ФУТБОЛ

Национ футболон къорды 17-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» æнæнхъæлæджы Тольяттийы фембылды бынæттон «Акрон»-æн. Хъазты 12-æм минутыл дзæуджыхъæуккæгты хъазæг Кобесты Давидæн бантыст пурти ныхмæлæууæг командæйы кулдуары бакъуырын. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон алайнæгтæн сæ бон уыд ноджы дыууæ пуртийы бакъуырын. Фæлæ Бутта Магомедов æмæ Ислам Машуковы цæфты фæстæ пурти хызмæ батæхын нæ бауагъта «Акрон»-ы кулдуаргæс. Фембæлды дыккаг æмбисы фысымтæн стандартон уавæрæй бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын. Уый фæстæ дзæуджыхъæуккæгтæ ноджы стырдæр тыхтæй абырстой размæ. Уыд та сын цалдæр хорз гæнæны дыккаг пурти бакъуырынæн. Фæлæ та сæ не спайда кодтой. Иу рæстæджы та алайнæгты размæбырсæджы цæфы фæстæ пурти тахт кулдуармæ,  фæлæ йæ разы фæцис «Акрон»-ы хъахъхъæнæджы къух. Алайнæгтæ бæргæ æнхъæлмæ кастысты пенальтимæ. Фæлæ тæрхонгæнæг уæддæр не снысан кодта 11-метрон цæф. 91-æм минутыл фысымтæн бантыст ногæй «стандарт»-ы фæстæ дыккаг пурти дæр бакъуырын. Афтæмæй сын бантыст 2:1 хыгъдæй рамбулын.

Хъазты фæстæ пресс-конференцийы йæ раныхасы рæстæджы тæрхонгæнæджы архайды тыххæй цæхгæр йе ‘нæразыдзинад равдыста «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак. «Хъазты рæстæджы уыд пенальти, фæлæ йæ тæрхонгæнæг не снысан кодта. 17 хъазты рæстæджы æрмæстдæр иу хатт сæххæст кодтам пенальти. Афтæмæй та-иу фембæлдтыты рæстæджы 70 проценты пурти уыд махмæ», – банысан кодта Гогниты Спартак.

 

БОКС

Дзæуджыхъæуы фæнд кæнынц боксы академи бакæнын. Уый тыххæй фехъусын кодта горæты администрацийы сæргълæууæг  Милдзыхты Вячеслав.

«Бадзырдтам Уæрæсейы боксы федерациимæ. Академийы арæзтадæн хицæн æрцæудзæн 600 милуан сомы. Уый уыдзæн спортивон-æнæнизгæнæн  кластер, афтæ ма улæфæн бынат дæр», – банысан кодта Милдзыхты Вячеслав.

ДЗЮДО

Ирон дзюдоист Тасойты Инал хайад райсдзæн Парижы уагъдцæуæг «Большой шлем»-ы турниры. «Дунеон тур»-ы иннæ этапты ‘хсæн французаг  турнир нымад цæуы иууыл прес-тижондæрыл. Уым хайад фæисынц иууыл фылдæр дзюдоисттæ. Уыдоны нымæцы вæййынц дунейы иууыл зындгонддæр спортсментæ. Ныридæгæн уал ерысты хайад райсыны тыххæй фехъусын кодтой дунейы 48 бæстæйæ 300 атлеты.

Тасойты Инал татамимæ рахиздзæн 17-æм октябры. Уый ерыс кæндзæн +100 кг уæзы категорийы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.