Æппæтуæрæсейаг акци

Ацы нысаниуæгджын акци уагъд цæуы, ацы аз Стыр Фыдыбæстæйон хæсты немыцаг тыхæйисджыты ныхмæ Советон адæмы уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн. Зæгъæн ис, бынтон æппæтуæрæсейаг нæу, фæлæ – æхсæнадæмон, уымæн æмæ дзы хайад исынц зæххы къорийыл ахæм бæстæтæ, цыран нæ ферох кодтой советон салдаты сгуыхтдзинад.

«Армыдзаг мысынад» у æфсæддон-патриотикон акци. Йæ нысан у, фашизмæй дуне чи бахъахъхъæдта, уыдон нæмттæ ма ферох кæнын. 2019 азы Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгад фæндон бахаста, советон салдаттæ æмæ афицерты – хъайтарты ингæнтæй сыджыты хай сæрмагонд капсулæты æрæмбырд кæнын, кæцытæ лæвæрд æрцæудзысты Уæрæсейы Гарзджын тыхты историон-мемориалон комплексы сæйраг кувæндонмæ Кубинкæйы. Ацы бынаты алы бæстæтæй уаз сыджыты армы дзаг цытджын уавæрты æвæрд æрцæудзæн артиллерион нæмгуыты гил-зыты æмæ сæ нывæрдзысты кувæндоны алыварс галерейæйы «Дорога памяти»- йы. Ацы галерейæ у мемориалон комплексы хай, уыдзæн дзы Стыр Фы-дыбæстæйон хæсты 33 милуан хайадисæджы къамтæ. Символикон  æгъдауæй «Дорога памяти»-йæн йæ дæргъ у 1418 санчъехы, кæцы нысан кæны хæст цас бон æмæ æхсæв цыд, уый.

Нæ Республикæйы территорийыл ацы æфсæд-дон-патриотикон акци цытджын уавæрты уагъд æрцыд Ленингоры поселочы централон парчы 1941-45 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты номыл мемориалон комплексы раз.

Мадзалы цытæн чысыл митинг бакодта Ленингоры администрацийы культурæйы хайады сæргълæууæг Битарты Виссарион. Уый банысан кодта ацы акцийы ахсджиагдзинад, зæгъгæ, уымæй ноджыдæр бæл-вырд кæнæм советон салдаты æмæ Фыдыбæстæ-йон хæсты хъайтарты сгуыхтдзинад.

Ленингоры поселочы музейы директор Чертхъоты Зæлинæ йæ раныхасы æрдзырдта ацы акцийы нысаниуæгыл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ рагæй фæстæмæ Уæрæсейы зæххыл арæзт цыдысты аргъуантæ, кувæндæт-тæ уырыссаг æхсæнгарзы уæлахизы цытæн. Фæлæ хицæн кувæндон арæзт æрцæудзæн Уæрæсейы Гарзджын тыхтæн, кæцыйы дæргъ уыдзæн 95 метры. Уый дунейы чырыстон аргъуантæй, бæрзæндмæ гæсгæ уыдзæн цыппæрæм. Сæйраг куполы барабаны диаметр уыдзæн 19, 45 метры, кæцы у, хæсты цы аз фæцис, ууыл дзурæг. Чысыл куполы бæрзæнд та уыдзæн 14, 18 метры, уыдон та æвдисынц хæст цас цыдис, уыцы бонтæ.

Дарддæр Зæлинæ йæ ныхас аздæхта акцийы ны-санмæ, зæгъгæ, æфсæддон ингæнтæй сыджыт æм-бырд кæнынц æрмæст Уæрæсейы территорийыл нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр, цыран тох кодта æмæ фæмард советон салдат – Польшæ, Чехи, Прибалтикæ, Франц, Серби æмæ æндæр бæстæты. Уырдæм хауы Хуссар Ирыстон дæр, кæд мах терри-торийыл хæстон архæйдтытæ нæ цыд, уæддæр нæм бирæ ис Советон Цæдисы хъайтарты ингæнтæ.

Уыцы хъайтарты ‘хсæн ис, Ленингоры районы Кедигорайы хъæуы чи райгуырд, уыцы Сабанты Григол. Сырх Æфсады рæнхъыты службæ кодта 1941 азæй. Архайæг æфсады та 1942 азы ноябры мæйæ. Хицæн 496 развæдсгарæг ротæйы развæдсгарæг Сабанты Григол йæ развæдсгарджыты къордимæ фыццаг бабырстой Днепры рахиз былгæрон-мæ æмæ æрхъула кодтой ныхмæлæуджытыл. Ныфсджынæй размæбырсгæйæ, хъайтардзинад æмæ ныфсхастдзинад æвдисгæйæ, Сабанты Григол тох кодта 1943 азы 26 сентябры æнæхъæн æхсæв, цæмæй Днепры цæугæдоны рахиз фарс плацдарм фæ-уæрæхдæр уыдаит. Армæй тохты, гранаттæ æмæ зынгæй, уый скуынæг кодта 11 гитлероны æмæ байста ныхмæлæууæджы уæзтæласæн.

Музейы директор зæрдыл æрлæууын кодта, Днеп-ры цæугæдоны рахизфарсы плацдарм байсыны рæстæджы хъайтардзинад æмæ фæндвидардзинад равдисыны тыххæй Сабанты Григолæн лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы хъайтары ном Ленины орден æмæ майдан «Золотая Звезда».

1945 азы старшинайы чинимæ æрæздæхт Советон Цæдисы Гарзджын тыхтæй, куыста йæ райгуы-рæн хъæуы колхозы сæрдарæй. 1962 азæй фæстæмæ та цард горæт Цхинвалы, куыста партийы Хуссар Ирыстоны обкомы. 1968 азы Григол фæхъуыд йæ цардæй. Советон Цæдисы хъайтары ном хæссы  нæ горæты уынгтæй сæ иу.

Æмткæй сисгæйæ Ленингоры районæй Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыд æртæ минæй фылдæр адæймаджы, уыдонæй тохы быдырæй нал сыздæхт 1646. Районы ветеранты ‘хсæн ма æрæджыйы онг уыд 1945 азы Уæлахизы парады хайадисæг Джиоты Ма-лаки. Хъыгагæн ма абон Ленингоры районы ис иунæг Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Александр Миделашвили.

Чертхъоты Зæлинæ патриотикон акци «Армыдзаг мысынад» абарста «Æнæмæлгæ полк»-имæ, кæцы æрбангом кодта æрмæст Уæрæсейы цæрджыты нæ, фæлæ уырыссаг дунейы тыгъдад.

Мадзалы сæйраг хай

Дарддæр æрæвнæлдæуыд мадзалы сæйраг хаймæ. Районы культурæйы хайады сæргълæууæг Битарты Виссарион æмæ Сæйраг Æфсæддон къамисар Гуссойты Андрей Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъай-тарты цырты разæй систой сыджыт æмæ йæ сæрмагонд чысыл голладжы нывæрдтой. Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты мысынад æмæ кады нысанæн цытджын караул уæлдæфы æртæ æхсты фæкодтой. Ма-дзалы хайадисджытæ – районы къухдариуæгад, ахуы-рад, æндæр минæвæрттæ æмæ ахуыргæнинæгтæ ди-динджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Фыдыбæстæ-йон хæсты хайадисджыты номыл мемориалон цырты раз, иу уысм æмырæй алæугæйæ ссардтой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ.

Уыцы бон Ленингоры районæй хъайтарты иумиаг ингæны сыджыты хай æрхастæуыд Хуссар Ирыстоны столицæмæ æмæ æппæт республикæйæ æрæмбырдгонд сыджыты хæйттимæ, æрвыст æрцыдысты Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады музеймæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.