Дунейы коронавирусы пандемийы рапарахатæй æвыдæй нæ зайы нæ республикæ дæр. Хъазуатон тох цæуы бæстæйы медицинон уагдæтты ацы низы авналæнтæ фæкъуындæг кæнынмæ, стæй йæ уацары бахауæг æмбæстæгтæн æмбæлон хос скæнынмæ. Низ ног фæзынгæ кæй уыд, уый цасдæрбæрцæй фæтыхсын кодта медицинæйы фадыджы кусджыты дæр, йæ ныхмæ куыд æмæ раст фæлæууын хъуыд, уыцы хъуыддаджы.

Ивгъуыд аз ацы æгъатыр низы ныхмæ тохы бæстæйы медицинон кусджыты фарсмæ балæууыдысты волонтертæ, æмæ кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ æххуыс кодтой низы фыдаудæнæй уæззау уавæрты бахауæг медицинон персонал æмæ рынчынтæн. Волонтерты нымæц сырæзт уадидæгæн æмæ æрмæст рынчындæтты нæ балæууыдысты тыхст адæмы фарс, фæлæ ма хæдзæрттæм дæр цыдысты æмæ æххуыс кодтой, кæм медицинон хостæ амал кæнынæй, кæм – хæлцадон продукттæй, хатт та кодтой психологон æххуыс дæр.

Уыцы иузæрдион архайд æнæхъусдард нæ баззад бæстæйы къухдариуæгадæй æмæ Президенты Барамындæй ног коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны рæстæджы равдисгæ лæгдзинад æмæ удуæлдайдзинады тыххæй, рынчынтæ æмæ медицинон кусджытæн пандемийы уавæрты «сырх зонæйы» æххуыс кæныны тыххæй «За борьбу с COVID-19» майдантæй хорзæхджын æрцыдысты республикон бирæпрофилон медицинон центры кусджытæ, Югосетпотребнадзоры кусджытæ æмæ волонтертæ.

Хорзæхтæ дæттыны цытджын церемони бæстæйы сæргълæууæджы номæй сæххæст кодта Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади.

Медицинæйы къабазы кусджыты схорзæхджын кæныны хæдразмæ уый банысан кодта, пандеми, кæй у æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ æппæт медицинон кусджыты системæйæн серьезон фæлварæн. Уымæн æмæ уыдон æрвылбон дæр æнæрулæфгæйæ тох кæнынц, дунейæн тæссагдзинад чи æвзарын кæны, уыцы вирусы ныхмæ. «Сырх зонæйы» хъазуатонæй тох кæнынц æнæуынгæ знаджы ныхмæ æмæ ирвæзын кæнынц нæ чысылнымæц адæмы цард. Уымæн, зæгъгæ, æвдисæн стæм мах, æмæ уыцы уæззау куысты тыххæй Президент æмæ Хицауады номæй стыр бузныджы ныхæстæ загъта ацы ахсджиаг къабазы кусджытæн.

«Сырх зонæ»-йы волонтерты архайдыл дзургæйæ уый банысан кодта, зæгъгæ, уыдон æххуыс уыд рæстæгыл æмæ æнæмæнгхъæуæг. Уæды рæстæджы сæхи æнæниздзинадæн тæссаг уавæрты, уыдон æххуыс кодтой æрмæст рынчынтæн нæ, фæлæ æппæт æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыгæн.

«Æнæ сымах æххуысæй мах нæ фæтых уыдаиккам ацы æнæхайыры низыл. Ахæм рæстæджы нæ фæфаг кæны æххуысы къух, æмæ æххуыс æнæмæнгхъæуæг вæййы», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Республикæйы Президент æмæ Хицауады номæй ноджыдæр арфæ ракодта волонтертæн, коронавирусон инфекцийы ныхмæ тох кæныны хъуыддаджы активон хайад кæй райстой, уый тыххæй.

Хорзæхтæ чи райстой, уыдоны ‘хсæн уыд бæстæйы сæргълæууæджы бинойнаг Куымæридтаты Линдæ. Уый «сырх зонæ-йы» æххуыс кодта медицинон хотæн æртæ къуырийы дæргъы. Ацы хъуыддагмæ йæ баразæнгард кодта уый, æмæ йæхæдæг куы фæрынчын, уæд бамбæрста, кæй хъæуы ацы рынчынты фарсмæ балæууын. Æмæ йын, йæ ныхæстæм гæсгæ, зын нæ уыд волонтерæй æххуыс кæнын дæр.

«Зын уыд, кæй зæгъын æй хъæуы, бонæй изæрмæ уыцы хибахъахъхъæнæн сæрма-гонд дзаумæтты, фæлæ æххуыс кæнын зын хъуыддаг нæ уыд. Алыварсон æххуыс код-тон рынчынтæн, афтæ медицинон хотæн дæр. Фыццаг бонæй сын арæзтон судзинтæ дæр, æгæрыстæмæй, мыл уый дæр баууæндыдысты», – дзырдта Линдæ.

Уыцы рæстæджы волонтертæй рынчындонмæ æххуыс кæнынмæ цыдысты алы кары адæм. Уыдоны ‘хсæн уыд скъолайы ахуыргæнинæгтæ дæр. Уыдонæй иууыл кæстæр, нæ горæты Аивæдты лицейы 10-æм къласы ахуыргæнинаг Гаглойты Димитр нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ уыцы уынаффæ райста йæхи зондæй.

«Мæ ныййарджытæ разы кæцæй уыдыс-ты уыцы хъуыддагыл, фæлæ æз уæддæр ацыдтæн рынчындонмæ волонтерæй», – дзырдта уый.

Димитр «сырх зонæйы» æххуыс кодта мæйæ фылдæр, йæ бон цы уыд, уымæй. Рынчынтæн хастой æрвитæггæгтæ, кодтой сын моралон æххуыс. Фæлæ, зæгъгæ, иууыл зындæр æмæ уæззаудæр уыд, рынчынтæ куыд тыхстысты, уымæ кæсын.

Йæ хорзæхы тыххæй уый стыр бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн, æхсызгон ын кæй у, кæй сын кад кæнынц æмæ сæ кæй нæ рох кæнынц.

Кадзты Казимир та «сырх зонæйы» уыд волонтерæй дыууæ мæйæ фылдæр.

«Мæ фыд уыд уæззау рынчын æмæ йæм хъуыд фæкæсын. Æз уыдтæн йæ фарсмæ æмæ уыцы-иу рæстæджы æххуыс кодтам иннæ волонтертимæ медперсоналæн. Хъыгагæн, мæ фыд фæзиан, куы йæ бавæрдтам, уæд та фæстæмæ баздæхтæн. Уымæн æмæ нæ фаг кодта æххуысы къух, æмæ сын кæм туаггуыры балонтæ хастам, кæм – цы. Рынчынæн медицинон æххуысæй дарддæр хъæуы моралон æххуыс дæр, æмæ нæ бон куыд уыд, афтæ психологтæ дæр уыдыстæм», – дзырдта Казимир.

Уыимæ-иумæ уыцы рæстæг рынчындоны волонтерæй чи архайдта, уый Дыгъуызты Вадим нын куыд дзырдта, уымæ гæсгæ сарæзтой куысты график. Туаггуыры балонтæ сæвæрдтой алы уæладзыгыл, ныффыстой сыл – афтид кæцы у, йедзаг кæцы у, цæмæй ма тыхсой.  Вадим ма нын куыд радзырдта, афтæмæй Казимир арæхстджын лæппу у, æмæ-иу сæм медицинон ифтонггæрзтæ аразынмæ дæр фæкаст.

«Уыцы рæстæджы мах нæдæр нæ ном айхъуысыныл хъуыды кодтам,  нæдæр – хорзæхтæ райсыныл. Фæлæ уыд тыхст рæстæг æмæ фæкæсын хъуыд медицинон персоналмæ. Уымæн æмæ уыдон дæр фæлладысты, хъуыд сæм æххуысы къух фæдарын.

Немæ ма цы волонтертæ уыдис, уыдонæй бирæтæ, цæмæй сæ бинонты ма фæрынчын кæной, уый тыххæй баххуырстой фатер, æмæ уым æхсæвиат кодтой», – дзырдта уый.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.