Нывгæнæг иннæ адæмæй уымæй хицæн кæны, æмæ алцыдæр арф æнкъары æмæ уыны. Нывгæнæг алы хатт дæр фиппайы царды цымыдисон фæзындтытæ.

Нæ горæты цæрæг Бибылты Мальвинæ авгыл нывтæ кæны, хоны йæ витражы кæцыдæр хай кæнæ та витражон ныв. Витраж бирæтæ æмбарынц, зæгъгæ, у авджы алыгъуызон къæрттытæй конд ныв, фæлæ йæ æцæгæй та аразынц сæрмагонд витражон ахорæнтæй, кæцытæй байдзаг кæнынц авгыл конд узортæ. Æвзонг нывгæнæг йæ куыстыты арæх æвдисы зайæгойты æмæ сæ ныв кæны ирд ахорæнтæй. Витраж у рухсдзыд (прозрачный) аивадон композици авг кæнæ æндæр дзаумайæ конд. Уый у ног, къухæйаразгæ техникæ. Ацы техникæйæ саразæн ис алыгъуызон стилыл цæттæ композицитæ. Йæ сæйраг хицæндзинæдтæ сты оригиналондзинад нывы æмæ къухæй куысты эстетикæ.

«Фыццаг райдыдтон кусын акварелон гæххæттыл сæнæй, фæлæ мæ зæрдæмæ тынг нæ цыдис, æмбæрстон æй, цыдæр хъуаг ма кæй уыд, уый. Æмæ уæд бафæлвæрдтон авгыл ныв кæнын. Мæ зæрдæмæ тынг фæцыдис æмæ мæхицæн загътон: куыддæриддæр мæ фæндыд, раст афтæ рауад», — мидбылхудгæйæ дзуры æвзонг нывгæнæг.

Ахсджиагыл ма нымайы уый дæр, æмæ нывæн гæнæн ис æвдисæн хуызырдæм дæр æмæ зыгъуыммæ дæр.

«Ныв кæнын райдыдтон хайгай витраж, уымæн æмæ мæ зæрдæмæ тынг цæуы. Кæронмæ йæ куы сныв кæнын, уæд свæййы, кæм æй æрцауындзын, уыцы бынаты хай. Уый фæстæ кусын райдыдтон этникон тематикæйыл нывтæ аразыныл. Ацы здæхтимæ зонгæкæнгæйæ æз бамбæрстон, алкæцы этнос дæр йе сфæлдыстады кæй æвдисы адæмы характер. Æмæ мæн дæр бафæндыд мæ куыстыты уыцы тематикæ равдисын. Уымæ гæсгæ æмбырд кæнын скифаг нывтæ æмæ орнаменттæ», — радзырдта Бибылты Мальвинæ.

Нывгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, ахæм хуызы нывгæнæн аивады нæй фæрæдийæн. Гæххæттыл куыстæн ис сраст кæнæн, йæ уæлдæйттæ йын схафæн, фæлæ ацы хуызы та уый гæнæн нæй. Авгыл нывкæнынад у лыстæг æмæ биноныг куыст, адæймаг дзы тынг сабыр кæны.

Мальвинæ кусы алыгъуызон æрмæджытыл дæр. «Тынг уарзын хъуымацыл ныв кæнын. Мæ бон у бирæ рæстæджы дæргъы кæсын кæцыдæр хъуымацмæ æмæ хъуыды кæнын: æз та йыл цымæ цы ныв скæнин æмæ йæ цахæм ахорæнтæй сахорин. Афтæ вæййы витражыл ныв кæнгæйæ дæр: фæкæсын быдырон дидинджытæм æмæ фæхъуыды кæнын, авгыл та куыд фидаудзысты, ууыл», — загъта Бибылты Мальвинæ.

Æвзонг техникты станцы ацы аз байгом витражтæ аразыны техникæйы къорд. Уым Мальвинæ йæ зонындзинæдтæ амоны сывæллæттæн. Къордмæ бацæуын сæ бон у 8 азæй 14 азы онг кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæн. «Ацы къордмæ æхсæз сывæллонæй фылдæр мæ бон нæу райсын, уымæн æмæ витражон ныв кæныны хъуыддаг афтæ æнцон нæу, сывæллæттæй алкæцымæ дæр индивидуалон хъусдард здахын хъæуы. Нæ кусæн кабинет ифтонг у æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæй дæр æмæ сывæллæттæн æнцон у кусын. Ныртæккæ мæм ис фондз сывæллоны, сæ зæрдæмæ тынг цæуы».

Æвзонг нывгæнæг кусы хъæдæрмæгимæ дæр. «Æз колледжы ахуыр кодтон хъæдæрмæгыл нывæфтыдтытæ кæныны курсыты. Æмбæрстон æй, уæззау куыст кæй у, уый, фæлæ тынг мæ зæрдæмæ цыд. Куыстон сусхъæд æмæ æнгуз бæлæсты хъæдæрмæгимæ. Иннæ бæлæстимæ абаргæйæ, уыдон сты фæлмæндæр æмæ семæ кусын дæр æнцондæр у», — радзырдта нын нывгæнæг.

Йе сфæлдыстадон архайд Мальвинæ иу кæны психологы куыстимæ æмæ афтæмæй, сæ хицæндзинæдтæ нымайгæйæ, æххуыс кæны сабитæн царды сæхи ссарынæн. «Тынг цымыдисон у семæ кусын, уымæн æмæ уыдон иннæ сывæллæттæй тынг хицæн кæнынц. Зæгъæм, хуымæтæг сывæллонмæ куы бахатай, цæмæй адæймаджы сныв кæна, уæд дын сныв кæндзæн сæр, гуыр, къухтæ æмæ къæхтæ. Фæлæ ахæм хæслæвæрд ацы сывæллæттæн куы радтай, уæд ахæм ныв скæндзысты, æмæ йыл дæхæдæг хъуыды кæндзынæ, зæгъгæ, цыма йæ цы фæндыд равдисын. Уымæ гæсгæ мын ахæм хуызы семæ кусын цымыдисондæр у», — банысан кодта Бибылты Мальвинæ.

Курдиатджын чызг

«Чысылæй æз нæ ныв кодтон, цымыдисдзинад дæр мын нæ уыдис. Сфæлдыстадимæ мæ цы иу кодта, уый уыдис æрдзмæ кæсын бирæ кæй уарзтон, уый. Кастæн-иу, дымгæ бæлæсты къалиутæ куыд узы, кæнæ кæрдæг куыд тасын кæны, уыдæттæм», — йæ мысинæгты аныгъуылд Бибылты чызг.

Фæлæ йе скъола фæуыны фæстæ бахъуыд фидæныл ахъуыды кæнын. “Мæ зонгæйыл амбæлдтæн æмæ мын радзырдта, Цхинвалы нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ кæй бацыд, уый. Нæ зонын, æвиппайды мыл цы ’рцыд, фæлæ мæ зæрдиагæй бафæндыд уырдæм бацæуын«,- зæгъы Мальвинæ. Æнæмæнгхъæуæг документтæ бацæттæ кодта æмæ сæ бадæт-та нывгæнæн ахуыргæнæндонмæ. Уыцы аз ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты хими æмæ биологийы факультетмæ дæр. «Нывгæнæн ахуыргæнæндоны фæлварæнтæ лæвæрдтон, цалдæргай азты дæргъы нывгæнæн скъоламæ чи цыдис, кæнæ сæ ныййарджытæ нывгæнджытæ кæмæн уыдысты, ахæм сывæллæттимæ. Æз та мæ къухмæ къарандас дæр никуы райстон. Кæй зæгъын æй хъæуы, фæлварæнтæ иннæты хуызæн хорз нæ радтон», — банысан кодта уый.

Цалдæр азы фæстæ, йæ тырнындзинады фæрцы Мальвинæ нывгæнæн ахуыргæнæндон каст фæцис сырх дипломимæ. Абон уый у сæрибар нывгæнæг æмæ удуæлдайæ тырны сфæлдыстады бæрзæндтæм схизынмæ. Фидарæй йæ уырны, цы куыст кæны, уый йын йæ миддунейыл хорзæрдæм кæй æндавы. Нæ зæрдæ йын зæгъы дарддæры æнтыстытæ, йæ фæндтæ йæ къухы бафтæнт!

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.