Исламаг Республикæ Иранмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Базарадон-сæудæджерадон палатæйы делегацийы балцы фæстиуджытыл уынаффæ цыдис, РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн республикæйы Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæрдар Æлборты Аланимæ цы фембæлд уыд, уым.

Æлборы фырт паддзахады сæргълæууæгæн радзырдта, горæт Тегераны уагъд кæй цыдис бизнес-форум, кæцымæ Хуссар Ирыстоны фæхуыдтой развæлгъау.

Уый делегацийы балц банымадта æнтыстджыныл, йæ куысты, зæгъгæ, хайад истой Ираны æппæт провинцитæй 100 хъомысджындæр компанийæ фылдæр. Загъта ахæм ныфсы ныхæстæ, зæгъгæ, дард нал у уыцы рæстæг, ирайнаг бизнес Хуссар ирыстоны «сгарын» куы райдайа йæ интерестæ æмæ дыууæ фарсы дæр куы рахизой æнгомдæр кооперацитæм.

«Нæ визиты нысан дæр уыд Ираны Базарадон-сæудæджерадон палатæимæ æввахсдæр базонгæ уæвын, фæлæ мах уымæй дарддæр ацыдыстæм. Уыдыстæм Æдтагон кооперацийы палатæйы, кæцыйы хайад исынц 13 мин адæймаджы бæрц. Уыдонæн тынг цымыдисон уыд Хуссар Ирыстоны тыххæй фехъусын, немæ базонгæ уæвын æмæ загътой сæ фæндон æввахс рæстæджы Хуссар Ирыстонмæ минæварджын делегацийæ æрцæуын», – загъта уый.

Базарадон-сæудæджерадон палатæйы сæрдар ма банысан кодта, форумы фæлгæтты хуссарирыстойнаг делегаци кæй бавдыста модулон технологитæ.

«Бизнес-форумы тынг бадис кодтой, Хуссар Ирыстонæн ахæм фадæттæ кæй ис, ууыл. 40 боны фæстæ Тегераны уагъд цæудзæн арæзтады фæдыл равдыст, цыран нæ модулон технологитæ бавдыст æрцæудзысты æххæст гуырахстæй», – банысан кодта Æлборты Алан.

 Йæ рады Бибылты Анатоли загъта, иттæг ахсджиаг кæй у Хуссар Ирыстон æмæ Ираны ‘хсæн ахастытæ рæзын кæнын экономикæйы къабазы.

«Мах иттæг хорз зонæм, Иран серьезон бынат кæй ахсы Æввахс Скæсæны, тынг активонæй æмгуыст кæны, æввахс æм цы бæстæтæ ис, уыдонимæ, Уæрæсейы Федерациимæ æмæ нын уый фадат дæтты базарадон-экономикон ахастытæ, бангон къабаз æмæ культурон бастдзинæдтæ рæзын кæнынæн. Уый у тынг перспективон фæдыздæхт.

Æхсызгон у, нæ Базарадон-сæудæджерадон палатæ кæй ацыд уырдæм æмæ фадæттæ кæй агуырдта экономикон æмгуыстадæн. Æнæмæнгхъæуæг нæу æмæ æрмæстдæр Хуссар Ирыстон æмæ Ираны ‘хсæн ис æртыккаг бæстæтæ дæр, кæцыты руаджы аразæн ис бастдзинæдтæ Иранимæ. Ацы здæхты хъæуы серьезондæрæй бакусын», – загъта Президент.

РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.