Ӕрвылаз дæр скъоладзауты каникулты куы рауадзынц, уæд горæты уынгты сывæллæтты нымæц бæрæг фæфылдæр вæййы. Афтæмæй автомашинæты шофыртæн фæзындæр вæййы скъæрын. Уæлдайдæр та сывæллæттæ куы вæййынц велосипедтыл, уæд тæссаг вæййы фыдбылыз æрцæуынæй. Уый фæдыл милицийы фæндагон змæлды æдасдзинады инспектортæ велосипедскъæрджытимæ уадзынц профилактикон мадзæлттæ. Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекцийы милицийы майор Хаситы Александр куыд зæгъы, афтæмæй велосипед хауы иууыл тæссагдæр транспорттæм.

«Сæрды æрлæудимæ уынгты бæрæг фæфылдæр вæййынц велоскъæрджытæ æмæ сæ бæрæг хай вæййынц сывæллæттæ, кæцытæ нæ фæзонынц фæндагон фæткойтæ æмæ бахауынц фыдбылызы. Махæн та нæ хæс у, цæмæй сын хъахъхъæнæм сæ æдасдзинад, амонæм сын скъæрын æмæ сæ ма уадзæм фæндагон змæлды фæткойтæ халын», – банысан кодта Хаситы Александр.

Сывæллæттæ тынг цымыдисæй фæхъусынц инспекторты амындтытæм, вæййы сæм фарстатæ дæр, кæцытыл милицийы кусджытæ сдзуапп кæнынц æмæ сын бæстонæй бамбарын кæнынц, сæхи куыд хъуамæ дарой велосипед скъæргæйæ.

«Ӕз æй абоны онг нæ зыдтон фистæгæй цæуджыты ахизæныл велосипед скъæрæн кæй нæй, фæлæ хъуамæ æрхизай дæ транспортæй æмæ дæ фæрсты велосипед тулгæйæ ахизай фæндаджы иннæ фарсмæ. Нырæй фæстæмæ нал халдзынæн фæндагон фæткойтæ, уымæн æмæ мæ милицийы кусджытæ бафæдзæхстой, сывæллæттæ дæр кæй хæссынц бæрндзинад. Стæй ма нæхи дæр бахиздзыстæм фыдбылызæй», – загъта 10-аздзыд горæты цæрæг Дзанайты Алисæ.

Банысан ма хъæуы уый дæр æмæ æнæххæст кары сывæллæтты тыххæй бæрндзинад хæссынц сæ ныййарджытæ. Уыдон хæсджын сты, цæмæй сæ сывæллоны сахуыр кæной велосипед скъæрын æмæ сын амоной фæндагон змæлды фæткойтæ.

***

Хуссар Ирыстоны ацы аз фæзындис велоскъæрджыты къорд, кæцытæ ныридæгæн райстой хайад алыхуызон акциты. Алы райсом дæр æрæмбырд вæййынц Театралон фæзуаты æмæ стæй азилынц горæты уынгты æмæ æввахс хъæутыл.

Сабаты та сфæнд кодтой Зары фæндаджы бæрзонддæр бынатмæ ссæуын æмæ уырдыгæй Цхинвалмæ велоалыгъд саразын. Театралон фæзуатæй сæ Зары æфцæгмæ аластой ОМОН-ы кусджытæ машинæтыл æмæ стæй уырдыгæй рауырдыг кодтой горæтмæ. Ахæм мадзал фыццаг хатт æрцы-дис уагъд æмæ йæ хайадисджытæм уыд фылдæр домæнтæ. Уымæн æмæ ахæм маршрутыл цæугæйæ, велоскъæрæг хъуамæ уа цæттæ физикон æгъдауæй æмæ сæм уа специалон дзаумæттæ, кæцытæ стыр ахъаз сты велоскъæрæджы æдасдзинадæн.

«Стыр æхцондзинад райстон ацы мадзалæй. Æрдæг фæндагыл æрлæууыдыстæм цай бацымынмæ æмæ та стæй нæ фæндаг адарддæр кодтам. Ацы мадзалмæ цæттæгæнгæйæ балхæдтон ахæм велосипед, кæ-цы арæзт у ахæм уавæрты скъæрынæн æмæ дзы райгондæй баззадтæн», – загъта мадзалы хайадисæг, Къостайы номыл паддзахадон драмон театры директор Уалыты  Мадинæ.

Кæд æмæ æфцæгыл мигъ ныббадт æмæ развæндаг рæстмæ нæ зынд, уæддæр велоалыгъды хайадисджытæ иууылдæр кæронмæ ахæццæ сты рæстæгыл. Велоалыгъды хайадисджыты хъуыдыйы ма ис ноджы дарддæр ахæм велоалыгъдтæ саразын.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.