Ирон нывгæнæджы экспрессивон нывтæ æвдисынц йæ раттæг адæмы ирд дуне – ахæм бацæуæн æмæ хатдзæгæй райдайы ныхас номдзыд ирон нывгæнæг, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон нывгæнæг Бæззаты Андрейы (Скиф) цард æмæ сфæлдыстады тыххæй журнал «Балтиаг статус»-ы.

Илья Репины номыл Ленинграды хуызфыссынад, скульптурæ æмæ архитектурæйы институты студент Бæззаты Андрей номдзыд ленинградаг нывгæнæг Моисеенкойы къухдариуæгады бын ахуыр кæнын куы райдыдта, йæ фыццаг куыстытæй гъеуæд ныппæрста дисы дæсны нывгæнæджы: «Æппæт дæр дын кæны судзгæ».

– Æмæ æз уарзын ахæм хуыз, куыд хуссайраг нывгæнджытæ се ‘ппæт дæр, афтæ, – дзуры Бæззайы-фырт.

Уый йын абон, аивадиртасджытæ куыд нысан кæнынц, афтæмæй йæ нывты колорит æмæ хуызты музыкалондзинады фæрцы байгом вæййы æнæхъæн философон-мидисджын дуне. Уæд та йын нырма фыццаг бафæлвæрд уыд «арты æвзæгтæй фæлындзыны» аивадыл фæцалх уæвынæн, цæмæй йæ уды æвидигæ энерги аздæхтаид, чи йæ хъуыд, ахæм ссадвæдмæ. Цæмæй пейзажы уарзон бынæттæ равдисай, портреты та зæронд лæджы куырыхондзинад кæнæ æрыгон чызджы кæлæнгæнæг рæсугъддзинад.

Æниу æм уæдмæ уыд Тугъанты Ма-харбеджы номыл Цхинвалы нывгæнæн училищейы райсгæ ахуырдзинад, хъуыдис ма йæ азтæ, цæмæй суыдаид мастер. Цæмæй йæ конд нывтæ бахаудаиккой куыд Уæрæсейы, афтæ фæсарæнты – Израилы, Германы æмæ æндæр бæстæты бирæнымæц коллекцитæм дæр. Æмæ йын персоналон равдыстытæ уыдаид Мæскуы, Санкт-Петербургы централон аивадон залты, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ уарзон Ирыстоны – цы ранæй райдыдта йе сфæлдыстадон фæндаг.

«Нæ хъуг дæр ауæй кæндзынæн, фæлæ ацæудзынæн ахуыр кæнынмæ»

Андрей ныв кæнын райдыдта, фæндзæм къласы ахуыр кæнгæйæ, йæ фыдымад Зассеонимæ Везуры хъæуы куы цард, уæд. Зассеонæн йæ сæрыхицау фæмард Стыр Фыдыбæстæйон хæсты, Сталинграды сæрыл тохы. Фронты фæмардуæвджыты идæдзтæ хæрзцъус пенси истой æмæ сын 19 сомы маамæлайы къæбæры фаг йедтæмæ нæ кодта. Сæ къух сын рог кодтой сæ зæххы фадыг æмæ се ‘ртæ хъуджы. Уыцы рæстæджы хæххон хъæуты электроны рухс нæма уыд æмæ Андрей йæ фыццаг куыстытæ сфæлдыста фæтæгенæй судзгæ лампæйы рухсмæ, æхсæв-иу йæ нана куы бафынæй, уæд. Уый абон бирæтæм фæкæсид экзотикон. Сæ хъæумæ электроны рухс бахæццæ æрмæстдæр ивгъуыд æнусы 70 азты. Дыккаг проблемæ та йын уый уыд, æмæ сæ хъæуы никуы уыд ныв кæныны ахуыргæнæг. Æмæ ныв кодта карандасæй,  чингуыты иллюстрацитæм кæсгæ-йæ. Ныв кæй кодта, уый ничи зыдта, æгæрыстæмæй йæ нана дæр, цалынмæ æстæм къласмæ ахызт, уæдмæ. Æппæт дæр «раргом», æстæм къласы æвзæр нысæнттæ исын куы райдыдта, уæд. Æгæрыстæмæй, тынг цы предмет уарзта, уымæй, историйæ дæр. Историйы ахуыргæнæг Багаты Исидор ын загъта йæ на-найæн, йæ фырты фырты мæгуырау ахуыры тыххæй. Зассеон дисы ныххауд, уый цæмæй зыдта, Андрей æхсæв фынæй кæныны бæсты ныв кæй кодта, уый. Хъуыддаг афтæ рауад æмæ сæм иу бон хæдзармæ бацыдысты дыууæ ахуыргæ-нæджы. Зассеон сын фынг авæрдта, куыд зынаргъ уазджытæ, афтæ. Æмæ фынгыл бадгæйæ, ныхас кæныны рæстæджы, куы раргом уаид Андрейы сусæг уæлтæмæн.

Аивад – къулыл ныхасгæ гæххæттыл

– Ахуыргæнджытæ мын загътой: равдисма, цытæ кусыс… Æмæ сæм уæд рахастон къулыл ныхасгæ зæронд гæххæттытæ, кæцытæн сæ фæстаг фæрстыл уыдысты мæ конд нывтæ. Кæм мын уыд ныв кæныны гæххæтт, кæм мын уыд ахорæнтæ – мæ фыдымады пенси нын царды амæлтты фаг куынæ кодта?.. Ахуыргæнджытæ мын мæ куыстытæ куы федтой, уæд загътой:

«Дæу хъæуы нывгæнæн училищемæ ацæуын».

Æмæ иугæр хъуыддаг раргом, уæд дзы æмбæхсинаг дæр ницыуал уыд. Цалдæр боны фæстæ Андреймæ сæ хъæуккаг лæг æрбахаста хъусинаг, Цхинвалы нывгæнæн училищемæ ахуыргæнинæгтæ кæй исынц, уый тыххæй. Андрейæн иуæй рæстæг нал уыд бацæттæ кæнынæн, иннæмæй  хæдзары митæ – цæй фæлварæнтæ æмæ цæй цыдæр!.. Фæлæ дæм нысанмæ тырнындзинад куы уа, уæд æм æнæмæнг фæхæццæ уыдзынæ.

Уæд Цхинвалы нывгæнæн училищейы директор уыд Ленинграды аивадон академийы рауагъдон Хъотайты Григол. Уымæ та ахæм миниуæг уыд – абитуриенттæн æрмæст сæ куыстытæм нæ каст, фæлæ сæ хъуамæ алкæимæ дæр аныхас кодтаид хицæнæй. Лыстæггай æрфарста Андрейы дæр, кæм цæры, кæм ахуыр кæны, æмæ афтæ дарддæр. Æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй фæлварæнты фæстæ æнæ йæ фенгæ ма ацæуа.

Бацæуæн фæлварæнты Андрей райста æртæ æвзæр нысаны.

– Цæй ахуырмæ бахауыныл ма хъуамæ цыдаид дзырд, – æрымысыд Бæззайы-фырт. – Æмæ æз аскъуыддзаг кодтон: ацæудзынæн нæхимæ, нæ хъуццытæй иу ауæй кæндзынæн æмæ балхæндзынæн, цахæм гæххæтт æмæ ахорæнтæ хъæуы, ахæмтæ, мæхи бацæттæ кæндзынæн фæлварæнтæм æмæ бафæлвардзынæн фидæнмæ. Уалынмæ мæм куы фæдзурид училищейы директор æмæ мын куы райдаид дзурын: нывгæнæг куы суон, уæд кæй кæндзынæн «куыдзы цард», нырма мæ цыппар азы хъæуы училищейы ахуыр кæнын, стæй æхсæз азы – академийы, æмæ, бæрæг дæр нæу, исчи мын мæ нывтæ æлхæндзæн æви нæ… Стæй мæ бафарста, куыд хъуыды кæнын, уымæй. Æз уæддæр – хъуг ауæй кæндзынæн… Æмæ мын уæд загъта: фидæнмæ нæ, фæлæ ацы сентябры ам куыд  уон…

Афтæмæй Андрей ссис нывгæнæн училищейы студент.

Ленинградмæ!

Директор нæ фæрæдыд. Бæззайы-фырт училище каст фæцис сыгъдæг фæндзтыл, æппæт предметтæй дæр тынг хорз нысæнттимæ диплом райсгæйæ. Æмæ уæд Хъотайты Григол йæ рауагъдонæн загъта:

 «Ацу Ленинграды училищемæ, суыдзынæ стыр нывгæнæг».

Куыд хъуамæ ацыдаид – нанайы кæмæн ныуадздзæн?.. Йæ нанайы та бирæ уарзта Андрей – иу æмæ йын дыууæ хатты не скодта йæ фæлгонц кæттагыл. Ахæм кары йын куыд уыд иунæгæй ныууадзæн… Хæдзармæ хъусдарын хъæуы, уæлхæдзарæй йын мит чи калдзæн…

 Зассеонæн йæхи тынг фæндыд, цæмæй йæ хъæбулы хъæбул йæ ахуыр адарддæр кæна, фæлæ уæддæр йæхæдæг дывæнд кодта дзæвгар рæстæг. Фæлæ йæ сразы кодтой йе мхъæуккæгтæ, баныфс ын æвæрдтой, йæ нанамæ йын сæ хъус кæй дардзысты, уымæй.

Уыйхыгъд Андрей Ленинграды аивæдты училищемæ кæй бахауд, уый стыр цины хабар уыд æнæхъæн Къуыдаргомы цæрджытæн. Фæлæ уый афтæ æнцонæй нæ бафтыд йæ къухы. Училищемæ бахауд æрмæстдæр æртыккаг бафæлвæрды фæс-тæ. Уымæн æмæ йæ разы ныццæхгæр, уырыссаг æвзагæй фæлварæн раттын æнæмæнгхъæуæг кæй уыд, уыцы хъуыддаг. Фæлæ та йæ хъул сах абадт Ленинграды дæр, ам дæр та йын сфæлхатт Цхинвалы истори.

…Цæмæй дæ куыстытæ, Моисеенкойæн фенын кодтаис, кæцы уæдмæ уыд хуыз-фыссынады стыр авторитет æмæ дунейы æхсæз аивадон академийы уæнг, уый тыххæй абитуриентты хъуыд æртыгай мæйты йæ хæдзары цур хъалагъуры лæууын.

Æппынфæстаг Андрейы къухы бафтыд, цæмæй йын Моисеенко зæгъа: «Хорз, фенын мын кæн дæ куыстытæ».

Афтæмæй Андрей ссис, ахæм номдзыд лæг кæй равзæрста, уыцы дыууæйæ сæ иу. Фæлæ… æртыккаг хатт дæр та фæлварæныл фæкалд уырыссаг æвзагæй. Æниу, куыдфæндыйæ дæр, нырма абитуриент уæвгæйæ се ‘ппæтæй хуыздæр ныв кодта, тырныдта ногдзинæдтæм. Моисеенко уый уыдта. Æмæ та Андрейæн фæлварæнты радон хатт йæ фæндаг куы æрыхгæдтой, уæд мæстыйæ загъта: «Цæй, цы ‘рцыд, мах филологтæ цæттæ кæнæм, мыййаг?..»

Афтæ Андрей ссис Ленинграды аивадон училищейы студент.

Аивад æмæ шахт

Андрей куыддæр училище каст фæцис, афтæ райдыдта рацарæзт, сæфын райдыдтой, ахуыр кæуыл уыдыстæм, уыцы æргъадтæ, бæстæ базар фестад, инфляци, аивад никæйуал æндæвта. Æрыгон нывгæнæгæн йæ конд нывтæ ничиуал æлхæны, æрмадз ын нæй… Куы йын загътой, цæмæй метроарæзтадмæ ирвæзынгæнæгæй бацæуа, уæд сразы. Фидгæ йын дзæбæх кодтой, фæлæ уæззау куыст уыд.

– Хъуамæ зæххы бынмæ ныххизай 70 метры æрфæнмæ, – æрымысы Бæззайы-фырт. – Алфæмблайы цъыф, дон, талынг. Æмæ ды хъуамæ аварийы рæстæджы ахæм æрфæнæй кæйдæр уæлæмæ сласай… Æмæ афтæ суткæйы кæцыфæнды афон дæр… 14 азы дзы бафæрæзта. Фæлæ йæ хуыздæр куыстытæй цалдæр скодта уыцы рæстæджы.

О, скифтæ мах, ирæттæ стæм…

Бæззаты Андрейæн йæ бон у æмæ сахатгæйтты дзура йæ адæмы историон уидæгты тыххæй. Блокы зындгонд æмдзæвгæмæ гæсгæ мах хъуыды кодтам, цыма скифтæ уыдысты азиаг адæм. Æцæгæй та рагон адæм скифтæ уыдысты нырыккон ирон адæмы фыдæлтæ. Уымæн равзæрста Андрей йæхицæн сфæлдыстадон фæсномыг «Скиф» æмæ йæ фыртыл дæр ном Скиф уымæн сæвæрдта.

Кæй зæгъын æй хъæуы, Бæззайы-фыртæн йæ фыццаг персоналон равдыст Цхинвалы уыд, 1988 азы.

Ацы аз январы мæйы йын Санкт-Петербурджы цы равдыст байгом, уымæ бахаста æрмæстдæр нарты эпос æвдисæг куыстытæ.  Уыцы равдыстæн нывгæнæг равзæрста 50 куысты, цæмæй хуызты æнæбын дунейы фæрцы равдиса рагон легендæты цæрдхъомдзинад. Хæдæгай, Санкт-Петербурджы йын уыд 17 персоналон равдысты, хайад цы иумæйаг равдыстыты райста, уыдоны нымæц дæсгæйттæй нымайгæ рагæй у. Уыцы равдыстытæй иу уыд, чи йæ схъомыл кодта, уыцы уарзон нана Зассеоны номыл. Йæ куыстытæй бирæты ис фенæн йæ цардæмбал Гаглуен Ульянæйы сурæт дæр. Уыцы хъуыддаджы Андрей оригиналон нæу, зындгонд ныв-гæнджытæ се ‘ппæт дæр сылгоймаджы рæсугъддзинад æвдисынц кæттагыл.

Фæлæ ирон нывгæнæджы конд нывты иууыл фылдæр бынат ахсы ирон адæмы культурæ, йæ номдзыд æмфыдыбæстæ-йонты фæлгæнцтæ, хæхтæ,  Кавказы алæмæты æрдз. Критиктæ куыд фиппайынц, афтæмæй нывгæнджытæ арæх пайда кæнынц, йæ удмæ сæ кæмæн ца-хæм хуызтæ æввахсдæр сты, ахæм хуызтæй, æнæнымæц фæдыздæхтытæй.

Фæлæ профессионалон аргъкæнынадæй иуварс куы ахизæм, æмæ Бæззайы-фырты конд нывтæм хуымæтæг адæймаджы цæстæй куы бакæсæм, уæд гæнæн ис зæгъæн: нывгæнæг уарзы цард!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.