Тугъанты Махарбеджы студимæ фыццаг чи рбацыд, йæ зæрдæ кæмæй барухс, æмæ стыр сфæлдыстадон фидæн æнхъæл кæмæй уыд, уыдонæй сæ иу уыд Гуырдзыстоны ССР аивæдты сгуыхт архайæг Санахъоты Барис.

Барисæн йæ аивадмæ куы æркæсæм, уæд дзы зыны, рæзты перспективæ кæмæн ис, ахæм рационалон стъæлфæн. Куыдфæнды дзурæм, уæддæр уыцы стъæлфæнмæ гæсгæ аргъ кодта Махарбег Барисы фидæнæн.

Нæ фæрæдыд Махарбег. Санахъоты Барис сси уæды ирон нывгæнджытæн сæ тæккæ зынгæдæртæй. Уый, куыд дæсны нывгæнæг, афтæ активон хайад иста æппæтцæдисон æмæ республикон равдыстыты. Йæ курдиаты фæрцы дардыл ахъæр йæ ном.

Барис райгуырд 1920 азы. 1932 азы бацыд Цхинвалы нывгæнæн студимæ æмæ йæ каст фæцис 1938 азы (уæдмæ нывгæнæн студийæ арæзт æрцыд нывгæнæн ахуыргæнæндон). Барисмæ тынгдæр бахъардта нывкæнынады æндæвдад æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы Суриковы номыл нывгæнæн институты. Æвзонг нывгæнæг ам стыр цымыдисæй бафтыд уырыссаг прогрессивон хуызфыссынады иууыл хуыздæр тенденцитæ лæмбынæгæй сахуыр кæныны хъуыддагыл, фæлæ… 1941 азы райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Барис ныууагъта йæ ахуыр æмæ тох кодта æгъатыр знаджы ныхмæ. Фæлæ алцæмæн дæр ис кæрон. Хæст фæцис æмæ та Барис дæр адарддæр кодта йæ уарзон хъуыддаг, бацыд фæстæ-мæ, уæлдæр цы институты кой ракодтам, уырдæм æмæ йæ æнтысгæйæ каст фæцис 1952 азы.

Афтæ у: аивадмæ фыццаг къахдзæфæй фæбæрæг вæййы нывгæнæджы фидæны сфæлдыстадон хъысмæт. Мæнгæй нæ фæдзурынц «гайлаг, дам, рæуæдæй бæрæг у». Барис йæ фыццаг уацмысæй равдыста йæ курдиат æмæ йыл сдзурын кодта æрмæст йæ ахуыргæнджыты нæ, фæлæ ма уæрæх дзыллæты дæр. Уый уыд йæ дипломон куыст «Къоста» («Къоста сабиты æхсæн»). Ацы уацмыс нымад цæуы йæ куыстыты иууыл популярондæрыл. Стыр тиражæй рацыд йæ хуызджын репродукци, хицæн равдысты рæстæджы æвæрд æрцыд уырыссаг аивады хæзнадон – Третьяковы галерейы дæр. Уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у, сæйраджы та, «Къоста» аивадон æмæ идейон æгъдауæй дæр æххæст кæй у, ууыл.

Барис йæ дипломон куысты æххæстæй равдыста йæ идейон-эстетикон уырнындзинад, аивадмæ цы цæстæнгас дары, уый. Нывгæнæгæн зынаргъ у Къоста. Уый зын рахатæн нæу: хуызфыссæг йæ уацмысы æргомæй æвдисы йæхи сæрмагонд, субъективон хъуыды: æнæкæрон уарзтæй уарзы æнæ-мæлгæ поэты. Фæлæ уый цъус у, уый сæйраг нæу. Чи нæ уарзы Къостайы? Æмæ уый нывгæнæг йæхæдæг дæр хаты, йæ разы æвæры, аивадон æгъдауæй бæрзонд нысан кæмæн ис, уацмысмæ кæсæджы арф хъуыдыты чи аны-гъуылын кæны, ахæм проблемæ: Къостайы нысаниуæг ирон адæмы историйы.

Къоста – гениалон поэт, пахуымпар, Къоста – ирон адæмы раздзог, сидзæрты æмæ адæмы рухс фидæныл тохгæнæг. Ахæм у Къостайы фæлгондз уацмысы. Санахъойы фырт йæ уацмысы ирдæй æвдисы поэты идейон уырнынад æмæ фидæны фæлтæры тырнынады иудзинад.

Бæрзонд æмæ рæсугъд у ацы уацмысы идейон хъуыды. Æмæ ахæм у сыгъдæг аивадон, техникон æмæ æддагон формæйæ дæр. Хъæздыг у ахорæнтæй, композицион арæзтмæ гæсгæ. Æппæт уыдæттæм гæсгæ «Къоста» у, æцæг, уддзыд уацмыс кæй фæхонынц, ахæм.

Барисы сфæлдыстадон биографийы ма ахсджиаг бынат бацахстой «Къостайы» хæдфæстæ цы уацмыстæ сарæзта, уыдон дæр: «Бæллиц», «Æвзонгад», «Фидæн» æмæ æндæртæ. Уыдон дæр уыдысты республикон æмæ æп-пæтцæдисон равдыстыты, аивадуарзджытæ, специалисттæ сын скодтой стыр аргъ.

Барис уыд амондджын, поэтикон тырнындзинадыл хæст нывгæнæг. Ацы сфæлдыстадон хиад уый махæн æнкъарын кæны йæ алы уацмысы дæр, портрет уа, гъе, бирæфигурæйон компзици, цахæмфæнды ма уæд сæ тематикæ – историон æви нырыккон. Ахæмтæй (жанртæй æмæ тематикæйæ) хъæздыг у Санахъойы фырты сфæлдыстад.

Рæсугъд æмæ алыфарсон уыд 20-æм æнус, техникæ, атом æмæ космосы æнус. Æмæ уымæ гæсгæ тынг фæбæрзонд дунейон-æхсæнадон царды нывгæнæджы, адæймаджы хъысмæтыл æдзух хъуыдыгæнæджы роль. Прогрессивон адæймагад уæд архайдта, цæмæй фæкъаддæр кæна дунейы æн-дыгъдад. Куыд коммунист-нывгæнæг, афтæ Санахъоты Барис дæр тырныдта, цæмæй йæ хайбавæрд бахæсса дуне æрбæстон кæныны хъуыддагмæ, нæ планетæйыл коммунистон идейæты фæуæлахизы ахсджиаг хъуыддагмæ.

«Уый нæ уыдзæн!», афтæ хуыйны Барисы уацмыстæй сæ иу. Атомон бомбæйы цæхæрæй арвыл царддæттæг хур ныффæлурс. Дуне арт – пиллон фестад. Адæймаг, атомы æрымысæг, а-бæстæйы фидыц, дæлгоммæ ныххауд, йе нгуылдзтæ зæххы ныссагъта, сиды фæдисмæ, агуры æххуыс, фæлæ… дуне æдзæрæг фæцис. Ныхæстæй ахæм у уацмысæн йæ хъуыды.

Барис Стыр Октябры социалистон революцийы 50 азы юбилеймæ сæрмагонд равдысты аивадуарзджыты базонгæ кодта йæ уацмыс «Мад»-имæ. Уымæн дæр йæ идейон тырнындзинад у ног хæсты ныхмæ: хæст фæцис, уæдæй фæстæмæ мад æнхъæлмæ кæсы йæ фыртмæ, сиды дунетæм, фæрсы сæ, кæм ис мæ фырт, зæгъгæ. Фырты æндæрг йæ къух æруагъта мады уæхскыл æмæ йын дзуапп дæтты: «Мæнæн мауал тæрс, гыцци, мæ мæлæтæй æз адæмæн æрхастон амонд – фидыдад æмæ хъахъхъæнут, хъахъхъæнут удыгæсты ног хæстæй, мæлæтæй!» Стыр ахадгæ экспрессивондзинад ис ацы нывы.

Барис уыд, æдзух уæрæх тематикон æмæ егъау, философон, проблемон уацмыстæм чи тырныдта, ахæм нывгæнæг. Йæ уацмыстæн сæйраджы характерон у композицийы фидар бастдзинад, хуымæтæгдзинад. Йе сфæлдисгæ фæлгæндзтæ сты кæддæриддæр ирд æмæ æнцон æмбарæн.

Сфæлдыстадон куыстæй дарддæр ма Барис кодта æхсæнадон куыст дæр. Активон хайад иста нæ бæстæйы культурон царды. Цалдæр азы фæкуыста Хуссар Ирыстоны Нывгæнджыты цæдисы сæргълæууæгæй, афтæ ма куыста Тугъанты Махарбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндоны ахуыргæнæгæй дæр. Йе сфæлдыстадон сгуыхтдзинæдты тыххæй йын уæды рæстæджы лæвæрд æрцыд Гуырдзыстоны ССР аивæдты сгуыхт архайæджы кадджын ном(1957).

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.