Республикæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны гæрзифтонг агрессийыл дæс азы сæххæсты сæраппонд италиаг горæт Пезаройы уагъд æрцыд мысæн акци, – хъусын кæны РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады пресс-службæ.

Ведомствойы куыд банысан кодтой, афтæмæй мадзал уагъд æрцыд Италийы Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварады къухдариуæгадæй.

Сагъд æрцыд æнгуз бæлас Miralfiori-йы парчы «Сабырады бæлас»-ы цур, гуырдзыйы агрессийы рæстæджы фæмардуæвджыты номарынæн, Хуссар Ирыстоны хæлæртты къорд æрымысыдысты, 2008 азы 8 августы гуырдзиаг æфсæддонты æрбабырсты рæстæджы чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ», – банысан кодта агентады минæвар.

Акцийы хайадисджытæ банысан кодтой, æгъатыр агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны цæрджытæй чи фæмард, уыдоны нæмттæ кæй никуы ферох уыдзысты  италиаг хæлæрттæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.