Президент Бибылты Анатоли хайад райста Цæрæнуатон-цардуагон лæггæдты æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты кусджыты боны цытæн цытджын æмбырды.

Бæрæгбонон мадзал уагъд æрцыд Паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы.

Æрæмбырдуæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, уæлдай кад кæй кæны Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæн.

«Мæнæн уæлдай æхсызгон у ацы бæрæгбон: мæ мад дæр æмæ мæ фыд дæр куыстой цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фадыджы. Мæнæн уый у уæлдай сæрыстырдзинад. Æз æй хъуыды кæнын, куыд зæрдиагæй дзырдтой сæ куысты тыххæй.

Зынаргъ хæлæрттæ! Сымах ифтонг кæнут нæ республикæйы рæсугъддзинад æмæ сыгъдæгдзинад. Райсом раджы сымах рахизут уæ куыстмæ, цæмæй мах цæуæм сыгъдæг уынгтыл. Уæ куыст, кæй зæгъын æй хъæуы, у уæззау. Стыр бузныг уын», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый бахатыд æмбæстæгтæм, цæмæй аргъ кæной Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджыты егъау куыстæн.

«Махæн иумæйагæй бирæ бантыст саразын. Мах æй хъуыды кæнæм, цы уавæры уыдысты нæ кæртытæ, уынгтæ, хæсты рæстæджы пырх фатертæ, скъолатæ æмæ æндæр инфраструктурæ. Ноджы мæ иу хатт  фæнды банысан кæнын, уый кæй у уæ куысты фæстиуæг, кæцыйæн нæй саргъгæнæн дæр, нæ республикæйы рæзтмæ хæссут стыр хайбавæрд. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын.

Ныфс мæ ис, мах иумæ дарддæр дæр кæй æндидзын æмæ рæзын кæндзыстæм Республикæ Хуссар Ирыстон. Растдæр иумæ, уымæн æмæ æнæ иудзинадæй нæй гæнæн нæ паддзахады æндидзын æмæ æхсæнады рæзты идеятæ размæ кæнын. Иумæ нын алцыдæр бантыстдзæн», – загъта Бибылты Анатоли, æмæ йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ Хуыцауы хорзæх.

Цæрджыты æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады цæрæнуатон-цардуагон лæггæдты фадыджы бирæ азты дæргъы цæсгомджын куысты тыххæй фадыджы кусджытæн Президенты Барамындæй лæвæрд æрцыд кадджын нæмттæ, афтæ ма «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты сæраппонд» майдантæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Бузныджы гæххæттытæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.