4 сентябры, традицимæ гæсгæ, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет йæ дуæрттæ байгом кодта студенттæн æмæ ахуыргæнджытæн. Зонындзинæдты боны цытæн ам уагъд æрцыд цытджын бæрæгбонон линейкæ. Студенттæн æмæ университеты æппæт ахуыргæнджытæн раарфæ кодтой нæ республикæйы къухдариуæгады минæвæрттæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Цытджын линейкæ райдыдта иу уысм æмырæй алæууынæй, ссардтой Дзабиты Инал, Беслæны трагедийы амæттæгты, афтæ ма Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты кусджытæй ивгъуыд ахуыры аз чи фæхъуыд, уыдон рухс нæмттæ.

Æгас нæм цæут, фæсивæд!

Ног ахуыры азы тыххæй арфæйы ныхæстæ загъта университеты ректор Тедеты Вадим. Уый зæрдиаг арфæйы ныхæстæ загъта фыццагкурсонтæн æмæ сын йæ цæст бауарзта, цæмæй суой фидæны дæсны специалисттæ. «Абон, Зонындзинæдты боны тыххæй мæн, фыццаджыдæр, зæрдæбынæй фæнды раарфæ кæнын, фыццаг хатт университеты къæсæрæй чи æрбахызт, уыцы рæсугъд фæсивæдæн. Афтæ ма зæрдиаг арфæ кæнын æппæт студенттæн æмæ сæ ахуыры хъуыддагмæ чи кæны, сæ зонындзинæдтæ сын рæдауæй чи лæвар кæна, нæ уыцы профессортæ-ахуыргæнджыты скондæн дæр. Мæн уырны æмæ нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндонмæ дæсныйад райсынмæ чи æрбацыдис, уыдонæн сæ ахуыры процессы бæрæггæнæнтæ æмбæлон æмвæзадыл кæй уыдзысты. Уымæй дарддæр ма уын мæхи номæй æмæ университеты ахуыргæнджыты номæй ныфс æвæрын, мах æппæт дæр кæй сараздзыстæм, цæмæй фондз азы ахуыры фæстæ нæ университетæй ацæуат цæттæ специалисттæй. Уый тыххæй ногарæзт университеты студенттæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр æмæ уæ сæйраг цы домдæуы, уый æрмæстдæр ахуыр æмæ ахуыр. Афтæ куы уа, уæд та уæндонæй бахиздзыстут уæ дарддæры царды уæрæх фæндæгтæм æмæ размæ кæндзыстут уæ райгуырæн бæстæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны. Ацы фæстаг бонты нæм цы уæззау цаутæ æрцыдис, уымæ гæсгæ мах фæндон рахастам, цæмæй абоны цытджын бæрæгбон ауадзæм æнæ концертон программæйæ», – загъта Тедеты Вадим. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта нæ республикæйы къухдариуæгадæн, бахъуыды рæстæджы сæ фарсмæ кæй æрбалæууынц æмæ уæлдæр ахуыргæнæндонмæ стыр хъусдард кæй здахынц, уый тыххæй.

Нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли дæр йæ раныхасы ног ахуыры азы цытæн зæрдиаг арфæ ракодта æппæт студенттæн дæр. Уый банысан кодта, зæгъгæ, адæймаджы царды ахуырæн ис стыр нысаниуæг æмæ фæсивæды кæй хъæуы фылдæр æмæ ног зонындзинæдтæ райсыны сæр. «Зынаргъ студенттæ, мæн фидарæй уырны сымахæй алкæцы дæр серьезон ахаст кæй дардзæнис йæ ахуыры хъуыддагмæ, цæмæй райсат æмбæлон зонындзинæдтæ. Мæн зæгъын фæнды уый æмæ абон мах кæй цæрæм ахæм æнусы, кæцыйы адæймагæн æнæ зонындзинæдтæй, æнæ ахуырæй размæ акъахдзæф кæнын дæр йæ бон кæй не суыдзæнис. Ныртæккæйы рæстæджы ахуырæн ис егъау нысаниуæг æмæ уæ хорз зонындзинæдты фæрцы та арæзт цæудзæнис нæ паддзахады æмæ æхсæнады рухс фидæн. Абон æппæт дæр цæуы арæзт, цæмæйдæриддæр, сымахæн, зынаргъ студент-тæ, фадат уа ахуыр кæнынæн. Сымахæй аразгæ у Хуссар Ирыстоны фидæн. Сымахæн уæ къухты ис уæхи фидæн æмæ уæ тыхтæ радтут ахуырмæ, цæмæй уæндонæй цæуат размæ», – банысан кодта Бибылты Анатоли. Уый ма æрдзырдта фæстаг бонты нæ республикæйы æрцæугæ цаутыл дæр.

Цытджын бæрæгбонон линейкæйы ма студенттæн арфæ ракодтой университеты ахуыргæнджытæ дæр æмæ уый фæстæ фыццагкурсонтæ хуынд æрцыдысты сæ аудиторитæм. Æвзонг фæсивæд рæсугъд æмæ хъæлдзæгæй багуылф кодтой Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуыргæнæндоны бæстыхаймæ.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.