ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 7-æм туры фæлгæтты Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Томскы «Томь»-имæ. Алайнæгтæн 12-æм минутыл бантыст пурти бакъуырын. Расгуыхт Артур Малоян. Дарддæр дæр «Алани»-йæн уыд цалдæр хорз гæнæны пурти бакъуырынæн. Хъазты дыккаг æмбисы дæр уавæр нæ фæивта. Алайнæгтæн та уыд хыгъд фæфылдæр кæныны фадат, фæлæ та сæ не спайда кодтой. Афтæмæй хъазт фæцис 0:1 хыгъдæй «Алани»-йы пайдайæн.

Ныр Ирыстоны сæйраг футболон командæ æрæмбырд кодта 10 очкойы æмæ турнирон таблицæйы ахсы 11 бынат. Радон хъазт дæр «Алани» акæндзæн уазæгуаты. 9-æм сентябры фембæлдзæн Омскы «Иртыш»-имæ. 

БОКС

Хуссарирыстойнаг боксер Бекъойты Азæмæт хайад исы Советон Цæдисы адæмон артист, УФ-йы куысты хъайтар, РХИ-йы адæмон артист Иосиф Кобзоны номыл «А» кълассы æппæтуæрæсейон ерысты. Турнир уагъд цæуы Мæскуыйы областы горæт Одинцовойы. 19-аздзыд боксер ерыс кæны +91 кг уæзы категорийы. 

«Ацы ерыстæм хонæн гæххæтт райстам 10 боны размæ. Раздæр нæхи цæттæ кодтам Уæрæсейы Кубокы хайад райсынмæ, фæлæ нын нæ рауад Уæрæсемæ ацæуын. Азæмæт ис хорз физикон формæйы. Æцæг нын карантинон мадзæлтты аххосæй нæ фаг кæны ерысты хайад райсыны фæлтæрд-дзинад. Уымæ гæсгæ æхсызгонимæ сразы стæм ацы турниры хайад райсыныл. Уæлдайдæр та уый тыххæй, æмæ нæм сентябры дыккаг æмбисы кæй æн-хъæлмæ кæсынц ахсджиаг ерыстæ – Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат», – банысан кодта спортсмены тренер Бестауты Чермен.  

Турниры финалон тохтæ уагъд æрцæудзысты Одинцовойы волейболон центры. Уырдæм æрбацæудзысты Мæскуыйы областы губернатор Андрей Воробьев æмæ Мæскуыйы областы Думæйы сæрдар Игорь Брынцалов. Турниры уæлахиздзаутæн лæвæрд æрцæудзысты «Уæрæсейы спорты дæсны»-йы нæмттæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.