ӔРДХОРД – ӔМБӔЛТТӔ

Дыууæ æмгары кæрæдзийы æрдхæрттæ куы свæййынц, уæд кæрæдзийæ скæнынц æрдхорд-æфсымæртæ. Уыцы æгъдау ба-кæнынц се ̀ннæ æмбæлтты цур, цæмæй сæ адæм зоной. Уыдон ард бахæрынц, уыцы бонæй фæстæмæ кæрæдзийы кæй уарздзысты, æмæ кæрæдзийыл хинæй кæй никуы рацæудзысты, афтæ сæ кæрæдзийы бинонтыл дæр æмæ æфсымæртыл дæр кæй ауддзысты.

Ардхæрд вæййы афтæ. Кæд уа, уæд сызгъæрин фондз сомы нывæрынц арахъæй дзаг агуывзæйы. Сæ цуры чи вæййы, уыдон дæр сæ иууылдæр фæуынынц, афтæмæй сæ иу къухмæ райсы уыцы агуывзæ æмæ фæзæгъы: “Хуыцау, уæдæ нæ кæрæдзийы хъахъхъæнгæйæ бирæ азты æмæ бонты хъæрмудæй фæцæрын кæн. Кæрæдзийыл хинæй, гадзрахатæй куыд никуы рацæуæм, уый адæмы фарн дæр æмæ хуыцауы фарн дæр зæгъæд, чи нæм хъусы, уыдон та нын æвдисæн фæуæнт”. Ӕмæ нуазæныл фæхæцы, афтæмæй дзы баназын кæны æрдхорд кæимæ фæкæны, уымæн ей ‘рдæг. Уый фæстæ иннæ дæр уыцы нуазæн райсы йæ къухмæ æмæ та уый дæр фæзæгъы, кæрæдзийы кæрæй-кæронмæ бирæ куыд уарзой, уый тыххæй бирæ хъарм ныхæстæ æмæ уый дæр йæхи къухæй хæцгæйæ фыццагæн баназын кæны агуывзæйы ма цы арахъ баззад, уый. Сæ цуры цы адæм вæййы, уыдон сын бирæ фæарфæтæ кæнынц, цæмæй, цалынмæ цæрой, уæдмæ кæрæдзийы уаргзгæйæ кæрæй-кæронмæ фæцæрой.

Ард чи фæхæры, уыдонæн, сызгъæрин фондз сомы куы нæ вæййы, уæд агуывзæйы нывæрынц æвзист сомырдæг. Кæд æппын-дæр ницы уа, уæд афтид арахъæй дæр ис ард бахæрæн.

Ард чи бахæры, уыдонæн, фыццаджы-дæр, нæ вæййы дзаума уæрст. Кæмæн сæ цы дзаума уа, уый фæдарынц сæ дыууæ дæр, чи йыл куыд æмбæлы, афтæ. Сæхицæн хæсыл нымайынц кæрæдзийы хæдзæрттыл арм дарын, кæрæдзийы хæдзæрттæ хъахъхъæнын.

Дыууæ æмгары æрдхæрттæ куы скæ-нынц кæрæдзийæ, уæдæй фæстæмæ дыууæ хæдзары бинонтæ дæр кæрæдзиуыл тынг фæаудынц æмæ кæрæдзийы тынг фæуарзынц. Лæппутæн кæрæдзийы хотæ æмæ æфсымæртæ вæййынц хи хотæ æмæ æфсымæрты хуызæн. Ӕрдхорд-æфсымæртæй ахæмтæ вæййы, æмæ дзы иуы, мыййаг, исчи куы амара, уæд иннæ йе ‘рдхорд-æфсымæры туг райсын йæхицæн хæсыл фæнымайы. Суанг ма дыууæ мыггаджы дæр фæуарзынц кæрæдзийы. Ард чи бахæры, уыцы лæппутæй иу иннæйы мыггаджы æхсæн куы вæййы исты хъуыддаджы тыххæй, уæд æй фæхонынц хи æфсымæр.

Ӕрдхорд-æфсымæртæ кæрæдзийы афтæ тынг фæнымайынц, æмæ фæуарзынц, æмæ сæ алкæцы дæр йæ хæрз мадæй райгуыргæ æфсымæрæн нæ зæгъдзæн йæ сусæг ныхæстæ, фæлæ сæ йе ‘рдхорд æфсымæрæн зæгъдзæнис.

Дыууæ æрдхорд-æфсымæры сæ кæрæдзийы, мыййаг, куы нæ уал фæуарзынц, иумæ хорз куы нæ уал фæцæрынц, уæд сыл адæм фæхудынц, сæ ард, зæгъгæ, куыд æмбæлы афтæ нæ сæххæст кодтой, æгъ-дау фехæлдтой. Æмæ уыцы худинагæй тæрсгæйæ, бирæ æрдхорд-æфсымæртæ сæ ардбахæрд нæ фехалынц сæ царды кæронмæ.Суанг ма сын се ‘рдхорддзинад сæ цот дæр нæ фехалынц. Ахæмтæн адæм арфæтæ фæкæнынц. Йе ‘рдхорддзинад чи фехалы, уый адæм фæхонынц мæнгард, æмæ йыл ничиуал феууæнды.

 ДОНДЗАУ УСТЫТЫ ӔГЪДӔУТТӔ

Ирон адæм хæхбæсты цардысты тынг къуындæг уавæрты, уымæн æмæ сыл зæхх не ‘ххæссыди. Хъæутæ арæзтой ахæм рæтты, æмæ-иу сæ фылдæрмæ дон хæстæг нæ уыд. Дон хæссын хъуыди дардæй – къуыстилты. Ус-иу йæ астæуыл бабаста чъылдым баз, къуыстилы тигъыл фидар куыд хæцыдаид æмæ къуыстил дæлæмæ куыд нæ бырыдаид, афтæ, стæй-иу уæлейы йе уæхсчытæй къуыстилмæ ауагъта къуыстилбæндæн æмæ-иу афтæмæй хаста къуыстил, донæй йедзаг афтæмæй.       

 Къуыстилы-иу цыди æртæ цыппар бедрæйы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы цыппар бедрæйы æнцон хæссæн нæ уыдысты. Уæлдай зындæр уыдис дон хæрдмæ хæссын.

Устытæ-иу донмæ куы ацыдысты, уæд-иу бирæ фæныхас кодтой, алчидæр-иу йæ хъæстытæ, йæ мæстытæ, йæ хорздзинæдтæ, дзырдта. Æд къуыстилтæ дæр-иу байдыдтой лæууын.

Ус-иу донмæ куы ацыдис, уæд-иу скуывта донычызджытæм, цæмæй цы дон хæссы, уый уа амондджын дон. Куывта Донбеттыртæм дæр, цæмæй донхъуаг макуы баззайой.

Сылгоймаг чындзы куы ацæуы, уæд ын йæ ног хæдзар  цалынмæ чъиритæ скæной æмæ донхæссæн бынатмæ, донычыз-джытæм куывды ацæуа, уалынмæ нæ фæцæуы донмæ. Дон чъизи куы вæййы, уæд устытæ фæдзурынц: “Абад, абад, доны чызджытæ дæумæ кæсынц”. Уый фæдзурынц цæмæй дон тагъддæр ныббада, æмæ чъизи мауал уа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.