект ист æрцыд хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн.

«Сæйраг бюджеты сконды æмæ бюджетон процессы тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны За-къоны проект депутатты размæ рахаста парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ.

«Закъоны  проект арæзт æрцыд РХИ-йы Президенты  æмæ РХИ-йы Хицауады Фæсауæрцон фондты хæрдзты здæхт дырысдæрæй равдисыны нысанæн. Бахæсгæ ивындзинæдты фæрцы РХИ-йы Президенты  æмæ РХИ-йы Хицауады Фæсауæрцон фондты хæрдзтæн уыдзæн аздахыны фадат, Паддзахадон бюджетмæ хаст цы  фæрæзтæ не ‘рцыдысты, уыдонмæ нæ, фæлæ планон хæрдзтæм», – загъта Коцты Жаннæ.

Закъонмæ бахастæуыд ахæм ивындзинæдтæ:

«Бюджетон сконд æмæ бюджетон процессты бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны 45-æм уацы 3-аг пункты мыхуыр æрцæуæд ахæм редакцийæ:

«3. Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Фæсауæрцон фонды фæрæзтæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Фæсауæрцон фондæй пайда цæуы аварион-æндидзынгæнæн куыстытæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ æмæ сæ аиуварс кæныны тыххæй æндæр мадзæлтты ауадзыны хæрдзтæн, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты уынаффæмæ гæсгæ æмæ  Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады акттæм гæсгæ цы ма-дзæлттæ ауагъд цæуы, уыдоныл. Афтæ ма уыцы нысанæн æмбæлон финансон аз РХИ-йы Паддзахадон бюджеты фæрæзтæ куынæ уа, кæнæ уыцы фæрæзтæ фаг куынæ уой, уыцы нысанæн».

Æруынаффæйы фæстæ  Закъоны проект ист æрцыд.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитет раразмæ кодта «2016 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджет æххæст кæныны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект.

Ацы Закъоны проекты фарст бамбарын кодта РХИ-йы Пенсион фонды сæрдар Тасойты Азæ. Уый банысан кодта, зæгъгæ, 2016 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонд æххæст цæуы «2016 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны За-къонмæ гæсгæ.

«Фæнд цыд, цæмæй цы фæдзæхстон фиддонтæ хастæуыд, уыдон суммæ уыдаид 245.890,2 мин сомы, уыдонæй 217.152,4 мин сомы –  куыстæй ифтонггæнджытæй. 10 проценты – куыстмызды фондæй. Фæдзæхстон æф-тиæгты планон бæрæггæнæн æххæст æрцыд 133,6 процентæй, уый æхцайæ нымадæй нысан кæны хатдзæгты бæрæггæнæн планы 82766,3 мин сомы кæй фæфылдæр, уый. Уыдонæй 40306,1 мин сомы у æмбæстæгтæн æхцайы фæ-рæзтæ иухæстæй бафидыны Паддзахадон бюджетæй трансферт, РХИ-йы Президенты 2016 азы 7 декабры Барамындмæ гæсгæ», – загъта Тасойты Азæ, æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, афæдзы дæргъы, æмгъуыдæй ахизæг хæс скæныны нысанæн, фонд раразмæ кодта кассацион хæслæвæрдтæ, уый фæстиуæгæн фонды хыгъдмæ бафтыд 9307,9 мин сомы. Депутаттæ Джиоты Инал æмæ Плиты Александр раразмæ кодтой фарст, пенсион системæ æмæ уыцы фадыджы закъондæттынад фæхуыздæр кæныны тыххæй цы арæзт цæуы, уый тыххæй.

Уыдæттæй дарддæр, дзырд цыд, 1991 азæй 2002 азмæйы куысты стаж нымад кæмæн нæ цæуы, уыцы æмбæстæгты пенсион ифтонгадыл баст фарстатыл. Плиты Александр куыд банысан кодта, афтæмæй ацы фарстыл дзырд цæуы цалдæр азы, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæй æдзух Хуссар Ирыстоны чи цæры, уыдон пенсион ифтонгады тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы ‘хсæн сразыдзинад арæзт æрцыд, фæлæ йын ныры онг дæр нæй закъон-дæттынадон бындур. Козаты Аланы цымыдис кодта, РХИ-йы Пенсион фондмæ фиддонтæ чи нæ ахынцы, уыцы арæзтадон организациты фарст.

Уыцы хъуыддаг Коцты Жаннæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй уыцы фарст комитет раразмæ кодта РХИ-йы æхсæзæм сæвзæрст Парламенты фыццаг сесситы, фæлæ проблемæ нырма дæр скъуыддзаг не ‘рцыд. Комитеты куысты фæстиуджытæм гæсгæ æрдомдæуыд, Пенсион фондæй организацитæ цас хæс дарынц, уый тыххæй бæрæггæнæнтæ. Уыцы организацитæ Пенсион фондæй дарынц хæс 88 милуан сомы бæрц. Уыцы организациты ‘хсæн ис ахæмтæ, кæцытæн ис æфтиæгтæ, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, Пенсион фондмæ ахыгъдтæ не ‘ххæст кæнынц. Уыцы организацитæ сты: завод «Эмальпровод», Бæгæныфыцæн завод, «Агро Сервис», Паддзахадон унитарон куыстуат «Алан», ООО «Кавказ», «Дорэкспострой», «Постон-телеграфон службæ», Электробастдзинад», «Энергоресурс» æмæ æндæртæ.

Ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Коцты Олеся, Диакъонты Амиран, Уалыты Розæ. Закъоны проект райст æрцыд хъæлæсæп-пæрстмæ гæсгæ.

Сессийы кæрон Адæмон партийы сæрдар Плиты Александр сарæзта хъусынгæнинаг РХИ-йы Парламенты депутат Диакъонты Амираны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ кæй фæнадтой, уый тыххæй.

«Æрцыд æвирхъау цау – фæнадтой РХИ-йы Парламенты депутат Диакъонты Амираны, æмæ  уый тыххæй хицауиуæгады æрдыгæй æппын-дæр ницы арæзт æрцыд. Информаци лæвæрд æрцыд нады фæстæ, фæлæ уый фæстæ ницы мадзæлттæ ист цæуы, темæ æхгæд æрцыд, иууылдæр бамыр сты. Адæмон парти сессимæ банхъæлмæ каст, цæмæй мах иууылдæр иумæ æруынаффæ кæнæм ацы фарстыл. Афтæ мæм кæсы, æмæ депутатон корпус ацы цауы тыххæй хъуамæ равдыстаид йæ позици, уымæн æмæ закъоны фыст ис, депутат æнæфæцагайгæ кæй у, уый тыххæй. Мæнмæ ис ахæм фæндон, цæмæй профилон комитетæн бахæс кæнæм, æмæ ацы цауы тыххæй  æрбахона Мидхъуыддæгты министры», – загъта Плиты Александр.

Депутаты хъуыдымæ гæсгæ, ацы хъаугъатæн ис бирæ фæлгъуызтæ, уыдон хъæуы сахуыр кæнын.

«Иууылдæр хорз æмбарынц, ацы цау æп-пæрццагæй бандæвта закъондæттынадон хицауиуæгадыл. Ничи дызæрдыг кæны, инцидентæн заказы мидис ын кæй уыдис, ууыл. Уый фæстиуæгæн нæм бирæ фарстатæ сæвзæрд æмæ уыдонæн дзуаппытæ хъуамæ радта Мидхъуыд-дæгты министр. Тыхон структурæты ‘рдыгæй ныртæккæ цы мадзæлттæ ист цæуынц, уый мах нæ зонæм, фæлæ нæ фæнды, цæмæй сæм йæ хъус æрдара РХИ-йы Парламенты закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады комитет», – банысан кодта депутат.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр куыд загъта, афтæмæй ахæм цауты рæстæджы ахсджиаг нæу, ахæм уавæры бахауæг депутат, кæцы партийæ уа. Уымæн æмæ дзырд цæуы закъоны фехæлдыл.

«Хорз æй хъуыды кæнут, ацы цау куы æрцыд, уæд æз загътон, реакци кæй уыдзæн, уый тыххæй. Мæн фæнды, ацы цаутæ арæх кæй систы, уый банысан кæнын. Бынат уыд парти «Иугонд Ирыстон»-ы депутаты фæнæмыны цауæн дæр. Ацы фарст дæр ис барадхъахъхъæнæг органтæм, фæлæ куыдфæндыйæ дæр ацы цауты тыххæй Парламент зæгъдзæн йæ хъуыды, уымæн æмæ депутатмæ æвналыны бар никæмæн ис. Уыцы цауты быхсын нæ хъæуы», – загъта Парламенты Сæрдар.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Коцты Олеся, Диакъонты Амиран æмæ Мамиты Инал.

Сессийы куысты хайад райстой РХИ-йы Парламенты Президенты æххæстбарджын минæ-вар Гобозты Вячеслав, РХИ-йы Парламенты Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб, Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ æндæр æрхонгæ адæймæгтæ.

РХИ-йы Парламенты

информацион-аналитикон центр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.