Ирыстоны хӕхтӕ  ӕмӕ  кӕмттӕ адӕмӕй  йедзаг куы уыдысты,  алы рагъ ӕмӕ къуылдымӕй фыййӕутты ӕмӕ хосдзӕутты зарӕг куы хъуыст, нӕ хӕхбӕстӕ нӕргӕ  хъӕуты фарн бæрзонд куы уыд, уӕд нӕдӕр не ‘взагӕн тарстысты, нӕдӕр –  не ‘гъдӕуттӕн.

Уыцы хъӕутӕ  хъуыстгонд уыдысты, сӕйраджыдӕр та – сӕ разагътайы адӕмӕй.

Ирыстон абоны бон дӕр сӕрыстыр у Нартæ, историон зарджытӕ  ӕмӕ  таурӕгътӕй, стӕй ӕнӕнымӕц аргъӕуттӕ  чи ныууагъта, ирон аив ныхасæй сæ фæстагæттæм чи хæццæ кодта, ахæм хистæртæй. Ахæмтæ та уыдысты Базиты Саулох, Будтуты Маза, Хӕмыцаты Нӕуӕг, Гасанты Сабазджери, Санайты Гацыр, Бӕззаты Майроса,Шанайты Дзантемыр, Дзагуырты Гуыбады, Хӕдыкъаты Бола, Уадаты Гуыбады, Саулаты Дзӕрӕх, Дзусаты Рамон, Тауттиаты Дрис, Сланты Гаха, Беджызаты Леуан, Джуссойты Кудза,  Мӕргъиты Иликъо,  Саулохты Гӕбӕдз, Хъалӕгаты Иналыхъо, Хӕмыцаты Цаппо, Медойты Саба, Тугъанты Тӕтӕрхъан, Гуыриаты Уано, Кӕсӕбиты Кертиби, Бердиаты Дудар, Багаты Ислам,  Саухалты Бидзеу, Зыгъуыттаты Бибо, Санаты Сем, Томайты Бибо ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ.

Ацы нӕрӕмон-куырыхон лӕгтӕй искӕуыл куы дзурай, уӕд нӕ ахиздзынӕ дзомагъгоймаг Губаты Дзаккойы иувӕрсты.

Дзӕнӕты бадӕт Хӕмыцаты Тамарӕ. Уӕлдӕр ранымад куырыхон лӕгты сфӕлдыстадон бынтӕ  уадзынмӕ бавнӕлдта, рӕгъмӕ дзы рахаста Сланты Гаха, Уӕдаты Хъуыбады, Джуссойты Кудза, Дедегкаты Дзамболат ӕмӕ  Хъалӕгаты  Инӕрыхъойы фӕллӕйттӕ.

Тамарӕ  цы  серийыл ныхъхъуыды кодта «Ирон адӕмон сфӕлдыстад», зӕгъгӕ, уый рауагъдад «Ир» рохуаты нӕ ныууагъта. Ӕрӕджы та фӕзынд хъӕуӕг чиныг «Губаты Дзакко», зӕгъгӕ. Дзаккойы бынтӕ   ӕртымбыл кӕныныл, уыдонӕн рухс фенын  кӕныныл стыр куыст бакодта нӕ зынгӕ  поэт ӕмӕ драматург, Къостайы номыл премийы лауреат, Республикӕ  Хуссар Ирыстоны гимны автор Кокайты Тотрадз.

Ирон чиныгкӕсӕг хъуамӕ зона,  нӕ фыдӕлтӕ нын кӕй ныууагътой хъӕздыг бынтӕ: зар-джытӕ, кадджытӕ, таурӕгътӕ, аргъӕуттӕ, ӕмбисӕндтӕ, уыци-уыцитӕ, диссаджы нарты эпос, цасдӕрбӕрцӕй та – Даредзанты кадджытӕ.

Дзакко алы фадыджы дӕр арӕхстджын уыд, дардыл уыдысты йӕ зонды авналæнтæ, тынг арӕхстджын уыд сӕ дзурынмӕ дӕр. Уый уыдис ӕцӕг адӕмон таурӕгъгӕнӕг, фӕндырдзӕгъдӕг, ӕрмдӕсны: ӕфсӕндзтӕ, тӕбынгтӕ, царвцӕгъдӕнтӕ, донхӕссӕнтӕ, къустӕ, уидгуытӕ, сивыртӕ, нуазӕнтӕ, ха-ламӕрзӕнтӕ, куысситӕ  –  Дзаккойы хуызӕн чи рӕхст сæ аразынмæ.

Ацы рӕнхъытæ  фыссӕг йӕ сабион бонтӕй хорз бахъуыды кодта Губаты Дзаккойы. Машинӕвӕндагӕй иу 2  километры куы бауайай Дзомагъгомы, уӕд галиуӕрдыгӕй иу уӕлвæз бынаты цардысты Губатӕ. Уыдысты дыууӕ  ӕфсымӕры Дзакко ӕмӕ  Харшил. Сӕ хъӕу хаста сӕхи ном, ӕндӕр дзы цӕрӕг нӕ уыд.

Цъалагом сӕ зыдтой уӕздан, сабыр, ӕгъдауджынӕй. Хъуылаты Созырыхъо Хъуысаты Хъасайӕ  цӕйау зӕгъы: «йӕ уазӕджы ӕгадӕй никуы аздӕхта («Тотрадзы зарӕг»), ахӕмӕй сӕ зыдтой  Уанел, Рукъ-Урстуалгом.

Зӕххъуагдзинад ӕфсымӕртӕн сӕ къух сисын кодта Губаты ӕвӕрӕз бынатыл, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хӕдфӕстӕ, уыдон дӕр аивылдысты Цӕгатмӕ, ӕрцардысты Тарскӕйы хъӕуы.

Ӕфсымӕрты цард, сӕ зӕнӕ-джы фӕндӕгтӕ  дардыл дзуринаг хъуыддӕгтӕ сты. Ам, сӕйраджыдӕр, зӕгъын хъӕуы, Дзаккойӕн йӕ ном раджы ныхъхъӕр Цъалагомыл. Дисӕн хастой Бе-джызаты Леуаны, Сланты Гахайы, Губаты Дзаккойы, Саулохты Гӕбӕдз, Мӕргъиты Иликъойы ӕмӕ Томайты Бибойы.

Ирвӕдӕны куырыхон лӕгтыл дзургӕйӕ, зӕрдыл ӕрлӕууынц кӕддӕриддӕр Тыбылты Алык-сандры ныхӕстӕ. Уый сын егъау аргъ кодта, сидтис Иры интеллигенцимӕ, цӕмӕй фӕцырд уой ӕмӕ (Беджызаты Леуаны хуызӕтты хуыдта ирон Гомер)  мӕрдтӕм семӕ ма ахӕссой нӕ фыдӕлты хӕзнаты ӕвӕрӕнтӕ. Дзырд дӕр сыл нӕй, дзӕвгар ӕрмӕг ацыд сæ амæлæтимæ, бирӕ  хӕзнатӕй ӕнӕхайӕ баззадыстӕм.

Табу Хуыцауӕн, ныхас цы чиныгыл цӕуы, уый ныр фадат ратдзӕн нӕ Иры дзыллӕйӕн, цӕмӕй базоной ӕмӕ бамбарой, чи уыд Дзакко. Ацы фарстӕн йӕ цыбыр дзуапп у: Дзакко уыдис мӕгуыр хӕххон, ӕнӕахуыргонд лӕг, ӕгъдау, фарн, ирондзинад, фыдӕлты хӕзнатыл рыг абадын дӕр чи нӕ  уагъта,  ахӕм адӕймаг.

Кӕд Дзаккойы сфӕлдыстадон бынтӕ ӕххӕстӕй хаст не ‘рцыдысты ацы чиныгмӕ, уӕддӕр махӕн фаг у, цӕмӕй зӕгъӕм – куыд хорз зыдта Нарты кадджыты, Даредзанты таурӕгъты, нӕ ӕгъуыстаджы мифты, нӕ диссаджы аргъӕутты! Мӕ сабион бонтӕй фӕстӕмӕ абон дӕр хорз хъуыды кӕнын Дзаккойы «Хӕмыц ӕмӕ Уырызмӕг», «Нарты Батрадз», «Даредзанты Амыран ӕмӕ  рӕсугъд Тамар», «Фӕлвӕрайы фырт Будзумар», «Борӕты къулбадӕджы фырт ӕмӕ Мӕличчы фырт»-ы сюжет-тӕ.

Нӕ фольклоры афтӕ загъд дӕр ис – Хъуды абырджытӕ сӕ тыхсты дуджы бахаудтой Губатӕм ӕмӕ сын бакодтой ӕмбӕлон лӕггад.

Нӕ дзыллӕйыл ахъӕр ӕмӕ йӕ зонгӕ дӕр афтӕ кодтой, Дзакко кӕй у диссаджы арӕхстджын таурӕгъгӕнӕг. Таурӕгъ хуымӕтӕджы дзырд нӕу, Джыгкайты Шамил ӕй тынг бӕрзонд систа ӕмӕ дзы зӕгъы: «Таурӕгъ у, дзыллӕтæ  цы сфӕлдыстой, уыцы хӕрзты хуыздӕртӕй».

Дзаккомӕ ис мифон, историон ӕмӕ бынӕттон таурӕгътӕ. Иронау сӕ иумӕ  хонӕм таурӕгътӕ. Дзаккоййӕн йӕ амӕлӕты аз у бӕлвырд – 1947, йӕ райгуырды аз 1890 кӕй хонынц, уый бӕлвырд нӕу.

Нӕ таурӕгътӕ  раиртасыныл куыстой Биазырты Алыксандр, Суменаты Зоя, Джыгкайты Шамил. Шамилы чиныг «Ирон таурӕгътӕ» ӕцӕгӕйдӕр дзурӕг у Иры историон фӕндӕгтыл. Шамил ам банысан кодта, нӕ таурӕгътӕ бирӕ  ӕмӕ   дардыл сты, сӕ историон нысаниуӕг та фаг иртӕстгонд нӕма у, зӕгъгӕ.

Дзаккойы чи зыдта, уыдон тынг бацин кӕндзысты ацы чиныгыл, Дзаккойы чи нӕ зыдта, уыдон та бамбардзысты, Ирӕттæн хуымӕтӕг фыдӕлтӕ  ӕмӕ истори кӕй  нӕ уыд, Ирӕн кӕй ис рӕсугъд, фӕлмӕн, нуарджын ӕвзаг.

Абон нӕ катай ӕмӕ нӕ сагъӕс у не ‘взаг ӕмӕ не ‘гъдӕуттыл. Адӕм та уыдонӕй адӕм сты. Цӕмӕй ирон иронӕй баззайа, цӕмӕй нӕ абоны фӕсивӕд ӕмӕ рӕзгӕ фӕлтӕр Муссӕйы хуызӕттӕ ма суой, уый тыххӕй кӕсын хъӕуы нӕ диссаджы адӕмон сфӕлдыстадон бынты. Нартӕ, Къоста, Абайты Васо, Нафи кӕмӕн ис, «Симд»-ы хицау чи у, уыдон хуымӕтӕг адӕм не сты.

Ноджыдӕр  ӕй  зӕгъын:  Зыгъуыттаты Бибо, Санаты Сем, Сланты Гаха, Беджызаты Леуан, Губаты Дзакко, Томайты Бибо ӕмӕ ӕндӕртӕ фӕллой-исбонӕй цух уыдысты, фӕлӕ ирондзинадӕй та – ӕххӕст. Ирондзинады рахӕцӕнтӕ – ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдау.

Арфӕйаг куыст бакодта Тотырадз, Дзаккойы бынтыл кӕй бакуыста, уымӕй. Тотрадз йӕ-хӕдӕг дӕр бирӕ  ӕрмӕг ӕртымбыл кодта Тырсыгомы таурӕгътӕй. Йӕ чиныг «Фыдыуӕзӕджы таурӕгътӕ» чи бакӕса, уый бамбардзӕн, цӕй диссаджы къуым уыд йӕ рӕстӕджы Тырсыгом, йӕ бирӕ  хъӕутӕ ӕмӕ адӕмимӕ дзы цард цӕджджинагау куыд фыхт, куыд диссаг уыд ам дӕр  хӕххон адӕмы цард, куыд вазыгджын уыд сӕ историон дуг. Бӕлвырд у Тотрадзы чиныгӕй, Тырсыгом дӕр кӕй уыд ӕмӕ у  ирон адӕмы таурӕгъты бӕстӕ.

Чысыл фиппаинаг. Гуыбатӕ ӕмӕ Губатӕ  иу мыггаг сты. Дзакко йӕхи хуыдта Губатӕй ӕмӕ  йӕ ӕз дӕр хонын афтӕ.

Чиныг «Губаты Дзакко» – дуг- рӕстӕджы чи хъӕуы, ахӕм у…

                                                                                               ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.