Уæ зæрдыл дарут!!! Æнусты, алы бон – уæ зæрдыл дарут,

Чи никæд уал æрыздæхдзæн – уæ зæрдыл дарут!

1941 азы 22 июны Германы æфсад æрбабырста Советон Цæдисмæ, райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, кæцы ахаста 26 милуан советон адæймаджы царды. Советон Цæдисы æппæт адæмтæ, алы нацитæ растадысты цыфыддæр знаджы ныхмæ, цæмæй Фыдыбæстæ бахъахъхъæной. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Хуссар Ирыстоны адæм дæр. 80 мин адæймаджы бæрц кæм царди, уыцы Хуссар Ирыстонæй хæсты быдырмæ ацыдысты 21 736 адæймаджы. Уыдонæн се ‘мбис фæмард сты хæсты быдыры æмæ 7 мин хæстоны бæрц та фесæфтысты æбæрæгæй. Æнæмæлгæ полчы штабы куысты рæстæджы та ссардæуыд 952 ингæны бæрц. 

Нæ республикæйы Культурæйы министрады хъæппæрисæй 22 июны Театралон фæзуаты уагъд æрцыд акци «Мысæн цырагъ», зæгъгæ, уыцы стыр хæстæй чи нал ‘рыздæхтысты, уыдоны ном арынæн. Изæрæй ардæм æрбамбырд дзæвгар адæм. Æвзонг хæстонтæ цырæгътæй фæзуатыл ныффыстой «1941аз». Цырæгътæ цы артæй ссыгътой, уый æрластой Мæскуыйæ Дзæуджыхъæумæ æмæ уырдыгæй та – нæ республикæмæ. Нæ республикæмæ лампадæ судзгæ цырагъимæ æрласджытыл арæныл сæмбæлдысты æвзонг хæстонтæ, Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд æмæ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ.

«Ацы мысæн цырагъ судзы Мæскуыйы æбæрæгæй сæфт салдаты ингæныл Александры цæхæрадоны æмæ уырдыгæй хаст æрцыдис нæ республикæмæ» – банысан кодта Зассеты Жаннæ. Фæзуатмæ æрбацæуджыты раз нæ горæты скъоладзаутæ кастысты хæстон темæйыл фыст æмдзæвгæтæ, акцимæ æрбацæуджыты зæрдыл æрлæууын кодтой хæсты уæззау бонтæ æмæ Сырх Æфсады хъайтардзинад, æрымысыдысты, æнустæм хæсты быдыры цы æвзонг хæстонтæ баззадысты, уыдоны рухс нæмттæ. Сценæйæ æрсидтысты æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй фæлтæрæй фæлтæрмæ дæттой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззау æмæ трагикон бонты тыххæй мысинæгтæ, цæмæй рох ма уа, советон æфсæддонтæ цы хъайтардзинад равдыстой хæсты рæстæджы, уый. Æвзонг æфсæддонтæ ма дидинджытæ сæвæрд-той нæ республикæйы æбæрæг салдаты обелискы раз дæр. 

Нæ уацх. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.