Майрæмбоны, Цхинвалы Кады аллеяйы раз уагъд æрцыд Стыр Уæлахизы бæрæгбоны 71 азы сæххæсты цытæн акци «Стыр Уæлахизы Стъалы». Акци уагъд цæуы æрвылаз дæр Уæрæсейы æхсæнадон-патриотикон проект «Не стыр Уæлахиз»-ы фæлгæтты. Æппæтадæмон æхсæнадон-патриотикон автозгъорд «Стыр Уæлахизы Стъалы»-йы колоннæтæ сæ бæрæгбонон фæндаг райдыдтой фондз горæтæй — Севастополь, Архангельск, сакъадах Русский, Дербент æмæ Брестæй. Фондз горæты нысан кæнынц Сырх стъалыйы фондз тигъы. Колоннæтæ сæ фæндаг акæндзысты Уæрæсейы территорийыл 90 горæтыл æмæ фембæлдзысты горæт Владимиры, уый фæстæ акцийы автозгъорд цытджын æгъдауæй фæуыдзæн Мæскуыйы.

Цхинвалмæ æрцæуæг колоннæ йæ фæндаг райдыдта Дербентæй æмæ æрхæццæ ис 14 апрелы изæры. Майрæмбоны15 апрелы акцийы хайадисджытæ Цхинвалы Кады аллеяйы цытджын æгъдауæй сæвæрдтой дидинтæ Æнусон арты цырты раз.

Митинг æрбайгом кодта Фæсивæды политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты къухдариуæггæнæг Гатыгкоты Валентинæ.

«Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы Советон адæм æрбангом сты æмæ сарæзтой æнæбасæтгæ æфсад. Хъаруджынæй тох кодтой знаджы ныхмæ æмæ, æппæт зындзинæдты сæрты ахизгæйæ, æрхастой уæлахиз, — загъта уый. Нæ сæрæй ныллæг кувæм Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæн æмæ, чидæриддæр йæ цард снывонд кодта æппæт адæмы хæрзæбоны тыххæй, уыдонæн. Уыдон сæ хæстон фæндаг фесты знаджы нæмыгæй æмæ нын сæ мæлæт ссаргæйæ, ныффæдзæхстой нæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнын. Махæн нæ бон нæу уыдоны фæстæмæ раздахын, фæлæ нæ бон у сæ кадджын нæмттæ сын макуы ферох кæнæм. Нæ хъайтарты нæмттæ цæрдзысты уæдмæ, ца-лынмæ цæрæм мах».

Президент Тыбылты Леонид йæ раныхасы загъта:

«Республикæ Хуссар Ирыстоны адæм стыр æхсызгонæй сæмбæлдысты Уæрæсейы Федерацийы сабырады минæвæрттыл. Тынг æхсызгон у, Цхинвал кæй ис ацы акцийы хайадисæг горæтты номхыгъды. Табуафси, нæ республикæмæ».

Уый ма банысан кодта, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад кæй райста Хуссар Ирыстоны цæрджыты цыппæрæм хай. Уыдонæй бирæтæ радтой сæ цард сабырад æмæ сæрибар-дзинады сæраппонд.

«Арф символикон нысаниуæг ис, ацы акци уагъд кæй цæуы Цхинвалы. Уый дзурæг у, кæй ничи ферох æмæ кæй ницы ферох, ууыл. Уый у проекты сæйраг принцип. Афтæ рауад, æмæ ивгъуыд æнусы 1990 азтæй фæстæмæ нæ адæмы радон хатт бахъуыд фашизмы ныхмæ тох кæнын. Уыцы тохы мах фæуæлахиз стæм Уæрæсейы æххуысæй æмæ кæддæриддæр уыдзыстæм Уæрæсейы Федерацийы æппæт райдайгæ хъуыддæгты фарс».

Ветеранты номæй митинджы раныхас кодта Фыдыбæстæйон хæсты ветеран Дзеранты Шота æмæ банысан кодта, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты сæраппонд цы мадзæлттæ уагъд цæуы, уыдонæн кæй ис стыр нысаниуæг.

«Абон у стыр бæрæгбон — мах мысæм Фыдыбæстæйон хæсты тохгæнджыты нæмттæ. Куы мæм æрсидтысты хæстмæ, уæд æз уыдтæн 9-æм къласы. Уым æз баслужбæ кодтон æхсæз азы. Тынг бирæ зындзинæдтæ æвзæрстам мах, фæлæ быхстам. Не ’хсæн уыд тынг бирæ ирæттæ, уыдон равдыстой хъæбатырдзинад уыцы æнæмсæр тохы æмæ 33 ироны та систы Советон Цæдисы хъайтартæ».

Эстафетæйы командæгæнæг Артем Кашицын йæ раныхасы раарфæ кодта проекты фæлгæтты Цхинвалы мадзал бацæттæгæнджытæн æмæ загъта, æхсæнадон политикон проект «Не Стыр Уæлахизы стъалы» кæй рацыд бирæ горæттыл æмæ дарддæр йæ фæндаг кæндзæн 30 боны. «Нæ проекты нысан у сабырад — мах тауæм дуджы æмæ æппæт адæмты ’хсæн бастдзинад фæлтæрæй фæлтæрмæ. Нæ автозгъорды символ у не Стыр Уæлахизы стъалы. Уæ республикæйæн лæвар кæнæм Уæлахизы тырысайы халдих, кæцы æнустæм сымах хъуамæ бахъахъхъæнат. Фæнды нæ, цæмæй ацы тырыса уæ къухмæ райс-гæйæ сымах банкъарат фæлтæрты монон бастдзинад, хуымæтæджы салдатимæ бастдзинад æмæ бастдзинад нæ цытджын ветерантимæ. Фæнды нæ, цæмæй ацы хъуыддаг суа сабырадыл тохгæнæг æппæт адæмты æнæаскъуыйгæ бастдзинады, иудзинады символ.

Мадзалы кæронбæттæны акцийы хайадисджытæ цытджын æгъдауæй сæвæрдтой дидинтæ æнусон арты цырты раз æмæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты нæмттæ. Уый фæстæ Æнусон арты фæзуаты райтынг кодтой Уæлахизы Сырх тырыса, Сырх стъалыйы хуызтимæ, — нысан кæны сæрибары символ, æмæ, 1941-1945 азты хæстон цаутæ кæй никуы ферох уыдзысты, уый.

* * *

Стыр уæлахизы стъалы
Стыр уæлахизы стъалы

Дунеон æхсæнадон-патриотон проект «Звезда нашей Великой Победы»-йы минæвæрттæ бацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ музеймæ. Уым уазджытæн фенын кодтой ирон нывгæнджыты конд нывтæ, афтæ ма дуры, бронзæйы æмæ уый фæстæйы дугты артефакттæ.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты 71 азы цытæн мадзæлтты фæлгæтты эстафетæйы минæвæрттæ, нæ республикæйы сæйраг горæты ауагътой цалдæр мадзалы.

Кады аллеяйы веноктæ сæвæрыны фæстæ организацийы минæвæрт-тæ фæуазæг сты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады Кадетон скъоламæ æмæ йын цытджын æгъдауæй балæвар кодтой Георгий Жуковы бюст.

Æхсæнадон-патриотикон проекты минæвæрттæ ма бацыдысты Мамсыраты Хадзы-Умары номыл 5-æм ас-тæуккаг скъоламæ æмæ æфсымæрон уæлмæрды мемориалыл сæвæрдтой веноктæ. Уый фæстæ фæуазæг сты 12-æм астæуккаг скъоламæ æмæ йын балæвар кодтой Юрий Гагарины бюст.

Кæронбæттæн мадзал уыд Ереды трагедийы амæттæгты уæлмæрдыл веноктæ сæвæрын.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ проекты сæйраг нысаниуæг кæй у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты бирæнацион советон адæмы сгуыхтдзинады тых-хæй историон мысынад бахъахъ-хъæнын.

Авто-марш Мысынады эстафетæ «Звезда нашей Великой Победы» баиу кæндзæн Уæрæсейы 100 горæтæй фылдæры, Абхаз, Беларус, Китай, Но-воросси, Хуссар Ирыстон æмæ æндæрты.

Алы горæты дæр проекты хайадисджытæ, дзыллон-патриотикон акциты спайда кæныны тыххæй, ветеранты æмæ æвзæнгты патриотикон организацитæм ратдзæн Мысынады эстафетæйы символ — Уæлахизы тырысайы масштабон халдих.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.