22 июнь у историйы сæрмагонд нымæц, уый у, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыдон мысæн бон, йæ амæттæгтыл хъынцъымгæнæн бон æмæ зæххы къорийыл адæмты цард æмæ Фыдыбæстæ морæгъуыз емынæйæ чи фервæзын кодта, уыдонæн бузныг зæгъыны бон.

Уыцы бон хъайтар горæт Цхинвалы дæр 12 сахат æмæ 15 минутыл уагъд æрцыд æмырæй алæууыны минут. Уыцы рæстæг мах хъынцъым кæнæм нæ æввахс хиуæтты тыххæй, уыцы удуæлдай тохты чи фæмард, æппæт уыдон рухс нæмттæ мысæм. Мадзал амонæджы ныхæстæм гæсгæ уыцы минуты рæстæджы æрлæууыд цард – хæдтулгæтæ – сæ цæуынæй, кондадтæ – сæ куыстæй…

Уымæй мах ноджыдæр скад кæнæм не ‘мзæххонты сгуыхтдзинæдтæн, Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн.

Мысынад æмæ хъынцъымы бон нæ горæты Кады Аллейы уагъд æрцыд акци – «Уадз æмæ судзой мысынады цырæгътæ», – зæгъгæ, ахæм номимæ. Йæ хайадисджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Æнусон арты раз.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты мысынады мадзалмæ æрбацыдысты Республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, министрадтæ æмæ уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы хайадисджытæ ма хайад райстой иумиагнационалон акци «Мысынады цырагъ»-ы дæр. Цырæгътæ ссыгътой, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард, уыдон рухс ном мысынæн.

Растдæр 81 азы размæ райдыдта историйы иууыл тæссагдæр æмæ тугуарæндæр Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уый практикон æгъдауæй баххæссыд алы бинонтæм дæр. Уыцы хæсты советон адæмы къухты бафтыд уæлахиз, хъæбатырдзинад, сгуыхтдзинад æмæ удуæлдайдзинады руаджы, афтæ ма æгæрон адæймæгты уды зиæнтты аргъæй.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.