Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ 2004 азы Беслæны 1-æм скъолайы æбуалгъы теракты бабын сты  сæрмагонд дæлхæйттæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы фараст службæгæнджы дæр. Уыдонæй иу уыд дæлбулкъон Дмитрий Разумовский. Уый райгуырд 1968 азы 16 марты горæт Ульяновскы. 1990 азы каст фæцис Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Мæскуыйы арæнгæрон институт. Уыд боксæй уагдоны чемпион. Уый фæстæ дарддæры службæмæ æрвыст æрцыд иууыл вазыгджындæр фадгуытæй сæ иу – Астæуккаг Азийы арæнгæрон зылды Пянджскы арæнгæрон къордмæ. 1990 азы Таджикистаны горæт Душанбейы райдыдтой дзыллон змæстытæ. Разумовксий уыд арæнгæрон заставæйы хистæры хæдивæг.

1991 азы хайад иста таджикаг-афгайнаг арæныл хæстон архайдтыты. Уыд командиры хæдивæг. Уый фæстæ та – Мæскуыйаг арæнгæрон къорды десантон-штуромон къорды командир. Бирæнымæц хæстон операциты хайадисæг хорзæхджын æрцыд «За личное мужество» орденæй æмæ «За отвагу»-йы майданæй. Йæ командæкæнынады бын ацы къорд тох кодта бандитты æмæ наркотиктæ парахатгæнджыты ныхмæ. Иу тохы рæс-тæджы уыдон байстой æртæ тоннæйы героин. Афицеры сæрыл бандиттæ лæвæрдтой мингай доллартæ. 1993 азы тохтæй сæ иуы Разумовский райста тыхджын контузи. Госпиталы хуысгæйæ, уый базыдта 12-æм арæнгæрон заставæйæ йе ‘мгæртты амæлæты тыххæй. Заставæйы хистæр Михаил Майборода уыд Разумовскийы хуыздæр æмгар. Йæ фидæны цардæмбал Эрикæимæ Дмитрий базонгæ йæ хæлары æвæрæн боны. Фæстæдæр йæ фыццаг хъæбулыл сæвæрдта йæ хуыздæр æмбалы ном, Миша, зæгъгæ.

1994 азы Дмитрий Разумовскийы бахъуыд службæйæ ацæуын, къорд централон газеттæм командæкæнынады коррупцийы фактты æмæ уæлдæрлæууæг хистæрты аххосæй Таджикистаны уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ æмæ æфсæддонтæ кæй фæмард сты, уый тыххæй фыстæг кæй ныффыста, уымæ гæсгæ. Æнæхъæн бæстæ базыдта уæд 12-æм заставæйы сгуыхтдзинады тыххæй. Авд сахаты 45 арæнхъахъхъæнæджы хæцыдысты 250 боевикы ныхмæ, кæцыты ‘хсæн уыд, уæд нырма зындгонд чи нæ уыд, уыцы террорист Хаттаб. Фесты сæ нæмгуытæ æмæ гранаттæ, басыгъд сæ иунæг БМП. Куынæг æрцыд казармæ, фæлæ арæнхъахъхъæнджытæ фæстæмæ нæ алæууыдысты. Уыдоны уырныдта, кæй сæ нæ ныууадздзысты, уый. Фæлæ инæлартæ нæ тагъд кодтой æмæ сæм æххуыс куы фæзынд, уæд байрæджы…

Публикацийы фæстæ уайтагъд Разумовский сæрибар æрцыд службæйæ. Æмæ 10 азы фæстæ – 2004 азы сентябры ссис Уæрæсейы хъайтар. Службæ уымæн куыст нæ уыд, фæлæ царды уаг. Арæнгæрон заставæйы кæимæ службæ кодта, уыдон ын загътой сæ фæндон «Вымпел»-ы къордмæ бацæуыны тыххæй. Уый сразы уайтагъд дæр. Спецназон æрмæст тыхджын æмæ цырд ма хъуамæ уа, фæлæ хъуамæ зона хъуыды кæнын, æнкъара ныхмæлæууæджы. Ацы курдиатæй хайджын уыд Разумовский. Уый ссис «Вымпел»-ы хайады хистæр. Æхсæз азы службæйы рæстæджы  йæ къордыл иу хатт дæр операциты рæстæджы никуы æрцыд удызиæнттæ. Рацыд Вымпел»-ы æппæт операцитыл. Сæрибар кодта амынæтты «Норд-Ост»-ы, хайад иста С.Радуевы æрцахсыны операцийы. Пырх кодта боевикты Дагъыстаны. Æрæхгæдта гуырдзиаг арæн (уыцы тохы амардта 25 бандиты). Слепцовскаяйы станицæйы 10 сахаты бæрц тох кодта террористтимæ. «Вымпел»-ы службæ кæнгæйæ хорзæх-джын æрцыд ноджы æртæ хорзæхæй – «За военные заслуги» орденæй, æппæт къæхæнты «За  заслуги перед Отечеством»-ы майдантæй. Фæлæ йæ цард нæ фæивта, уый баззад йæ чысылæй фæстæмæ цахæм  уыд, ахæмæй, хуымæ-тæджы  раст адæймагæй.

2004 азы сентябры «Вымпел»-ы къордимæ æрцыд Беслæнмæ. Æртыккаг бон спортзалы айхъуыстысты тыхджын срæмыгъдтытæ, кæцыйы фæстиуæгæн æркалд уæлхæдзары хай. Амынæттæ лыгъдысты уырдыгæй. Разумовскийы къорд райста бардзырд бæстыхайы штурмы тыххæй. Тыхджын æхстыты бын уый хæслæвæрдтæ дæтта йæ дæлбар службæгæнджытæн. Йæхимæ здæхта террористты æхстытæ. Сцырын тох, нæмгуытæ æхситт кодтой æмæ тахтысты сæ сæрты. Бантыст ын дыууæ террористы амарын, фæлæ йыл уæдмæ йæ риуыл, бронежилеты сæрмæ  сæмбæлд снайперы нæмыг. Йæ фæстаг ныхæстæ уыдысты: «Меня зацепило. Забирайте». Беслæны цауты фæстæ телевизоры æвдыстой Ставрополаг архиепископ Феофаны интервью. «Æз мæхи цæстæй федтон афицертæй иу, хуыдтой йæ Майор (Дмитрийы афтæ хуыдтой йе ‘мгæрттæ), йæ цардыл æнæхъуыды кæнгæйæ ирвæзын кодта сывæллæтты. Куы амард, уæд ын йæ цæстытæ æз æрæхгæдтон», – радзырдта уый йæ интервьюйы рæстæджы.

Дмитрий Разумовскийæн баззад дыууæ лæппуйы. Уæд кæстæрыл цыд æртæ азы æмæ не ‘мбæрста цы æрцыд, уый. Хистæр Миша уайтагъд бамбæрста алцыдæр, йæ фыды кæй никуыуал фендзæн, уый. Уæлмæрды йæхи æвдыста фидарæй. Фæлæ йын йæ фыды табæт сыджытмæ, йе нусон бынатмæ куы уагътой, уæд йæхи нал баурæдта æмæ скуыдта куыд æй ничи фехъуыстаид, афтæ афицерау. Уый йæ фыды ныгæнæн боны аскъуыддзаг кодта æфсæддон кæй суыдзæн, уый тыххæй.

Ульяновскы педагогон институы бæстыхайы цур Разумовскийæн æвæрд æрцыд цырт. Йæ номыл горæты ис уынг. Цы скъолайы ахуыр кодта, уый къулыл конд æрцыд мемориалон фæйнæг. 2015 азы Разумовскийæн йæ амæлæты фæстæ лæвæрд æрцыд Ульяновскы кадджын æмбæстаджы ном. Беслæны йæ амæлæн бынаты æвæрд æрцыд мысæн плитæ. Афтæ ма Разумовскийы скульптурæ йæ къухты сывæллон, афтæмæй æвæрд æрцыд куыд Ульяновскы, афтæ Зеленограды дæр. 2004 азы Разумовскийы мысыны тыххæй ист æрцыд документалон фильм «Неизвестный салдат. Последняя командировка», зæгъгæ.

2004 азы 6-æм сентябры дæлбулкъон Дмитрий Разумовскийæн лæвæрд æрцыд Уæрæсейы хъайтары ном йæ амæлæты фæстæ. 2004 азы 7 сентябры хъайтар ныгæд æрцыд горæт Мæскуыйы Николо-Архангелскаг уæлмæрды специалон дæлхæйттæ «Альфа» æмæ «Вымпел»-ы иннæ фараст спецназонимæ. Уыдон дæр фæмард сты Беслæны контртеррористон операцийы рæстæджы.

Николо-Архангелскаг уæлмæрды ис хицæн аллея. Уæлмæрды сæ плитæтыл æнæмæнгæй дæр фыст ис дамгъæтæ «А» кæнæ «В». Хъынцъымы рæнхъæй лæууынц 10 уæлмæрды, кæцытæ уым фæзындысты уыцы иурæстæджы. Ам æнусон æнцойад ссардтой хъæбатыр нæлгоймæгтæ, кæцытæ сæ цард нæ бавгъау кодтой Беслæны сывæллæтты тыххæй. Æнусон кад сымахæн!

Æрмæг бацæттæ кодта

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.