Ирыстоны фæсивæдæн хуыздæр æмæ стырдæр æнтыстытæ сæ къухты цы спорты хуызты бафтыд, уыдонæй иу у уæгъдибар хъæбысхæст. Уый нæ фæсивæды ноджы тынгдæр разæнгард кæны æмæ абон дæр Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны спорты ацы хуызы архайынц сæдæгай æвзонг спортсментæ. Уыдонæй сæ иуты цæттæ кæны Цхинвалы æвзæнгты спортивон скъолайы тренер Коцты Тамерлан.

Тамерлан райгуырд æмæ хъомыл кодта Цхинвалы районы Зары хъæуы. Йæ фыд Хадзы-Мурат уæгъдибар хъæбысхæст афтæ бирæ уарзта æмæ йæ фæндыд, цæмæй йæ фырт суыдаид хорз хъæбысæйхæцæг. Тамерланы дæр фæндыд, фæлæ Зарæй горæтмæ тренировкæтæм цæуын хуымæтæджы хъуыддаг нæ уыд æмæ Хадзы-Мурат аскъуыддзаг кодта, цæмæй йæ бинонтимæ æрцæуа Цхинвалы горæтмæ. Æрцардысты Цхинвалы æмæ дыууадæсаздзыд Тамерлан цингæнгæ райдыдта тренировкæтæм цæуын. Уыдон, куыд æнхъæл уыд, афтæ æнцон нæ разындысты, кæд фæллад, фæлмæцыд, уæддæр хъуыды дæр никуы акодта æмæ ныууадза, цы спорт равзæрста, уый. Æцæг дзы уыцы зындзинæдтæ  тагъд æрбайрох сты. Уымæн æмæ йæ архайд æмæ æнтыстæй рухс кодта куыд йæхи, афтæ йæ чи цæттæ кодта, уыдон æмæ йæ хиуæтты зæрдæтæ дæр. Цалынмæ Советон Цæдис нæ фехæлд, уæдмæ Тамерлан æвзæнгты хсæн ссис ССРЦ, Гуырдзыстоны æмæ Цæгат Ирыстоны чемпион.

Тамерлан 2002 азæй фæстæмæ та кусы тренерæй. Йемæ ныхаскæнгæйæ банысан кодта, зæгъгæ, тырнын, цæмæй, кæй цæттæ кæнын, уыдонæн уа, мæнæй бирæ хуыздæр æмæ фылдæр æнтыстытæ. Æмæ афтæ кæй уыдзæнис, уый у уырнинаг. Уымæн æмæ абон уæгъдибар хъæбысхæст кæмæн амоны, уыдонæй цалдæр Зассеты Арсæмæг, Бестауты Андрей, æмæ Дзæгъиаты Сослан систы æвзæнгты ‘хсæн  Уæрæсе, Европæ æмæ дунейы чемпионтæ.

Тамерлан абон уыдонæй уæлдай уæгъдибар хъæбыс-хæсты сусæгдзинæдтæ амоны фæндзай лæппуйæ фылдæрæн. Цахæм ныфс сæ æвæры, уый тыххæй та мын загъта, йæ ахуыргæнинæгтæм кæй ис стыр  тырнындзинæдтæ, уыимæ сты æнæниз æмæ сæ æвæры стыр ныфс.

Ацы аз нæ коронавирус куы нæ бахъыгдардтаид, уæд хъуамæ хайад райстаиккам Уæрæсе, Европæ æмæ дунейы турнирты. Куы ацыдаиккам, уæд мæ уырны, нырмæ нæ къухты цы æнтыстытæ бафтыдис, уыдон цалдæр хатт кæй фæфылдæр уыдаиккой, уый.

                                                                                               Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.