Аттестацийы фæстиуджытæм гæсгæ бæрæг æрцыдысты республикæйы имуæйагахуырадон скъолаты майданисджытæ. Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады иумæйаг хайады сæйраг специалист Цхуырбаты Вильмæ информагентад «Рес»-æн куыд фехъусын кодта, афтæмæй хуссар-ирыстойнаг авд рауагъдоны райсдзысты сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ.

Майдантæ райсдзысты Цхинвалы дыккæгæм астæуккаг скъола, гимназтæ «Рухс» æмæ «Альбион»-ы ахуырдзаутæ.

«Майдантæ райсынмæ æвдыст уыдысты 11 кълæсты 12 ахуырдзауы, контролон куыстыты фæстиуджытæм гæсгæ авд рауагъдоны систы майданисджытæ. Сыгъзæрин майданы аккаг сси гимнази «Альбион»-ы ахуыргæнинаг Кокойты Дианæ, иннæ æхсæз рауагъдоны райсдзысты æвзист майдантæ», – банысан кодта уый.

Ахуырад æмæ зонады министрады куыд банысан кодтой, афтæмæй майданисджытæн цытджын мадзал ауадздзысты 26 июны. 2018 азы майдантæ райстой 9 рауагъдоны (уыдонæй 4 – сыгъзæрин, 5 – æвзист).

Ацы аз Россотрудничествойы минæварад фехъусын кодта абитуриеттæн ахуыры снысангонд бынæттæ радтыны ног схемæ. Зæгъæм, 18 лимиты æркуырдтой Уæрæсейы профилон структурæтæй паддзахады домæнтæм гæсгæ. Афтæмæй Республикæ райста квотæтæ ахæм дæсныйæдты фæдыл, кæцытæй æййафы хъуагдзинад: «Зæххыкуыст æмæ кадастртæ», «Стандартизаци æмæ метрологи», «Дыргъдоны куыст», «Ветеринари», «Медицинон-профилактикон хъуыддаг», «Театры режиссурæ» æмæ æндæртæ.

Магистратурæйы фæдыл лæвæрд æрцыд 6 снысангонд бынаты ахæм дæсныйæдты фæдыл куыд «Финанстæ æмæ кредит» æмæ «Юриспруденци».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.